Ирон адæм цы бæрæгбонтæ нысан кæнынц, уыдонæй сæ иу у Сыгъдæг Уастырджыйы бæрæгбон. Банысан æй кодтой Цхинвалы районы Æрджынарæджы хъæуы дæр. Раздæр нæргæ уыд ацы хъæу, фæлæ ма дзы ныр ис æрмæстдæр æртæ цæрæг хæдзары, иннæтæ ма сæ фыдæлты уæзгуытæ бацагурынц ацы бæрæгбоны.

 Ам цардысты Чиаты мыггаг. Æрджынарæджы раздæр уæвыд ахæм фæтк: бæрæгбон банысан кæныны тыххæй-иу равзæрстой дыгай фысымтæ æмæ-иу уыдон дыууæ дæр хъуамæ акодтаиккой кусæрттæ. Сцæттæ-иу кодтой фынг æмæ-иу уый фæстæ хъæубæстæ сæ кувинæгтимæ ссыдысты дзуары бынмæ, сæхи æмæ-иу сæ хъæбулты, се ‘ввахс адæмы бафæдзæхстой æмæ-иу уый фæстæ æрбадтысты иумиаг фынгыл. Ацы стыр бæрæгбонмæ ма Чиаты мыггагæй дарддæр хуынд цæуынц чызджытæ, сиæхстæ, хæрæфырттæ. Цы кусæрттæ-иу акодтой, фысымтæй дарддæр, уыдоны нымæцы-иу хатт баисты цалдæргæйттæ. Уыд ахæм цау дæр, æмæ хъæумæ иурæстæджы æрцыд ног чындзытæ, фæзынд дзы ноггуырдтæ æмæ ахæм цæрджытæ нывондæн сæхæдæг дæр скодтой кусæрттæ æмæ уыцы аз, Сыгъдæг Уастырджыйы бын кусарт æрцыд 13 роды æмæ 11 та  – фыстæ.

Карз у Сыгъдæг Уастырджыйы дзуар. Сылгоймаг æм нæ цыдис.

Кувынмæ кæдæм цæуынц, уыцы кувæндон рагон у, зæххæнкъуысты рæстæджы тынг рагон кæй у ацы кувæндон, уымæ гæсгæ нæ баурæдтой йæ дурæй амад систæ æмæ ныггæлиртæ сты, уый фæстæ та бынтондæр ныккалдысты йæ систæ. Ацы хъæуы цæрæг Чиаты Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй мидæгæй уыд тынг аив арæзт æмæ-иу кæй фæндыд хъæубæстæй, уыдон-иу бæрæгбоны æхсæвы дæр уым сбон кодтой. Сæ рæстæг-иу арвыстой хъæлдзæгæй.

«Карз дзуар уыдис. Йæ быны æнæгъдау ныхас, уæлдай хъæлæба скæнæн нæ уыд, нæ фæтджыдис йæ бынæй йын хус къæцæл дæр сисын æмæ рахæссын. Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй адæм раздæр æмуддæрæй цардысты. Æххуыс кодтой кæрæдзийæн. Уæд Сакъодахджыны хъæуæй иу лæг мæ фыдмæ рарвыста йæ чысыл фырты, цæмæй йæм фæкастаид хæдзар аразынмæ. Лæппуйæн йæ фæндаг дзуары бынты уыдис хъæумæ. Йæ зæрдæ нæ фæлæууыд æмæ дзуары мысайнаг æхцатæ систа æмæ сæ йæ дзыппы нывæрдта. Лæппу куыддæр хъæумæ бахæццæ, афтæ ахауд æмæ бауадзыг. Фæфæдис кодтой хъæубæстæ, æрцæуынæй кодтой йе ‘муд. Мæ фыд зыдта, кæй лæппу уыдис, уый æмæ йæ акодта йæ хæдзармæ. Лæппу йæ ныййарджытæн басаст, дзуарæй мысайнаг æхцатæ кæй систа, ууыл. Уæд фыс балхæдтой йæ ныййарджытæ, дзуармæ йæ скодтой æмæ дзы хатыртæ ракуырдтой æмæ лæппу сдзæбæх», – загъта Зауыр йæ раныхасы.

Дзуар карз кæй у, уый бафидар кодта Чиаты Махар дæр.  Уый æрымысыд ахæм цау, кæддæр сывæллонæй кæй рахаста æхцатæ æмæ сæ йæ дыууæ бæхæн дзылартæ кæй балхæдта. Æмæ бæхтæн дыууæйæн дæр ацъæл сты сæ къæхтæ. Йæхæдæг та тынг фæрынчын. Уæд ын йæ номыл нывонд фыс æргæвстой æмæ дзы хатыртæ ракуырдтой. «Уый фæстæ мæ къахыл слæууыдтæн æмæ уæдæй фæстæмæ мæ къахалгъæй дæр нал схъæрзыдтæн», – загъта Махар.

Махар ма куыд радзырдта, афтæмæй, уæд ма æлдæртты дуг уыд, æмæ æлдар дзуары фæзуаты, ахæм рæхснæг бæлæстæ куы федта, уæд сфæнд кодта хъæдæрмæг дзы сцæттæ кæнын. Йæ фæсдзæуинты барвыста хъæд калынмæ æмæ йæхæдæг   Æрджынарæджы хъæуы дæллаг сыхы минасыл схæцыд. Фæсдзæуинтæ æрывнæлдтой хъæд калынмæ æмæ сæ фæрæтты къупп-къупп хъæуы куыддæр фехъуыстой, афтæ Махары фыды йæ фыд сырвыста дзуары хъæдмæ, зæгъгæ, базон ма, цы хабар у. Уæд уый йæ берданкæ айста йæ къухы æмæ æлдары фæсдзæуинты тызмæгæй фæрсы:“ Уый цы архайут, гормæттæ, æви дзуары фыдæхæй дæр нал тæрсут?! Уыдон ын загътой, се ‘лдары фæндон кæй у, уый. Уæд хъæумæ ныццыдис æлдармæ, зæгъгæ, дæ адæмæн зæгъ, æмæ ма аразой фыдракæнд. Æлдар бавзыста лæппумæ, бартхъирæн æм кодта марынæй æмæ йæ бæхы рагъмæ сгæпп кодта. Уыцы уысм æрцыд диссаг. Бæх йæ сæр фæзылдта æмæ æлдары къахмæ дæндагæй бавнæлдта, сыскъуыдта йын дзы. Уый йæ къухæй æрцавта æмæ йын фæлæбурдта йæ къухмæ дæр æмæ йын сæ сæууылдта. Гъе, ахæм карз дзуар у Сыгъдæг Уастырджыйы дзуар.

Хъæубæсты цæрджытæ ма куыд дзырдтой, афтæмæй-иу йæ боны хъазты фæзмæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитынмæ æрбацыдысты канд сæхи хъæуы фæсивæд нæ, фæлæ ма уырдæм æввахс хъæуты цæрæг фæсивæд дæр.

Ахæм цаутæ бадардтой сæ зæрдыл Æрджынарæджы цæрджытæ.

Фæсивæд ма ам цайдагъ кодтой, фынгыл хи дарын куыд хъæуы, фынгылбадджытæн лæггад кæнын куыд хъæуы, ахуыр кодтой рæсугъд ирон куывдтытыл.

Ныр кæд зындгонд цауты фæстиуæгæн раихсыдис ацы хъæу дæр, уæддæр æй нæ рох кæнынц, йæ раздæры цæрджытæ, уыдоны байзæттаг, æрцæуынц æм сæ бæрæгбоны æмæ кæрæдзийыл фæцин кæнынц. Иу та сæ кæны Сыгъдæг Уастырджыйы дзуар.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.