Уыцы бон, ома æртын азы размæ, Джиуæргуыбайы мæйы æртæ æмæ ссæдзæм бон райдыдта нæ ног, историон фæндаг. Уыцы фæндаг уыцы бон фæци дыууæ дихы, иу фæндаг нæ дзы акодта хæстмæ, иннæ – сæрибармæ. Æмæ нæ дыууæ фæндагыл дæр сæхæдæг бафтыдтой. Не знæгтæ, гуырдзы… Хæст дæр нын сæхæдæг расидтысты, æмæ нæ сæрибардзинадмæ, нæ хæдбардзинад нын банымайыны онг дæр сæхæдæг æркодтой… Нæ нырыккон историйы арфмæ лæмбынæг куы ныккæсæм æмæ уыцы рæстæджы æрцæугæ хабæртты лыстæггай куы равзарæм, уæд афтæ цæуы…

Хорз уыд æмæ йæхи, йæ дарæг, йæ уромæг Советон Цæдисæй ратонынмæ чи бæллыд, уыцы Гуырдзыстоны зондджын æмæ дардмæуынæг политиктæ не ссонт кодтой, æндæра сæ тугæйдзаг дзæмбыты бын баззадаиккам. Нæ амонд уыд æмæ нæм цæгъдынмæ рбафсæрыны бæсты рæвдауынмæ не рбацыдысты, æрдхъирæнты бæсты нæ адджын ныхæсты не стыхтой, нæ областы статус скуынæг кæныны бæсты нын тыхæй республикæйы статус нæ райдыдтой хъарын!.. Хуыцау нæ бахызта уымæй… Ныссулæ-мулæтæ уыдаиккам, æгæрыстæмæй нæ нæ фырзæрдæхæларæй ссæдзæм азы геноцид дæр айрох уыдаид… Æмæ бынысæфт фæуыдаиккам. Йæ хъæвс-хъæвс ма кæмæн цыд, уыцы Цæдис ныппырх уыдаид, бынтон æнæ-мæнузæгъæгæй аззадаиккам æмæ нын уæд нæ республикæйы статусы бæсты нæ бæрзæйтыл ноджы уæззаудæр æфсондз æрывæрдтаиккой… Уыдис сын фадат зондæй сархайынæн, зæрдæхæлар ирон адæмы асайыныл бафæлварынæн.

Уыдон та нæм фæндзай минæй стæры рбацыдысты, цъылынæй нæ тъунелы хуынкъæй асæрфынмæ æрхъавыдысты…

Æмæ нын бамбарын кодтой: нæхи сæ куынæ ратонæм, уæд кæй фесæфдзыстæм. Иугæр æй æргомæй загътой, «Гуырдзыстон æрмæстдæр – гуырдзиæгтæн», уæд ма нын цы мбарын хъуыд, царды тæбæгъ кæцырдæм къул кæны, уый. Æмæ йæ бамбæрстам, мах дæр адæм кæй стæм, махæн дæр кæй ис сæрибары фæндагыл ныллæуыны бар.

Уымæй дæр ма се рдхъирæнтæ знаджы хуызæн знагы æрдхъирæнтæ куы уыдаиккой, уæддæр ма цы нæ вæййы, фæлæ… Сæ чъизи, сæ цъыфкалæнтæй нын тынгдæр бамбарын кодтой, афон нын кæй у нæхи сæ æнустæм ссæрибар кæнынæн. Ноджы ма ныл гадзрахатæй рацыд, мах уæддæр æмæ уæддæр гадзрахатæй рацæуынмæ кæуыл нæ хъавыдыстæм, нæ уыцы иумиаг райгуырæн бæстæ Советон Цæдис дæр. Централон хицауады сæрбостæ æдзæсгомæй сайдтой адæмы, гуырдзыйы уыцы хæстон стæры кодтой оппозицийы аххос, цыма нæ зыдтой, сæ разæй сæхи урæд лæг, сæ партион лидер Гиви Гумбаридзе йæхæдæг кæй цыд. Æцæг æй баййæфта ирон æмбисонд: галæй æрбацыд æмæ хъугæй ацыд. Гуырдзыстоны уæды сæрбос ахæм æнæхъару кæй разынд, уыцы бон йæ бон кæй нæ бацис мах нæ зонгуытыл æрлæууын кæнын, уый тыххæй ма йыл гуырдзы «Кетино» ном дæр авæрдтой.

Уæддæр ыл нæ састысты, хæцынмæ, цæгъдынмæ нæм кæй æрбацыдысты уыцы бон… Сæхæдæг дæр æмæ цæдисон хицауад дæр. Хуыдтой йæ сабырадон балц, ома се рбацыды сæр уыд митинг ауадзын æмæ ирон адæмимæ зæрдæйæ зæрдæмæ аныхас кæнын. Гæрзифтонг кæй уыдысты æмæ сæ фæстæ дæсгай «Тагъд æххуысы» машинæтæ кæй цыд, æппæт уыдæттæ та æндæр цæуылдæр дзурæг уыдысты. Æмæ нæ бахъуыд нæ цард, нæ сæрибары сæрвæлтау стох кæныны сæр. Фыццаг хатт нæ историйы – нæхи цард æмæ сæрибары сæрыл!.. Уыцы бон цы тохы фæндаг равзæрстам, уыцы тох уыдис нæ дæр гуырдзыйы сæрыл персæгты ныхмæ, нæдæр уырысы сæрыл туркæгты ныхмæ, нæдæр Советон Цæдисы сæрыл немыцæгты ныхмæ. Нæ тохы нысан уыд æрмæстдæр нæхи фервæзын кæнын.

Æмæ, басæттæм ыл, уæды хуызæн æмуд æмæ æмвæнд никуыма уыдыстæм нæ рагисторийæ уыцы боны онг. Уыдис иугæйттæ, кæцытæ нын обкомы бæрзонд уæладзгуытæй æрхизгæйæ дзырдтой:

«Ой, æрбауадзæм сæ, хæргæ нæ нæ бакæндзысты. Амитинг кæндзысты æмæ фæстæмæ аздæхдзысты».

Афтæ нæ уыдис? Афтæ уыдис, стыр хъыгагæн… Диссаг уый у, ахæм ныхæстæ нын чи дзырдта, уыдон афтæ æнæмбаргæ уыдысты æмæ йæ не мбæрстой, се рбауадзын стыр тугкалд кæй нысан кодта?.. Куыднæ йæ хъуамæ æмбæрстаиккой… Æмæ йæ кæд æмбæрстой, уæд уый нысан кæны: æлхæд уыдысты, сæ адæмыл гадзрахатæй рацыдысты… Уымæй диссагдæр та уый у, уыдонæй чидæртæ фæстæдæр иу бæрзонд бынатæй иннæмæ кæй хызтысты. Куы йæ бамбæрстой, æппын-фæстаг Стыр Уæрæсе не нцой балæу-уыд, æмæ нæ удтæ цы фыдыбæстæйы сæрвæлтау рауæлдай кодтам, уый афтæ æнцæнттæй нал аирвæздзæн гуырдзыйы хъуыры, уæд сæ бауырныдта, æцæгæй нын кæй ис республикæ.

Уыдоны сæрысуангæй дæр зыдтам æмæ зонæм, абон ма чи сдзуры гуырдзыйы сæрыл, æмæ нæ цæсты чи æфтауы, тæссаг уыдон сты…

Абон стыр бон нысан кæнæм. Нысан æй кæнæм цæссыгæвдылд цинимæ. Нæй æнæкæугæ, нæ абоны сæрибары сæрвæлтау йæ цард чи рæуæлдай кодта æмæ 26 август чи нал æрыййæфта, уыдоныл. Фæлæ уыцы судзгæ цæссыгтæй хъуамæ гуыра фарны цин – къæмдзæстыгæй, фæлæ сæрыстырæй, рæсугъдæй. Уымæн æмæ уыцы тох æнæхъуаджы нæ уыд, сæ тугкалд æнæхъуаджы нæ фæцис Ирыстоны хуыздæр хъæбултæн. Уæд куы фæтыхстаиккам, уæд куы фæтарстаиккам, уæд нæ цæриккам абон. Уæд, абоны сæрвæлтау чи бабын, уыдоны фæстагæттæн нæ уыдаид фыдыбæстæ.

Æмæ нын абоны стырнысаниуæгджын бон хъуамæ зондамонæг, фæндагамонæг уа æнустæм: æртын азы размæ куыд æмуд æмæ æмзæрдæ уыдыстæм нæ фыдыбæстæйы хъысмæтмæ ахасты, афтæ куынæ уæм алыхатт дæр, уæд уæлахиз никуыуал бафтдзæн нæ къухы, уæд фесафдзыстæм, цы нын уа, уый дæр. Стыр бынæттыл, стыр æфтиæгты сæрвæлтау йе мтуг йе мыстæг адæмы знаджы цæсты чи æфтауы, ахæмтæ хъуамæ æмбарой, Ирыстон туг æмæ цæс-сыгæй æлхæд у æмæ йæ хиуды пайдайæн знаджы цæсты чи æфтауа, уыдонæн æй Хуыцау дæр нæ ныббардзæн!..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.