Ивгъуыд аз зæрдæрисимæ йæ сæдæ азы цы геноцидæн банысан кодтам, уыцы геноциды тыххæй нæ дзуринæгтæ хъуамæ макуы фæуой, сæдæ азы нæ, мин азы куы рацæуа, уæддæр. Хуссайраг ирæтты гуырдзы сæ фыдæлты зæххытæй куыд сырдтой, уыцы æбуалгъ хабæрттæ йæхиуыл чи бавзæрста, уыдонæй абон сæрæгас ничиуал ис, сæ мысинæгты ныффыссыныл та йæхи уадиссаг ничи батыхсын кодта. Нæ уæды бæрнон лæгтæ, ацы хъуыддаг кæмæ хауд, уыдоны нæ истори фыссынæй «деда калакы» зæрдæ алхæнын тынгдæр æндæвта.  Фæлæ уæддæр кæмдæрты, кæмæдæрты баззадысты уыцы уæззау мысинæгтæ.  Æмæ уыцы мысинæгтæ, куыдфæнды кадавар ма уой, уæддæр хъуамæ суой нæ тугхъулон историйы ахсджиаг хай.

Козаты Пъалус: «Гуырдзы сармадзантæй хъæутæ æхсын байдыдтой. Сæ гвардиа хъæутыл æндзæрстой. Райсомæй нæ фос ратардтам. Алчи хъæдмæ хор, хуыссæнгарз хæссы, æмбæхсы сæ. Нæ фæндаг –  Зикъарайыл. Æнусон цъити дзы. Йæ сæрты хъуамæ ахизæм. Бæстæ тæригъæдæй скъуыди. Стурæн йæ сыкъатыл бæндæн бафтау. Къаххидыл лæуу. Стуры доны баппар æмæ-иу иинæрдыгæй схауди. Фæсте – топпы гæрæхтæ. Сылгоймæгтæ æрдиаг кæнынц: «Æрæййафдзысты нæ!» Къаххидæн иунæг амад хъæд. Бынмæ ныккæс æмæ сæр разилы. Мад æмæ дыууæ сывæллон. Иу дзы йæ дæлармы, иннæмæн хæцы йæ къухыл. Ныххаудысты æртæйæ дæр, фесæфтысты. Чеселты дон – йæ ивылдæй, уыцы афон дзы бæхджын дæр нæ хизы. Фесæфтысты адæм… Æндæр фахсыл цыдысты. Хидыл сæ бон нал цыди. Галтыл хуыссæнтæ сæвæр, бæндæнæй сæ сæлвас. Зæйыл бæхизын хъуыди. Æхсæв чи бахызт, уыдон аирвæзтысты. Боны зæй стæфст æмæ адæмæй, фосæй бæрзондæй донмæ ныккалдысты. Чи кæмæн уыди æххуысгæнæг. Фосы бирæгъ куыд тæра, афтæ нæ тардтой гвардиа. Нæ мæ рох кæнынц абон дæр уыцы мад æмæ дыууæ сывæллоны. Бæрзонд хъæбатыр ус уыди. Иутæ Зикъарайыл рахызтысты, иннæтæ – Тхелгомыл. Тхелы хъæуы Тыджытæ цардысты. Гвардиа хъæуыл арт бандзæрстой. Зæронд лæг Лекса кæуы. Фæрсынц æй:

– Цæуыл кæуыс?

– Æфсадæй ам цæуылнæ исчи ис? – фæрсы зæронд лæг.

Уæртæ Хъолайы мæсыджы хъайтар лæгтæ Косты Бег æмæ Къæбысты Акайы æрымысыди. –  Уыдон Рыныкъæфы æфсады ныхмæ куы æрлæууыдысты.

Лекса топп ахаста æмæ гуырдзыйæ фондз амардта. Фондз худы æрбахаста. Йæ хæдзары сыгъды маст райста. Мæ фыдмæ худтæ равдыста, загъта:

– Ныр мæ маст райстон. Нал кæуын. Мæ хорз хæдзарыл дын куынæ кæуын.

Сæрддæргъы Чеселтгомы фестæм. Бæстæ æрсабыр. Загътам: «Бæлсæвиктæ нæм æрцæуынц æмæ ма кæдæм цæуæм». Мæй æмæ æрдæг дзы фестæм. Иу бон чидæр ныхъхъæр кодта:

– Æрбацæуынц гвардиа!

Фос нæм – бирæ. Мæ фыды æфсымæр æмæ ме ‘фсымæр хызтой лыстæг фос. Æз разæй скъæрдтон стурвос. Майрæмы дзуары бын мæ æрбаййæфтой. Æхсæрдæс галы мæм уыди. Хуссарырдæм сæ тæрын. Бурнымæтджынтæ сæ размæ фесты хъæлæбагæнгæ. Сæ иу хъæрæй дзуры:

– Саса, саса! Моди ака, беури саканели. Арис ака. Нуге синиат!

Ардæм, дам, рацæут. Бирæ фос, дам, ис ам. Тæрсгæ ма кæнут! Хохы цъуппыл уыдыстæм. Мигъы къуымбил æрбакалд. Амбæхста нæ. Фосы мæт ма чи кæны. Фугæджыны амбæхстæн. Сæрдæй, зымæгæй цъæхæй лæууы. Гвардиа фаллаг фарсмæ адæмы æхстой. Дыууæ лæджы дзы амардтой. Устытæй дæр фæмард. Зæрæдтыл дæр нæ ауæрстой. Фос атардтой. Нæ бинонтæ бынæй хъæдмæ баирвæзтысты. Фосы цæуæт Чеселты хъæуы баззадысты. Нæ хъуг раирвæзт, йæ родмæ æрцыди. Фынддæс километры фæцыд. Уый фæстæ уымæй ныффос кодтам».

Козаты Оля, зынгæ революционер Козаты Раздены æфсымæры чызг, Нартыхты чындз: «Гуырдзиаг лæбурджытæ Саджилзазы хъæумæ нæма фæзындысты, афтæ алыгъдыстæм, нæзы хъæдмæ баирвæзтыстæм. Аууæттæй кастыстæм, хæдзæрттыл арт куыд æфтыдтой, уымæ. Нæ хæдзар хъæдæлхынцъ уыди æмæ ма дзы фæнык баззад. Нæ фыдмæ – хорз бæх. Йæ цæст æй ныууадзын нæ бауарзта. Хъæуæй рараст, афтæ йæ æхсын байдыдтой лæбурджытæ. Аирвæз-ти…».

Уынгæджы заман разыны, йæ уд аирвæза, æндæр тæригъæд ракæныныл дæр чи нæ бацауæрды, ахæмтæ дæр. Сæ фос чи бамбæхста, уыдоны чидæртæ нымыгътой. Амыдтой меньшевикты хицауады ныхмæ тохгæнджыты хæдзæрттæ æмæ сыл лæбурджытæ арт æндзæрстой. Нартыхты Сосойы хæдзар амонæг дæр сын фæци. Хъæздыгдæр чи цард, уыдон сæхи æлхæдтой, афтæ дзырдтой: «Сосойы хуызæттæ куынæ уыдаиккой, уæд нæм Гуырдзы не ‘рбабырстаиккой».

Гæджиты Ерастъо: «Гуырдзыйæн æххуыс кодта Англисы паддзахад хæцæнгарзæй. Турк æмæ сæ Иранæй хæхты сæрты хæргæфстыл хастой. Гуырдзиаг гвар-дионтыл уыди бурнымæт пъалтотæ, се ‘фсадæн кодтой нартхоры кæрдзын».

Челдыты Беса: «Лæбуджыты ныхмæ чи фæлæууыдаид, ахæм æфсад нæм нæ уыди. Уыди нæм ополченцтæ. Сæ сæргъы æрлæууыд Хуыгаты Симон. Уый размæ паддзахы службæйæ æрцыди».

Къуыдаргомы бархионтæн дыууадæс æвзонг лæппуйы хастой хæцæнгæрзтæ, сæ иу Беса йæхæдæг. Дзæкъулты хастой хæринаг. Гилдзыты-иу хæринæгты бын фæкодтой. Хæцæнгæрзты скълад уыди Къуыдары хъæуты хицæуттæй иумæ. Хуыгаты Симон фесæфт Бесайы цæстыты раз. Бынатмæ куыд бахæццæ сты, афтæ Симон бархионтыл хæцæнгæрзтæ байуæрста æмæ къæдзæхы тигъæй бынмæ ныккасти. Бынæй йæ суыдтой, сæхстой йæ æмæ нæмыг йæ хурхыл сæмбæлд. Сыбыртт дæр нал скодта.

Гæджиты Къоста Стырмæсыгæй: «Хъæу сармадзантæй æхсын байдыдтой, æмæ бæстæ фæдис сси. Галтæ дзоныгъты ифтыгътой. Куыфтæ дзоныгътæм скъæфтой. Æхсызгондæр сæ цы хъуыди, уыдон куыфты æвæрдтой. Æмæ æфцæджы ‘рдæм атындзыдтой. Рынчынты хастой сынтытыл.

Удаист адæм дзуарыхъæды рæзты цæугæйæ сæхи дзуарыл фæдзæхстой. Ам сæ æрбаййæфта Наниты Къоста. Пулемет æм уыди æмæ сын загъта:

– Тæрсгæ ма кæнут. Лидзут. Æз сæ ауылты не ‘рбауадздзынæн! – æмæ æд пулемет дзуарыхъæды фæмидæг».

Хуыгаты Зауырбег: «Къуыдаргомы уыди æрмæст иунæг пулемет. Хæст цыди æфцгуытыл. Санахъоты Мате Цæгат Ирыстоны бархионты къорд скодта. Сæ командиртæ уыдысты Зассеты Пъауле æмæ Æлборты Къйазо. Гуырдзы иу бон сармадзанæй Часавалы æртæ æхсты æрбакодтой. Дыккаг бон сыл нæмгуытæ ныккалдтой. Адæм лыгъдысты, æмæ сæ гуырдзы мысанæн агуырдтой. Сæ пулеметтæ-иу куы кæцæй радардтой, куы – кæцæй. Хъæуы смидæг сты гуырдзы. Басыгътой Хуыгаты Доментийы хæдзар дæр. Цæрджытæй хъæуы чи баззад, уыдоны ахстой».

Зассеты Минаго райгуырди Часавалы. Службæ кодта паддзахы æфсады. Паддзахы службæйæ чи æрыз-дæхт, уыдоны Гуырдзы се ‘фсадмæ кодтой. Минаго дзырдта: «Загътам сын: нæ уæм цæуæм!» Уæдæ, дам, нæ зæххыл цæрут æмæ уын ам уадзæн нал ис. Мах – чы-сыл, уыдон кæуылты уыдысты æмæ нæ расырдтой. Нæ фронт уыди Цъедисы æфцæгыл. Гуырдзыйы æфсæдтæ нæм ссыдысты Цъедисыл æмæ Къозыл. Сармадзантæй нæ æхсын райдыдтой. Мамысоныл ралыгъдыстæм».

Абайты Уасо, сыбайаг: «Нæ бафидыдтой Ир æмæ Гуырдзы. Гуырдзы Азырбеджанимæ хæцыдысты. Уыдонимæ уал бафидыдтой æмæ махырдæм фесты. Махмæ цы уыди. Хæдзари-хæдзар хъæбæр кæрдзынтæ æмбырд кодтам. Дзукъаты Къоста ссæдз кæрдзыны радта. Фыстой сæ. Хастам сæ скъладмæ. Дзидзайы мур, хæрынæн цы бæззыд, уыдон æмбырд кодтам. Гъо, уый размæйы 18-æм азы хабæрттæ. Калачы гилдзытæ æлхæдтам. Иу лæгæй базары фондз абоймæйы балхæдтон. Абоймæ мæ къухы. Агент мæм фæстæты æрбацыд. Æмæ мæ ацахста. Фæрсы мæ:

– Чи дæ?

– Мæгуыр, тыхст лæг дæн.

– Мæгуыр лæджы уый цæмæн хъæуы? – амоны абоймæмæ. Махмæ ирон топпытæ уыди, уæддæр загътон:

– Цуан фæкæнæм, сырды фыдæй цæрæм. Мæй мæ фæдардтой сæхимæ.

Мидхæсты рæстæг мæ Дзадтиаты Алыксандр Мызуры бынмæ арвыста. Сусæг гæххæтт уырдæм ахæссын хъуыд. Гæххæтт мæ дзабыры бын бакодтон. Рукъæй араст дæн, æфцæгыл ныххызтæн. Иу бонмæ ныххæццæ дæн. Уым дæр та мæм сусæг гæххæтт радтой. Ныффæдзæхстой мын: «Бахъахъхъæн æй, науæд дæхи дæр фесафдзынæ æмæ мах дæр». Фæстæмæ та æфцæгыл æрхызтæн. Гæххæтты цы фыст уыди, абон дæр æй нæ зонын.

Гуырдзы арт æфтыдтой. Сыбайы Саулохты хæдзарыл бандзæрстой. Зæронд ус дзы басыгъд. Адæм фæлыгъдысты. Гуырдзыйы хистæр Джугъели дзырдта: «Дæ сæндоны сындз куы æрзайа, уæд æй æд уидæгтæ ласын хъæуы. Гуырдзыимæ баст чи уыд, уыдоны дæр амардтой. Згъудеры сæ ныццагътой. Сыбайы æфцæгыл ралыгъдыстæм. Урстуалтæ Хъæдласæныл Тырсымæ лыгъдысты. Уыдон махырдæм ластой суг æмæ Хъæдласæн хуынди. Къуыдар бабын сты. Уæрдонмæ-иу сæ багæрах кодтой».

Наниты Тъатъус: «Мæ мад æмæ мæ фыд базæронд сты æмæ катæйтты хай фæдæн. Гвардиа куы æрба-цæйхæццæ кодтой, уæд мæ иннæ бинонты æфцæгæй цæгатырдæм фæкодтон. Зæрæдтæм зæрдæ æхсайдта æмæ фæстæмæ аздæхтæн. Сæ къухтæм бахаудыстæм. Ратъæппытæ нæ кодтой. Мæ цырыхъхъы хъусы – мæ кард æмбæхст. Сгæрстой мæ æмæ йæ ссардтой. Нæ цæнгтæ нын кæрæдзимæ бабастой. Æз ме ‘мбæлттæн афтæ:

– Лидзын. Уæддæр нæ мардзысты.

Джоджорайы дон ивылд уыди. Цъала иууылдæр – дон. Хид аласта. Лæгхид дзы бавæрдтой. Дыууæйæ нæ æрбахизын кодтой. Топпытæ нæм дарынц. Нытталынг. Æз ме ‘мбалæн: «Лидзæм».

Нæхи донмæ ныппæрстам. Æз аирвæзтæн. Ме ‘мбæлттæн ницыуал базыдтон. Æфцæгыл фос ныдздзæгъæлтæ сты. Иу сау рæуæд нæ размæ фæци хъæды. Аргæвстам æй. Цъититдоны йæ бавæрдтам. Алчи дзы хæйттæ ракодта. Мæ мадыфсымæры лæппу фæсте баззад. Уымæ атындзыдтон. Дон-дон цæуын. Бæхджынтæ мæ æрбацæййæфтой. Мæ басылыхъы – фыдызгъæлтæ. Акалдтон сæ. Лидзын. Фæлдæхт сисмæ бахæццæ дæн. Фехстой мæ. Фæстæмæ дæр-иу фæкастæн æмæ гæрахы рæстæг фæкалдтæн, фæфæлдæхтæн. Ныхас айхъуыстон: «Гъер лидз!». Мард æнхъæл мын уыдысты. Бæхджынтæ аивгъуыдтой. Донхæрд байбыны бафæсвæд дæн. Мæ винтовкæ æфцæгыл баззад, æндæр сæ ныццагътаин. Хæрды цæуын. Тæнæг хæдон мыл, æндæр ницы. Хохæй ахызтæн. Мæ дзаумæттæ кæм нывæрдтон, уым мæ фæллад суагътон. Сбон ис. Ауыдтон ме ‘фсымæры лæппуйы. Цин кæны, дзуры:

– Дысон-бонмæ фердиаг кодтон. Мард æнхъæл дын уыдтæн. Дæ марды хабар айхъуыст. Æфцæгыл – нæ адæм. Ныццин мыл кодтой. Цы хорз, дам, у, дæ мард гæды кæй разынд, уый! Бæрæггæнæг ацыдтæн нæ хъæумæ. Гуырдзы нын нæ хуымтæ кæрдынц. Фехстам сæ. Иуы дзы амардтам. Мæ фыдыфсымæр аст мæкъуылы самадта. Гуырдзы сыл ныффыстой: «Адонмæ æвналæн нæй». Мæ фыдыфсымæры ссардтон. Аст мæкъуылы мæнг амад скодтам, иннæты агъуыстмæ бахастам. Æхсæв чъеурийы най кæнæм. Зыгуым сыгътам. Хор сыджыты бын ныгæдтам. Галтæ дæр агъуыстмæ батардтам. Хъызт рæстæг райдыдта. Гуырдзы нæм æртхъирæн кæнынц:

– Абонæй фæстæмæ ма ам чи баззайа, уый мардзыстæм! Йæхи Гуырдзыстонмæ чи куры, уыдонæн цæрыны бар дæттæм.

Не ‘рвадæлтæн-иу хохы фосдарæнтæ уыди. Уырдыгæй сын сæ фос ратардтой, сæныччы хъус дæр сæм нал баззади. Сырх уæныджы хабар дæр мын радзырдтой. Цæвиттон гвардийа комы цыдысты. Кæйдæр сырх уæныг сæ фæстæ уасгæ згъоры. Гвардийæгтæ йæ æхстой фæлæ йыл иу нæмыг дæр нæ сæмбæлд. Се ‘хсæн, дам, коммунисттæ уыди æмæ уыдонæй иу афтæ:

– Уый сæ зæдыхай у. Куы йæ амарæм – быныскъуыд суыдзыстæм.

Æмæ йæм нал бауæндыдысты».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.