Æрвылаз дæр 30 август нысан цæуы Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты дунеон бонæй. Хуссар Ирыстонæн дæр ацы бон сæрмагонд бон у, уымæн æмæ хæстон уæззау рæстæджыты 1989-2008 азты æбæрæг сæфт фес-ты нæ æмбæстæгтæй бирæтæ. Уыдон хъысмæт сбæрæг кæныныл егъау куыст цæуы алы фæзуаттыл, фæлæ уадиссаг фæстиуджытæ нырма къухты нæ бафтыд. Нæ чысыл Ирыстонæй ныртæккæ дæр æбæрæг сæфт æмбæстæгтыл нымад цæуынц сæдæ адæймагæй фылдæр.

Ацы боны цытæн нæ горæты Æгъуызаты Иуанейы номыл скверы сæ номыл цырты раз уагъд æрцыд мысæн мадзал, цыран ма уыцы бон æвæрд æрцыд, сусæг информаци æмбырд кæныны нысанæн асыкк. Уымæй размæ республикæйы алы районы дæр æвæрд æрцыд ахæм асыччытæ æмбæлон информациимæ.

Хуссар Ирыстонæй æбæрæг сæфт æмбæстæгты номыл мысæн мадзал сорганизаци кодта Сырх Дзуары Дунеон комитет Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл æхсæнадон организаци «Память и надежда»-имæ иумæ. Хайад дзы райстой республикæйы бæрнон кусджытæ, бæстæйы къухдариуæггæнæг Гаглойты Аланы сæргълæудæй æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонтæ.

Сырх Дзуары комитеты æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл хайады кусæг Тедеты Маринæ мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта комитет цы куыст кæны ацы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл æмæ цахæм æххуыс цæуы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты ссарыныл. Ныфс бавæрдта, нейтралон фæзуаттыл кæрæдзийæн информаци дæттынæй къухы бафтдзæн исты бæрæггæнæнтæ, кæцыты руаджы чизоны æмæ бинонтæ цавæрдæр дзуапп райсой.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл æхсæнадон организаци «Память и надежда»-йы сæрдар Куыдзеты Лидæйы ныхæстæм гæсгæ Хуссар Ирыстонæй цы æмбæстæгтæ фесæфт æбæрæгæй, уыдон фæдыл информаци зонынц Гуырдзыстоны. Æмæ йæ ныфс ис, Сырх Дзуары Дунеон комитеты хъарутæй сæ къухты бафтдзæн нæ хуссайраг сыхæгтæй бæрæг информаци райсын.

«Æрвылбон мах æнхъæлмæ кæсæм нæ æввахс хиуæттæм, нæ сæтты нæ ныфс. Уымæн æмæ хæрз æрæджы дæр ссардтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фесæфт, ахæмты. Уымæ гæсгæ нæ ноджыдæр ныфс ис, æмæ мах дæр ссæрдзыстæм нæ хиуæтты æмæ сæ æгъдаумæ гæсгæ сæ райгуырæн зæххыл бавæрдзыстæм», – банысан кодта уый.

Бузныг загъта Сырх Дзуары комитеты минæварадæн сæ æгæрон æххуысы фæдыл, бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæ бæстон кæныны сæ фарсмæ кæй сты.

Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан бузныг загъта Сырх Дзуары дунеон комитеты минæварадæн ацы здæхты цы куыст кæнынц, уый тыххæй æмæ Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты бинонты фæдыл æхсæнадон организацийы фарсмæ кæй сты æдзух. Уымæн æмæ абоны онг бирæ бинонтæ ис, Ирыстонæн трагикон бонты сæ æввахс хиуæтты чи фесæфта.

«Бирæ бинонтæ æнхъæлмæ кæсынц æмæ дарддæр агу-рынц сæ хиуæтты.  Уыдон сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, агурынц дæргъвæтин рæстæджы, бæрæг фæстиуджытæ ис, фæлæ уæддæр уый уæззау куыст у», – банысан кодта президент.

Сырх Дзуары Дунеон комитет цы асыччытæ æвæры республикæйы алы районты сусæг информаци æмбырд кæныны нысанæн, уымæн, зæгъгæ, æввахс рæстæджы уыдзæн фæстиуджытæ.

Гаглойты Алан банысан кодта, нæ сыхаг паддзахадæн кæй нæй фæндондзинад ацы фарсты фæдыл æмархайд кæнынæн. Уымæ гæсгæ хъæуы бакусын æндæр механизмтыл, цæмæй фылдæр фадæттæ уа хъæуæг информаци райсынæн.

«Ныридæгæн бæрæг у, Донбассы чи хъахъхъæны, уыцы бархионтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны хсæн кæй ис ирæттæ дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады рдыгæй арæзт цæудзæн æппæтдæр, цæмæй ссарой фылдæр адæм æмæ сæ сæ хæдзæрттыл сæмбæлын кæной», – банысан кодта президент.

Бузныг загъта æхсæнадон организацийы сæргълæууæг Куыдзеты Лидæйæн, стыр хъусдард кæй здахы, кæй æнгом кæны ацы бинонты æмæ йæ фадæттæм гæсгæ сæ фарсмæ кæй лæууы, уый тыххæй.

Постконфликтон фарстатæ бæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Коцты Егор банысан кодта, Гуырдзыстон абоны онг дæр кæй нæ æргом кæны Хуссар Ирыстонæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон фæдыл информаци. Сæйраджыдæр, 2008 азы æбæрæгæй цы æртæ – Хуыгаты, Плиты æмæ Хацырты лæппутæ фесæфт, уыдон тыххæй.

«Бæрæг у, ацы æртæ лæппуйы кæй фесæфтысты Гуырдзыстоны территорийыл, уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты минæвæртты къухты æмæ уый фæстæ фесæфт сæ фæд. Уымæ гæсгæ æз сидын Сырх Дзуары Дунеон комитетмæ – ацы здæхты гуырдзиаг фарсæй хъæуы æрдомын, цæмæй æрбавдисой, цы информаци сæм ис æмæ кæй æмбæхсынц, уый», – фехъусын кодта уый.

Коцты Егор куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл куыст никуы æрлæууыд. Ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы сæ къухы кæй бафтдзæн æбæрæг сæфт чи сты, уыдон хъысмæт рабæрæг кæнынæн исты бæрæггæнæнтæ.

Сырх Дзуары Дунеон комитеты миссийы сæргълæууæг Драгослав Блажевичы ныхæстæм гæсгæ йæ æввахс хионы чи фесæфта, уыцы бинонтæй алчидæр хъуамæ зона сæ хиуæтты хъысмæт. Ахсджиаг у, ацы фарстыл чи кусы æмæ архайы, уыдон архайд. Сырх Дзуары дунеон комитеты архайд комкоммæ баст у ацы адæмы хъысмæт рабæрæг кæнын æмæ уыдон бинонты фарс балæууынимæ.

«Сырх Дзуары комитет, Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты фæдыл æхсæнадон организаци «Память и надежда», Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æмæ 2010 азы цы координацион механизм сырæзт, уый хайадисджытимæ æмгуыст кæнгæйæ аразæм æппæтдæр, цæмæй баххуыс кæнæм, æбæрæгæй сæфт чи у, уыдон бинонтæн исты информаци райсын æмæ сæ хъысмæт рабæрæг кæнынæн», – банысан кодта уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ уыцы процессæн хъæуы дæргъвæтин рæстæг.

Æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты номыл цырты раз чысыл фонтанæй цæуы æнæрлæугæ дон – уый дæр у ныфсы суадон æмæ дзы чи нуаза, уый æнæмæнгдæр кувдзæн, цæмæй, кæдæй уæдмæ нæ бæстæйы æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы æмбæстæгтæй исты бæрæг базонæм.

Адæймаг ныфсытæй цæры, æмæ нæ ныфс ис мах дæр, кæд бирæты фесæфтæй рæстæг рацыд, уæддæр æмæ уæддæр – чи сæрæгасæй, чи куыдæй – йæ хъысмæт рабæрæг уа.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.