Нæ газеты фæстаг номыры ма уын куыд хъусын кодтам, уымæ гæсгæ 17 июны Мы-хуыры хæдзары дунеон пресс-центры ауагъд æрцыдис пресс-конфереци РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджановимæ.

Пресс-конференцийы бацæуæн хайы министр, сæйраджыдæр, æрдзырдта нæ республикæйы медицинæйы иумиаг уавæры æмæ аскъуыддзагкæнинаг фарстаты тыххæй:

– Æз банысан кæндзынæн уый æмæ социалон æмæ æнæниздзинады къабаз алы адæймагмæ дæр хауы, уымæ гæсгæ йæ критикæ дæр фæкæнынц æнцонæй. Алы адæймагмæ дæр афтæ фæкæсы, æмбæлон æмвæзадмæ сæ цæмæй скæной ацы дыууæ къабазы, уый тыххæй æппæт дæр сæ бон у.

Мах дæр æй æмбарæм нæ куысты, ома, нырыккон медицинон системæйы нырма бирæ аскъуыддзагкæнинаг фарстатæ кæй ис. Уæлдайдæр нæ абоны куыст куы абарæм советон дуджы нæм медицинæ цы æмвæзадыл уыд, уыимæ. Ныртæккæ нæм цы республикон рынчындон уæвынад кæны, уый-иу уыцы рæстæджы лæггад кодта куыд нæхи æмбæстæгтæн, афтæ Гуырдзыстоны æввахс районты цæрджытæн дæр. Æгæрыстæмæй-иу къæридорты дæр хуыссыдысты нæ рынчынтæ.

Фæлæ куыд зонæм, афтæмæй нæ царды уæз-зау экономикон уавæртæ бандæвтой нæ æнæ-низдзинады къабазыл дæр. Зæгъæм, нæ рынчындон дæр 1989-2008 азты куыста, куыд хæстон госпитал, афтæ. Уыцы рæстæджы нæ медицинæйы размæцыд æмæ ногдзинæдтыл нæ хъуыды кодтам, фæлæ уæд нæ куысты сæйраг хæс уыд æрмæстдæр тыхст адæймагæн баххуыс кæ-нын. Нæ медицинон персоналы тыххæй та зæгъ-дзынæн уый æмæ тугкалæн хæсты рæстæджы рынчындоны æмæ, гуырæн хæдзары ныккæндты кусгæйæ сæ профессионалон хæс кæй æххæст кодтой цæсгомджынæй æмæ сæ æз дæн райгонд. Уый фæстæ-иу нæ дохтыртæ хуынд æрцыдысты республикæйæн æддейæ уагъд цæуæг пресс-конференцитæм, экстремалон уавæрты кусын куыд хъæуы, ахæм темæтыл мадзæлттæм.

Уæдæ уыцы рæстæджы медицинæйæн размæ къахдзæфтæ кæнын зын уыдис, фæлæ фæцис уыцы уæззау рæстæг, æрлæууыд нæм сабыр дуг æмæ архайæм нæ куысты размæцыдыл.

Нырмæ нын-иу кæд фæрæзтæ нæ фаг кодтой, уæд ныр Уæрæсейы æххуысæй цадæггай нæ къахыл лæууæм. Нæ уавæртæ нæ куыд амонынц, уымæ гæсгæ мах нæ дохтырты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй арвитæм Уæрæсейы хуыздæр клиникæтæм. Зæгъæм, 2013 азы арвыстам дæс адæймаджы, 2014-17 æмæ 2015 азы 31 æмæ ацы азы фондз мæйы та – 14 адæймаджы. Уыдон мæнмæ гæсгæ цъус не сты.

2012 азы медикаментон ифтонгадæн хицæн-гонд цыдис 35 милуан сомы. Уыдон хардзгонд цыдысты рынчындон, поликлиникæтæ æмæ тагъд æххуысы станцы медикаменттæн. Сæ иу чысыл хай та хардз æрцыд онкологон, рæуджыты низ, сæкæрнизæй рынчынты æмæ æндæр ахæм карз низты ныхмæ хостæн. Фæлæ нын уыдон æппындæр нæ фаг кодтой.

2013 азæй та, не ‘ппæт хæрдзтæ банымайгæйæ, слæууыдысты 120 милуан æмæ 400 мин сомы. Ацы финансон фарст дæр нын Уæрæсейы руаджы скъуыддзаг æрцыд. Хатыртæ кæмæн ис, ахæм уæззау низтæй рынчын адæй-мæгты мах цы лæвар хостæй ифтонг кæнæм, уый дисы бафтауы Уæрæсейы æнæниздзинады сфе-рæйы иуæй-иу бæрнон адæймæгты. Уымæн æмæ нын уыдон куыд фæзæгъынц, уымæ гæсгæ Уæрæсейы бирæ регионты нæй ахæм лæггæдтæ рынчынтæн. Фæлæ абон, хъыгагæн, Уæрæсейы ныхмæ ист цæуынц санкцитæ æмæ куыд уынæм, афтæ хосты æргътæ дæр кæнынц бонæй-бон зынаргъдæр.

Ныр та мæ æрдзурын фæнды Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ республикæйы цы медицинон объекттæ арæзт цæуы, уыдоныл. Зæгъдзынæн уый æмæ 2013 азæй фæстæмæ ацы  программæйы руаджы арæзт æрцыдысты нæ республикæйы районты хъæуты 16 фельдшерон-акушерон пункты, кæцыты куыстæй райгонд сты цæрджытæ.

Куыд æй зонæм, уымæ гæсгæ 1992 азы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныппырх Дзауы районон рынчындон. Уæдæй фæстæмæ ивгъуыд азы онг йæ куыст кодта чысыл вагæтты, уый та æвзæрын кодта медперсонал æмæ рынчынтæн дæр зындзинæдтæ. Фæлæ сын Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт æрцыд капиталон рынчындон. Ахæм уавæры уыд горæт Къуайсайы рынчындон дæр, уыдонæн дæр арæзт æрцыдис ног рынчындоны бæстыхай. Ныртæккæ ма нæм арæзт цæуы медицинон центр дæр, сæрмагондæй та уыдзæнис сывæллæтты реабилитацион центр. Зын зæгъæн мын у ацы хъуыды фыццаг кæмæ фæзынд, уый. Фæлæ мах стæм республикæ, гуыры нæм сывæллæттæ, хъыгагæн, уыдоны ‘хсæн вæййы, се ‘нæниздзинад нывыл кæмæн нæ вæййы, ахæмтæ дæр. Уыдонмæ та хъæуы уæлдай хъусдард здахын. Нæ рынчындоны ныртæккæ сывæллæттæн цы æртæ хайады ис, уыдон нырыккон медицинон домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Ацы центры ма уыдзæнис рынчын ноггуырд сывæллæттæн хоскæныны дыккаг этапы хайад дæр.

Ахæм рынчын сывæллæттæ æрвыст цыдысты Гуры рынчындонмæ кæнæ та Цæгат Ирыстонмæ.

Тынг къуындæг уавæрты кусы нæ горæты сывæллæтты поликлиникæ, уый дæр хаст æрцæудзæнис уырдæм. Сывæллæтты медицинон центры ма стыр хъусдард здæхт æрцæудзæ-нис сывæллæтты хирургион хайадмæ, уый дæр уыдзæнис, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм.

Ацы социалон нысаниуæгджын арæзтад эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа ацы азы кæрон. Уæдмæ нæ стыр куыст бакæнын хъæуы медицинон центр, цæмæй кадртæй ифтонг æрцæуа, уый тыххæй.

Ноджыдæр ма нæм арæзт цæуы операцион-хирургион корпус. Уымæн æмæ нæм ныртæккæ цы хирургион хайадтæ ис, уыдон дæр сты хуыздæрхъуаг. Уырдæм рахиздзæнис реанимацион хайад дæр. Афтæ ма дзы æвæрд æрцæудзæнис 5 аппараты гемодеализы хайады. Ацы корпусы ма уыдзæнис, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм исæн хайад дæр.

Ныртæккæ ма нæм арæзт цæуы гуырæн хæдзары бæстыхай дæр. 2017 азы та аразын хъуамæ райдайæм рæуджыты низтæн хосгæнæн рынчындон. Стæй та нæ зæрды ис психикон рынчынтæн кæм хос кæнынц, ахæм рынчындон дæр. Банысан кæнын хъæуы, уый æмæ рауагъдонтæ Уæрæсейы медицинон ахъуыргæнæндæттæм кæй ацæуынц фылдæр кордиологи, стоматологи, неврологи, эндокринологийы æмæ æндæр ахæм дæсныйæдтæ райсынмæ. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ æндæр профессийыл хæст дохтыртæй æййафæм хъуагдзинад, куыд зæгъæм, анестезиологи, сывæллæтты реанимотолог æмæ æндæр ахæмтæй.

Фембæлæм Цæгат Ирыстоны медицинон академийы рауагъдонтимæ, фæлæ уыдонæй дæр махмæ кусынмæ никæйы бафæнды æрцæуын.

Арæх ма фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, каст фестæм медицинон академи æмæ нæ куыстмæ нæ исынц. Фæлæ куы æркæсæм 2012 азæй фæстæмæ, уæд уыцы аз куыстмæ ист æрцыдысты 17 дохтыры, уыдонæй 13 уыдысты æвзонг адæймæгтæ. 2013-14 уыдонæй та 13 уыдысты æвзонг дохтыртæ, 2014-19 дохтыры, æвзæнгтæ  – 16, 2015-24, æвзæнгтæ  – 23, ацы аз та райстам 5 æвзонг дохтыры. Уæдæ 2012 азæй абоны онг иууыл иумæ куыстмæ айстам 79 дохтыры, уыдонæй æвзæнгтæ сты 70 специалисты.

Æдæппæт нæм абон æнæниздзинады къабазы кусы 305 дохтыры, астæуккаг мызд та сын у 14 мин сомæй фылдæр, медицинон хотæ -792, кæстæр медицинон персонал та сты санитартæ, зæгъгæ  – 423. Уæрæсе æмæ нæ республикæйы президенттæ Владимир Путин æмæ Тыбылты Леониды бадзырдмæ гæсгæ та нæ куыстмыздтæ хъуамæ фæфылдæр уой, уæд 2018 азы нæ дохтырты астæуккаг мызд уыдзæнис 30 мин сомы бæрц.Банысан кæнын ма мæ фæнды, нæ адæмы ‘хсæн кæй апарахат ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, нæ горæты поликлиникæ æндæр ранмæ хаст æрцæудзæнис, фæлæ уыцы ныхæстæ сты æнæбындур.

Нæ куысты ма нæ фæнды ахæм къахдзæф саразын, ома, нæ фæнды бакæнын иумиаг диагностикон лабораторийы централон клиникæ. Уый та уымæн æмæ цæмæй нæ районты цæрджыты анализтæ дæттынмæ горæтмæ цæуын ма хъæуа, фæлæ ист цæуой бынаты æмæ æрвыст цæуой иумиаг централон диагностикон лабораторимæ.

Мæнæн ма тынг æхсызгон у уый, æмæ нæ рынчындоны инфекцион хайады куысты уавæртæ абон тынг хорз кæй сты ивгъуыд азтимæ абаргæйæ. Æппæт дæр арæзт у нырыккон домæнтæм гæсгæ.

РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов ма æрдзырдта нæ республикæйы цæуæг диспансеризацийы тыххæй дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2012 азы уагъд-цæуæг диспансеризацимæ абаргæйæ, ныр адæм тынгдæр цæуын райдыдтой дохтыртæм. Диспансеризаци рацæуын та хъæуы æнæмæнгæй, уымæн æмæ бирæ карз низтæ рабæрæг вæййынц райдиан стадийыл.

Ныртæккæ уал диспансеризаци рацыдысты 2748 адæймаджы, уыдонæй 1434 сты сывæллæттæ.

Министр ма йæ раныхасы æрдзырдта, нæ республикæйы фæстаг цалдæр азы гуырынад цы уавæры ис, уый тыххæй, стæй дзуапп радта журналистты фарстатæн.

– Хæсты азты фæстæ нæм онкологион низтæй, зæрдæ æмæ нуæртты низтæй рынчынты нымæц бирæ фылдæр у?

– Онкологийæ рынчынты статистикон зонæнтæ нæм бæлвырдæй æмбырдгонд нæ цыдысты, фæлæ нæм хæсты фæстæ азты бирæ алыгъуызон низтæ фæфылдæр сты.

– Тагъд æххуысы станцы куысты уавæрты тыххæй дæр ма нын радзур…

– Суткæйы дæргъы тагъд æххуысы станцы фæкусы 4 бригадæйы, уыдонæй иу бригадæ вæййы сывæллæттæн.

Ацы медицинон уагдоны нæ тыхсын кæны уый, æмæ нын дзы дохтыртæ кæй нæ фаг кæны. Ис дзы 19 дохтыры штат. Уыдонæн се ‘мбис сты, дыгай бынæтты чи кусынц, ахæмтæ. Тагъд æххуысы станцмæ кусынмæ никæй фæфæнды. Тагъд æххуысы машинæтæ дæр нын нæ фаг кодтой. 2015 азы балхæдтам 5 тагъд æххуысы машинæ, уыдонæй иу лæвæрд æрцыдис Ленингоры районæн, иннæтæ та кусынц нæ горæты тагъд æххуысы станцы.

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ нæ горæты тагъд æххуысы станцы бригадæтæ ма профессионалон лæггад кæнынц горæтмæ æввахс хъæуты цæрджытæн дæр. Куыд ма йæ загътон, уымæ гæсгæ дзы æрмæстдæр цыппар бригадæйы кæй кусы, уый иуæй-иу хатт бандавы сæ куысты рæстæгыл.

– Нæ республикæйы ис, сывæллон кæмæн нæ цæуы, ахæм бинонтæ, уыдон æрвыст æрцæуынц Уæрæсейы зынгæ клиникæтæм. Цы уагæвæрдмæ гæсгæ сæ арвитут, номхыгъды уæм чи лæууынц, уыцы бинонты?

– Хъыгагæн, ахæм бинонтæ нæм тынг бирæ ис – уый у ахсджиаг проблемæ. Фæлæ фыццаг рады æрвыст æрцæуынц, азтæ фылдæр кæуыл цæуы, ахæм æмкъæйттæ. Нæ финансон уавæр нæ куыд амоны, уымæ гæсгæ уал 140 æм-къайæ æрвыст æрцæудзæнис 20 æмкъайы. Уыдонæн дæр финанстæ хицæнгонд æрцыдысты, 2008 азы нын гуманитарон æххуысы хуызы ЭКО-йæн цы æхцайы фæрæзтæ хицæн æрцыдис, уыдонæй.  Кæцыдæр клиникæйы хыгъдыл баззадис æхцайы фæрæзтæ, æмæ нын уыдон генералон прокура-турæйы æххуысæй раздæхтой фæстæмæ. Уыцы финанстæй æрвыст æрцæудзысты ацы æмкъæйттæ.

– Нæ республикæмæ цы медикаменттæ ласт цæуынц, уыдоны гъæд куыд бæрæг цæуы?

– Ацы фарст æрмæст нæ республикæмæ нæ хауы, фæлæ ма иннæ регионтæм дæр. Нæ паддзахадон медицинон уагдæтты ифтонг кæнæм, æрмæстдæр сертификат кæмæн ис, ахæм сæрмагонд лабораторион медикаменттæй. Цæмæй сын сæ гъæд нæхæдæг бæрæг кæнæм, ахæм аппараттæ нын нæй.

Журналистты ма цымыдис кодтой ахæм фарстмæ дæр, куыд республикæйы кæй нæй тугдæттæн донорон центр. Министр куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ уый дæр у ахсджиаг проблемæ, фæлæ ныртæккæ йæ саразынæн фадат нæй.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис телемедицинæйы тыххæй æмæ ма но-джы бирæ æндæр вазыгджын фарстытыл.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.