Зынтæ чи бавзæрста, дунетæ чи федта æмæ æцæгæлон зæххыл дæллаг галæй чи фæцыд, ахæм адæймаг разы у цыфæнды мæгуырдзинадыл дæр, æрмæст ын райгуырæн зæххыл цæрыны æмæ цæуыны бар уæд. Уымæн искæйы бæрзонд мæсгуытæй æмæ æргъæу галуантæй йæ фыдæлты нæудзармæй æмбæрзт ингæнтæ зынаргъдæр сты. Махæй алчи дæр фыдæлты зæронд уидагыл ног æвзары хуызæн у. “Уидаг мах нæ уадзы хус кæнын, мах та – уидаджы”.

Фыдæлтæ-иу загътой: «Хорз адæймаг йæ адæмæй хæс дары». Ацы ныхæсты ис стыр мидис. Ома, хорз адæймаг цæры йæ адæмы мæт æмæ сагъæстæй. Сæ рисæй йæ зæрдæ, куыд фæзæгъынц, дурæфхæрд кæны, сæ цин та йæ амонды базыртыл бæрзонд сисы.

Нæ адæмы нымæц зынгæ фылдæр кæй нæ кæны, уымæн бирæ аххостæ ис: иуæй ныл мæгуырдзинад фæтых, иннæмæй та ирон къайады æгъдæуттæ æгæр бирæ хæрдзтæ домынц, стæй бирæ сывæллæттæ схæссын дæр æнцон нæу, аннæмæй та нæ царды лæппуйæн бирæ бадын æмæ ныййарджытæн гыццыл цот ракæнын цæмæндæр фæтк систы. Ноггуырд сывæллæтты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Кар адæм æвзонг фæсивæд æмæ сывæллæттæй дзæвгар фæфылдæр сты.

Бæлвырд мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй фæсивæд æрыгонæй бинонты хъуыддаг кæной, ныййарджытæ та фылдæр цот уадзой, уый тыххæй. Нæ республикæйы ахæм химидæг уагæвæрд ныффидар кæнæм, æрыгæтты ус курынмæ, бинойнæгты та цот кæнынмæ разæнгард чи кæна. Зæгъæм, фæфылдæргæнæн ис бирæсывæллонджын бинонтæн паддзахады æххуыс, саразæн ис фадæттæ, цæмæй бирæсывæллонджын ныййарджытæ, сæ профессионалон арæхстдзинад сын нымайгæйæ, сæхи фæндонмæ гæсгæ хуыздæр куыстадон бынæттæм ист цæуой. Рагæй-æрæгмæ дæр Иры бæстæйы ахæм ныййарджытæн стыр кад кодтой, нымад уыдысты. Барæй цот чи нæ кодта, уыдоныл та-иу  сыхæгтæ æмæ хъæубæстæ сæхи атигъ кодтой, зулцæстæй сæм кастысты. Сабитæ сты царды сæйрагдæр циндзинад хæссæг. Иу бинонты бирæ сывæллæттæ куы вæййы, уæд уый та банымайæн ис стыр амондыл. Нæ фыдæлтæм бирæсывæллонджын бинонтæ нымады æмæ кадджын уымæн уыдысты, æмæ сæрбахъуыды рæстæджы ныфсы хос уыдысты сæхицæн дæр æмæ æндæртæн дæр, фæкæсинаг адæймæгтæм се ‘ххуысы къух æнæмæнг фæдаргъ кодтаиккой.

Хуыцау цæрынæн кæйдæриддæр радта, уыдон хъуамæ цæрой. Мах хæс та сын у сæ зын сахат сæ фарсмæ æрбалæууын æмæ сыл аудын.

Нæ фидæн, нæ ныфс сты нæ фæсивæд, нæ кæстæртæ. Уыдонæй аразгæ у, цавæр уыдзæн нæ сомбон, фылдæр уыдонмæ кæсы ирон æвзаг æмæ нæ фыдæлты фæрныг æгъдæуттæ хъахъхъæнын æмæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын. Ӕмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй абон мах уыцы удварнон хæзнатæ дæттын хъæуы нæ кæстæртæм.

Нывыл ницы аразæм, иубононтæ систæм, нæ фидæныл нæ хъуыды кæнæм, нæ кæстæрты хъомыладыл арф хъуыды нал зонæм, куыдфæндыйы зæрдæйы уаг нæ хæры, нæ уæнгты ныббадт. Абон цы ацæрон, уый  – мæхи.

Ирондзинады бирæ фæзилæнтæ ис. Æрæджыдæр ма, нæ фыдæлтæ-иу искæйы æнæфсарм митæ кæнгæ куы федтой, уæд афтæ дзырдтой: «Цы ми кæныс, ирон нæ дæ?». Истæмæй фæтарстæ уæд та: «Цæмæй тæрсыс, дæ ирон ныфс цы фæцис?». Æвзæр дзыхæй сдзырдтай – «Дæ ирон æфсарм цæмæн сафыс?» Дæхи æгъдаумæ гæсгæ нæ дарыс – «Дæ ирон уаг кæм ис?». Фаг хъару нæ равдыстай – «Дæ ирон тых цы фæцис?», дзырд фæсайдтай -«Дæ ирон цæсгом цæмæн бахордтай?». Уазæгæн фаг æгъдау не скодтай – «Ирон цæхх æмæ кæрдзыны кад цæмæн сафыс?». Дæ магусайы тыххæй мæгуырæй цæрыс – «Дæ ирон сæрæндзинад кæм ис?» æмæ афтæ дарддæр. Лæг фæдисы, кæнæ зиумæ нæ цæуы, зæгъгæ, уæд та-иу хъодыйаг бацис. Цыбыр дзырдæй, нæ фыдæлтæ ирондзинад бастой, дунейы æппæт адæмтæм дæр бæрзонд æвæрд чи у, ахæм миниуджытимæ: æгъдау, æфсарм, уаг, ныфс, зонд, хъару, кад, намыс æмæ фæллоимæ. Уыдон иууыл иумæ та ирон фарн хуыдтой, ирон лæгдзинад.

Уæлдай æгаддæр уыдысты тæппуд æмæ магуса, сайын, монц суадзын, æнæгъдау ныхас, расыг кæнын, чъынды уæвын, искæй хъыгдарын, æфхæрд ныббарын, хистæр æмæ кæстæры, сылгоймаг æмæ æнахъом адæймаджы бафхæрын. Бæлвырд мадзæлттæ арæзтой сæрæндзинад равдисынæн, архайдтой, цæмæй ирондзинад фидар кæна. XIX æнусы хъуыстгонд ахуыргонд В. Пфафф фыста, Ирыстоны-иу лæппу-фæсивæды ‘хсæн сæрмагонд хъазæн фæзты ерыстæ арæзтой, зæгъгæ. Æвзæрстой бæхыл бадынмæ, хæцæнгарзимæ, хфъæбысæй хæцынмæ, кæстæриуæг кæнынмæ, аив дзурынмæ, кафынмæ æмæ зарынмæ куыд арæхсынц, уый. Чи фæуæлахиз уыдаид, уымæн стыр кад кодтой. Кæм æмбæлдаид, уым ын кады нуазæн лæвæрдтой. Уæлдай бæрзонд аргъ та кодтой, адæмы сæраппонд хъазуат тохы йæхи сæрæнæй чи равдыстаид, уыдонæн. Сæ номыл-иу кады зарджытæ скодтой, сæ намыс сын дзыхæй-дзыхмæ лæвæрдтой.

Ерыстæ арæзтой иукар чызджыты æхсæн дæр. Чызджытæ та хъуамæ равдыстаиккой хуыйынмæ, хæрдгæхуыд æмæ алдынбыдмæ, хæринаг кæнынмæ, хæдзары куыстытæм, кæстæриуæг кæнынмæ, кафынмæ æмæ фæндырæй цагъдынмæ куыд арæхсынц, уый. Цы чызг фæуæлахиз уыдаид, уымæн-иу йæ кой дардыл айхъуыст, лæппутæ йæ ракурынмæ бæллыдысты, хистæртæ архайдтой, цæмæй сæ мыггаджы чындз бауа, ууыл. Ахæм чызг-иу йæ бирæ курджыты æхсæн сарæзта лæгдзинад равдисыны ерыстæ. Йæхицæн-иу саккаг кодта, ерысты чи фæуæлахиз уыдаид, уый.

Нæ фидæны цардæн фæстæмæ ирон бындур сæвæрын стыр вазыгджын хъуыддаг у. Сног кæнын хъæуы, фыдæлты социалон фæлтæрддзинадæй æмæ культурæйы хæзнадонæй абон нæ дарддæры райрæзты бындурыл цы фæрæзтæ æрæвæрдзыстæм, уыдон, аннæмæй та стыр куыст бакæнын хъæуы, цæмæй нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, уаг æмæ æфсарм ирон лæджы миддунейы ногæй аккаг бынат бацахсой, ууыл.

Хъæуы бахъахъхъæнын æмæ хъус æрдарын нæ фæсивæдмæ. Абон нæ алыварс куы акæсæм, уæд бирæтæй фехъусæн вæййы: «Нæ фæсивæд сæфынц», «Нæ рæзгæ фæлтæр нал бæззынц» кæнæ та дын иу æвзæр-ницæйаг лæппу, йе чызджы дæнцæгæн æрхæсдзысты æмæ иннæты дæр уымæ гæсгæ æвзæртыл афыссынц. Ирыстоны тынг бирæ ис аккаг фæсивæд. Размæ сæ исчи хорз хъуыддаджы фæдыл куы фæцæуы, уæд ын хъуамæ йæ размæ цæлхдуртæ ма æвæрæм. Æвæццæгæн, мæсыг хи дурæй кæй сæтты, уыцы ныхас дæр нæ фыдæлтæ æнæхъуаджы нæ загътой. Нæ кæстæрты фидæныл хъуыдыгæнгæйæ, хъуамæ алы адæймаг дæр тыхса, тырна, цæмæй алы кæстæр дæр æвæдæй ма баззайа, фæлæ йæ амонд ссара, цот рауадза. Рох нæ хъуамæ макæмæй уа, цот кæнын нын Хуыцауæй фæдзæхст кæй у, æмæ алкæмæн дæр æнæмæнг æххæстгæнинаг кæй у. Сывæллон куы нæ уа, уæд нæ уидаг хус кæны, наци та – сæфгæ.

Дриаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.