Алы паддзахадæн дæр ис йæхи паддзахадон символтæ: Тырыса, Герб æмæ Гимн. Паддзахады символтæ сты бæстæйы истори æмæ йæ абоны бон. Уыдонæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса у рагондæр символтæй иу. Нæ адæммæ уый сфидар, куыд иудзинады, æнæбæстæгтæ тыхы æмæ хæстон цыты символ.

Нæ Паддзахадон тырыса конд у æртæ хуызæй: урс, сырх æмæ бур. Уыцы хуызтæ нысан кæнынц ирæтты националон дунембарынады æртæ ахсджиаг æргъады. Урс хуыз у рæстдзинад, сыгъдæгдзинады символ æмæ нысан кæны – ард; сырх у тых, хъомыс, хицауиуæгады символ æмæ нысан кæны æхсар; бур хуыз баст у фарнимæ æмæ нысан кæны сабырад, хæлардзинад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд. Ацы æртæ уаз символы, кæцытæ æвдыст сты ирæтты национ культурæйы, сты националон тырысайы символтæ.

Нæ бæстæйы Паддзахадон тырысайы бон, куыд æрвыл аз, афтæ  знон, 19 сентябры, нысан æрцыд цытджын уавæры. Хайад дзы райстой республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, бæрæгбонмæ æрцæуæг уазджытæ, горæты скъолаты ахуыргæни-нæгтæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ арфæйы ныхасы ацы бон банымадта стыр боныл. Бирæ уæззау фæндæгтыл, зæгъгæ, рацыдыстæм мах, цæмæй нæ тырысайыл бæрзонд схæцæм.

«Ацы тырысайы бын Ирыстоны хъæбатыр фæсивæд истой сæхимæ бæрнон  æмæ вазыгджын хæс æмæ знаджы ныхмæ лæууыдысты. Ацы бынаты тырысайы раз зоныгуылæй нæ лæппутæ ард хордтой, цæмæй Ирыстоны сæфын ма бауадзой, йæ адæмы йын бахъахъхъæной.

Нæ паддзахадон тырыса æрмæст паддзахады нæу, уый у нæ лæппуты тугæй æлхæд. Уымæн у зæрдæмæ æввахс сакралон æгъдауæй, æмæ йыл хъуамæ бæрзонд хæцæм»- дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ацы бон дыууæ Ирыстонæн банымадта иумиаг æмæ нысаниуæг-джыныл. Дунескæнæг нын, зæгъгæ уыйас хъару, тых æмæ ныфс радтæт æмæ Ирыстоны тырыса алы хатт дæр бæрзонд куыд хæссæм. Æрсидт фидæны фæлтæртæм, цæмæй æмбарой æмæ зоной цы кад æмæ æгъдау ис нæ тырысайæн.

«Уыдон æй махæй ноджы бæрзонддæр æмæ сæрыстырдæрæй хъуамæ хæссой, цæмæй ноджы ныфсджындæр, хъаруджындæр уой, сæ сæр макуы ‘ркъул кæной, алы хъуыддаджы дæр цæуой размæ» – банысан кодта Президент.

Паддзахадон Гимн азарæм иумæ! – Хицауады уæнгтæ, скъолаты ахуыргæнинæгтæ, мадзалы хайадисджытæ Республикæйы Гимны мелодийы зæлтæм азарыдысты «Кады зарæг»-ы ныхæстæ.

Ахуыры раззагонтæ, турнир-тæ, олимпиадæтæ æмæ ерысты уæлахиздзаутæм æрхаудта хæс, æмæ  цытджын уавæрты рахастой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса Театралон фæзуаты.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли азылд фæзуаты рæнхъæйлæууæг нæ горæты скъолаты ахуыргæнинæгтыл, кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтыл æмæ Уæрæсейы Федерацийы Национ гвардийы кафт æмæ зарды ансамблы артисттыл. Бузныг сын загъта ацы ахсджиаг мадзалы сæ хайадисты тыххæй.

Паддзахадон тырысайы бон нысан кæныны церемонийы ма хайад райстой Республикæ Абхазы æмбæстæгтæй хæстон рæстæджыты чи фæсахъат, уыцы лæппуты фонд, йæ сæргъ Плиты Мадинæ, афтæмæй.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.