Æрвылаз дæр 7 январы куыд чырыстон диныл хæст æппæт адæмтæ, афтæ нæ республикæйы цæрджытæ дæр банысан кодтой Цыппурсы бон.

Бирæ адæм æрбацыд нæ горæты Сыгъдæг Æртæиуон чырыстон аргъуанмæ.

Бæрæгбоны цытæн ардæм æрбацыд нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ хайад райста Цыппурсы аргъуыды. Бæрæгбонон аргъуыд уагъта фыд Серги.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта чырыстон диныл хæст адæмæн Цыппурсы бæрæгбоны цытæн.

Аргъуыдмæ æрбацæуджыты раз ныхас кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, Цыппурсы рухс бæрæгбон кæй дæтты хъармдзинад æмæ ныфс, зæрдæты кæй йедзаг кæны уарзт æмæ хæрзиуæгæй.

«Нæ тых ис уырнынады æмæ æрмæстдæр, æрбангом уæвгæйæ, махæн нæ бон суыдзæн сабырад æмæ рæзты фæндагыл цæуын», – загъта уый.

Президент бузныг загъта аргъуаны уæгæвæрæг фыд Сергийæн Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты чырыстонадмæ æмæ удварны райдиантæм кæй здахы, уый тыххæй, æмæ аргъуан-мæ æрбацæуджытæн ноджыдæр йæ цæст бауарзта бинонты фæрныгад, фидар æнæниздзинад æмæ Хуыцауы хæрзиуæг.

Цыппурсы боны цытæн аргъуыдтытæ ауагъдæуыд Цхинвалы иннæ аргъуанты дæр. Мадымайрæмы аргъуанмæ дæр æрбацыд бирæ адæм æмæ дзуарджын цыды фæстæ кæд раздæр азты, аргъуанмæ æдзух чи цæуынц, æрмæст уыдон-иу æрбаздæхтысты аргъуанмæ, уæд ныр иууылдæр уыдысты ам, цалынмæ аргъуыд нæ фæцис, уæдмæ.

Аргъуантæм цыд бирæ фæсивæд. Адæм сыгътой цырæгътæ Хуыцау  æмæ Цыппурсы номыл, фæдзæхстой сæхи æмæ се ‘ввахс хиуæтты.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.