Хуссарирыстойнаг æрыгон спортсменкæтæ Дудайты Доннæ æмæ Гаглойты Дианæ, кæцытæ архайынц кеокусин-кан каратэйæ, конд æрцыдысты 2018 азы Уæрæсейы æвзæнгты командæйы иумиаг скондмæ.

«Уый тынг æхсызгон хабар у. Уый тыххæй мæнæн ацы бонты фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы кеокусин-кан каратэйы федерацийы нымæрдар. Ныр ацы дыууæ спортсменкæйæн сæ фæндæгтæ гом сты дунеон спортивон аренæмæ», – загъта чызджыты тренер Созайты Владимир.

Тренер куыд зæгъы, афтæмæй дыууæ чызджы сæ спортивон царды бахызтысты ног этапмæ. Уыдон хъæудзæнис удуæлдай тренировкæтæ, цæмæй сæ бæстæйы кад хъахъхъæнын фæразой. «Мæхæдæг дæр архайдзынæн, цæмæй уыцы нысан нæ къухты æфта», – загъта уый.

Тренер ма банысан кодта, Уæрæсейы Самарайы горæты ноябры мæйы, юниорты ‘хсæн цы ерыстæ уагъд цыдысты, уым Дудайты Доннæ æмæ Гаглойты Дианæ архайдтой 13 азы кары къорды. Æдæппæт ерысты хайад истой  480 адæймаджы Уæрæсейы 20 регионæй. Уæдмæ та æвзонг спортсменкæтæ хайад райстой Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг турнир «Сабыр Кавказ»-ы, Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Федералон зылды ерысты æмæ сæ алкæ-цыйæ дæр Доннæ рахызт уæлахиздзауæй, Дианæ та бацахста дыккаг бынæттæ.

Тренер ма загъта, фæстаг ерысты æвзонг спортсменкæтыл сæ цæст кæй æрæвæрдтой ацы фадыджы дæснытæ.

Финалы Дудайты Доннæ фембæлд липецкаг спортсменкæимæ, кæцы уыд дунейы чемпионкæ, фæлæ йыл Доннæ фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр. Гаглойты Дианæ та тох кодта æртыккаг бынатыл, рамбылдта æмæ ссис бронзæйы призер.

Ныртæккæ чызджытæ сæхи цæттæ кæнынц, 2018 азы февралы мæйы Краснодары цы Æппæтуæрæсейон ерыстæ цæудзæнис «Кубок Кубани», зæгъгæ, уымæ.

Нæ уацх.

 

САМБО

Хуссарирыстойнаг самбист Тедеты Гæмæт ссис Дзæуджыхъæуы гом чемпионаты бронзæйон призер. Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгæнинаг архайдта 65 кг уæзы категорийы. Ерысты хайад райстой Стъараполы крайы, Цæцæны, Мæхъæлы, Кæсæг-Балхъары æмæ Цæгат Ирыстоны спортсментæ. Йæ тренертæ сты Хъоцыты Тамерлан æмæ Беджызаты Гия.

«Нæ хъомылгæнинаджы архайдæй баззадыстæм тынг райгондæй. Уæлдайдæр та финалы 1/4 хайы тохы. Уым йæ ныхмæлæууæг уыд Волгограды минæвар, кæцы уыд æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпион æмæ ныр та йæхи цæттæ кæны дунейы чемпионатмæ. Гæмæт æй рамбылдта, фæлæ радон тохы фембылд», – загъта Хъоцыты Тамерлан.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.