Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы къухдариуæггæнæг Бибылты Анатолийы æрæджыйы хъусынгæнинаджы фæдыл – Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй референдум ауадзыны нысанæн æрæджы нæ горæты Паддзахадон драмон театры уагъд æрцыд инициативон къорды фыццаг æмбырд. Бæстæйæн ахсджиаг бындурæвæрæн мадзалмæ нæ республикæмæ æрцыд уазджытæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советæй, æввахс бæстæтæй – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло, Ставрополы крайы губернатор Владимир Владимиров, Кæсæг-Балхъары Республикæйы сæргълæууæг Казбек Коков, Хъæрæсе-Черкесийы Парламенты Сæрдар Александр Иванов, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæвар Марат Кулахметов, Сириаг-Арабаг Республикæйы минæвæрттæ, бæстæйы закъондæттынадон æмæ æххæсткæнынадон къухдариуæгады æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Паддзахад Алани æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон гимнты зæлты айзæлды фæстæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ раныхасы, Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацæуыны нысанæн референдум ауадзыны фæдыл инициативон къорды рауæрæхгонд æмбырд схуыдта историон æмæ нысаниуæгджын цау, уымæн æмæ ацы æвæджиаг хъуыддагмæ нæ бæстæйы цæрджытæ æнхъæлмæ кастысты сæдæ азы бæрц.

Мадзалы хайад райсынмæ цы уазджытæ æрцыд, уыдонмæ ахасты бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, уыдон абон нæ фарсмæ æрбалæууыдысты Уæрæсеимæ баиу уæвыны тырнындзинады стыр хъуыддаджы тыххæй.

Уыцы бон, Хуссар Ирыстон бæстæйы хæдбардзинады, нæ сæрыстырдзинады символ – Конституцийы сырæзты бон кæй нысан кодта, уымæ гæсгæ арфæ ракодта бæстæйы æмбæстæгтæн.

Бибылты Анатоли зæрдыл æрлæууын кодта, 30 азы размæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады акт расидт куы æрцыд, раст уæд мах кæй сарæзтам нæ раст равзæрст, кæцыйы хъахъхъæдтам нæ тыхтæ æмæ хъарутыл æнæауæрдгæйæ. Дарддæр уый банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсе нын нæ паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, уæдæй нырмæ æн-тыстджынæй бæстон цæуынц бирæ социа-лон-экономикон фарстатæ æмæ уымæй фæбæрзонддæр не ‘мбæстæгты царды æмвæзад.

«Фæлæ ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ хъуамæ размæ къахдзæф дæр саразæм, Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы ‘хсæн цы аразгæ барьертæ ис, уыдон аиуварс кæнынæн фадæттæ хъуамæ ссарæм. Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Хуссар Ирыстон хъуамæ цæрой æмæ размæ цæуой иу паддзахады фæлгæтты», – банысан кодта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон мах иумæ бæлвырд кæнæм нæ фидæны фæлтæртæн рухс сомбон. Æмæ Ирыстоны адæмы æдас фидæнæн иунæг фæндаг у Уæрæсеимæ баиу уæвын.

Мах, зæгъгæ, хъуамæ æмбарæм уый, æмæ дуне цæхгæр кæй фæивта, æмæ афтæхуыйнæг партнертæ, сæ гамхудтæ аппаргæйæ, архайынц Уæрæсе æмæ йе ‘мцæдисонты скуынæг кæныныл. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ бангом уæм æмæ нæ-химæ райсæм бæрндзинад нæ фидæны фæлтæрты сæраппонд, цæмæй ифтонг уæм æдасдзинадæй æмæ нæ бæстæ размæ цæуа.

Бæстæйы сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, ныртæккæ нæ сыхаг Гуырдзыстонæй кæй хъуысы реваншистон хъусынгæнинæгтæ. Хуссар Ирыстоны адæм æмбарынц, уыдонæн тых кæй нæй, фæлæ истори куыд фенын кодта, уымæ гæсгæ та сын иу æнæсæрфат къухдариуæггæнæг куы фæзына, уæд тас у, фæлхатт куы æрцæуа  2008 аз.

«Уæд нын Стыр Уæрæсейы руаджы бантыст нæ адæмы фервæзын кæнын. Фæлæ сом цы уыдзæн, уый ничи зоны, æмæ ууыл та нæхæдæг хъуамæ хъуыды кæнæм.

Æз мæ политикон цард снывонд кодтон дихгонд ирон адæмы  Уæрæсейы Федерациимæ баиу кæныны хъуыддагæн, нæ бæстæйы раздæры сæргълæуджытæ – Цыбырты Людвиг, Кокойты Эдуард, Тыбылты Леонид цы бындур сæвæрдтой, уымæй пайдагæнгæйæ.

Уыдон абон сты Уæрæсейы Федерациимæ баиу кæныны фæдыл инициативон къорды уæнгтæ. Уыдонæй уæлдай ма уыцы къорды сконды сты Хуссар Ирыстоны нысаниуæгджын æмæ кадджын æмбæстæгтæ. Уымæ гæсгæ æз сæрыстыр дæн, ахæм цытджын адæмы ‘хсæн мын фадат кæй ис референдум цæттæ кæнын æмæ ауадзынæн», – банысан кодта уый.

Референдум ауадзыны мадзæлттæ æмæ юридикон фарстытæм та, йæ ныхæстæм гæсгæ, здæхт æрцæудзæн бæрнон ахаст. Инициативон къорд регистраци æрцыд Централон æвзарæн къамисы. Ныртæккæ куыст цæуы референдум ауадзыны агъоммæ къухфыстытæ æмбырд кæныныл. Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ уый тыххæй хъæуы 2 мин къухфысты, фæлæ æмбырд æрцæудзæн уымæй бирæ фылдæр. Уымæй Хуссар Ирыстон ноджыдæр фенын кæндзæн, кæй у «Уæрæсейы скондмæ бацæуыныл разы».

Къухфыстытæ Æвзарæн къамисмæ бадæттыны фæстæ референдум ауадзыны фæдыл Барамынд æрвыст æрцæудзæн Уæлдæр тæрхондонмæ. Тæрхондоны уынаффæйы фæстæ бæрæг æрцæудзæн йæ ауадзыны бон æмæ æрæвналдзыстæм цæттæгæнæн куыстмæ.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Хуссар Ирыстон ис стыр историон цауы къæсæрыл: «Уый æвдисæнтæ стæм мах, æмæ ныртæккæ мах аразæм истори. Хуссар Ирыстон хъуамæ уа Уæрæсейы сконды!».

Хуссар Ирыстоны раздæры Президенттæ Цыбырты Людвиг æмæ Тыбылты Леонид бæрæг аххосæгтæм гæсгæ хайад нæ райстой инициативон къорды æмбырды, фæлæ æрбарвыстой сæ фæндиæгтæ Ирыстоны дарддæры хæрзæбонæн. Уыдонимæ мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта йæ амонæг Тасойты Игорь.

Рæстдзинады иунæг тых

Бæстæйы раздæры Президент Кокойты Эдуард дæр банысан кодта – Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй референдум уагъд æрцæудзæн æмæ ирон адæм сæ фæндон зæгъдзысты. Уымæн æмæ ацы вазыгджын рæстæджы нæ адæм хъуамæ бангом уой.

Мах, зæгъгæ, æппæт зондджын тыхтæ, хъуамæ бангом кæнæм Уæрæсейы Федерацийы алфæмблай, цæмæй нæ къухты бафта рæстдзинад, уымæн æмæ ныртæккæ рацыдысты нæ националон, традицион æргъадты ныхмæ. Уымæ гæсгæ ныртæккæ нæ разы ис бæрнон равзæрст.

Уæрæсейы алфæмблай æндыгъд уавæр хынцгæйæ, æрсидт, цæмæй балæууæм йæ фарсмæ, уымæн æмæ Америкæйы Иугонд Штаттæ се ‘мзонд бæстæтимæ расидтысты хæст рæстыл хъуыдыгæнджытимæ æмæ Уæрæсе йæ къухдариуæгадимæ ныртæккæ у рæстдзинады иунæг тых.

«1774 азы нæ фыдæлтæ ард бахордтой Стыр Уæрæсейыл иузæрдиондзинады тыххæй. Уæдæй фæстæмæ уыцы стыр мисси дарддæр кæнæм мах. Уымæ гæсгæ æз бæрнонæй хъусын кæнын, ныртæккæ мах хъуамæ æппæт уавæртæ дæр аразæм Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы интеграцийæн.

Ныртæккæ Украинæйы зæххыл цы сæрмагонд операци уагъд цæуы, уый æрмæст Уæрæсейы проблемæ нæу. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстон дæр æппæт амæлттæй хъуамæ хайад райса ацы операцийы. Нацизмыл иумиаг тыхтæй куынæ фæуæлахиз уæм, уæд уыцы æнамонддзинад гæнæн ис æмæ æрцæуа алкæмæ дæр.

Адæмы фæндон æнæфæцудгæ у

«Чысыл чызг мын балæвар кодта, хæхтæ æмæ тырыса кæм æвдыст сты, ахæм къам. Куыд мын радзырдта, афтæмæй уый сæрыстыр у Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй. Уымæн æмæ уыдон дæргъвæтин рæстæджы тох кодтой æмæ ныккалдтой сæ туг, цæмæй абон уыдон сæрыстыр уой сæ территорийæ», – дзырдта йæ раныхасы Ставрополы крайы губернатор Владимир Владимиров.

Æз, зæгъгæ, фыццаг хатт дæн Хуссар Ирыстоны æмæ мæ дисы ныппæрстой йæ æрдз æмæ йæ цымыдисон адæм. Республикæйы ис æппæтдæр райрæзын кæнынæн æмæ бæрæг нысæнттæ сæххæст кæнынæн.

Референдумы тыххæй банысан кодта, адæмы фæндон æнæфæцудгæ кæй у. 2008 азы цаутæ ноджыдæр дзурæг сты ууыл, æмæ, хъыгагæн, ис ахæм адæмтæ, кæцытæ райгонд не сты сæрибаруарзаг адæмы фæндондзинадæй.

Губернаторы цæст ноджыдæр бауарзта, референдумы руаджы адæм цы æвзæрст саразой, уый цæрæнбонтæм, уадз, æмæ баззайа фидæны фæлтæртæн раст æмæ иунæг фæндонæй. Йæ цæст Ирыстонæн бауарзта сабырад, рæзгæ фæлтæрæн – стыр фидæн.

Иу адæмæн æппæтдæр иу хъуамæ уа

– Мах иу адæм стæм, иу уидæгтæ нын ис, иу истори, æмхуызон традицитæ æмæ æгъдæуттæ, – дзырдта цытджын æмбырды Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Истори куыдфæнды ма уа, арæнтæй куыдфæнды ма уæм хицæн, уæддæр не ‘хсæн уыцы арæнтæ мах не ‘нкъарæм. Махæн, зæгъгæ, ис хорз хæларадон, хиуæтты ахастытæ.

Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ алы адæмы историйы дæр вæййы кæм – трагикон, кæм – хъайтарон цаутæ. Ирыстоны цæрджытæн дæр ахæм у сæ истори, æмæ уымæ гæсгæ адæмæн ныртæккæ бар ис сæ фæндондзинад равдисынæн. Иу ирон адæм, иу æвзагыл дзурæг, ис нын нæхи æгъдæуттæ, нæхи фæдзæхсæм иунæг Хуыцау æмæ сыгъдæг дзуæрттæн æмæ нæ сомы бон дæр иумæ хъуамæ уа.

Кæсæг-Балхъары республикæйы сæргълæууæг Казбек Коков йæ ныхасы банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Кæсæг-Балхъары адæмты кæй бæттынц хæларадон, æфсымæрон бастдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны хъысмæтмæ кæсгон адæм куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц. Банысан кодта, Хуссар Ирыстонмæ сæ балц кæй у бæстæйæн нысаниуæгджын цауты рæстæджы.

«Радон президентон æвзæрстытæ бæстæйы æхсæнадон-политикон царды хуымæтæг этап не сты. Уыдоны фæстиуджытæн ис егъау нысаниуæг Ирыстоны хуссар хайы адæмæн. Адæмы уæлиондзинад, ахадындзинад, сæ куырыхондзинад уый мидæг ис, æмæ бахъуыды рæстæджы сæ бон у арын æмбæлон уынаффæтæ», – банысан кодта уый.

Казбек Коков ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстоны адæм раст равзæрст кæй сараздзысты, æмæ аккаг кандидаты фарс кæй балæудзысты – архайæг Президент Бибылты Анатолийы фарс.

Хуссар Ирыстон Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фарсты фæдыл референдум ауадзыны тыххæй ныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, кæцыфæнды уынаффæ дæр бындуриуæг кæны æмбæстæгты сæрибар фæндондзинадыл.

«Ацы уынаффæмæ махæн ис хорз ахаст æмæ мæ ныфс ис, уæ фæндондзинадæн æмбæлон аргъ кæй уыдзæн æмбæлон æмвæзадыл. Æнтыстытæ æмæ размæдзыды фæндиæгтæ цы фæндагыл æрлæууыдыстут, ууыл!», – банысан кодта уый.

Кад кæнæм ирон адæмы сомбонæн

– Хуссар Ирыстоны адæм ныртæккæ сты историон æвзæрсты къæсæрыл, – дзырдта Хъæрæсе-Черкесийы Парламенты Сæрдар Александр Иванов. Ирон адæм, зæгъгæ, стыр адæм сты, дунейæн балæвар кодтой бирæ чемпионтæ, хъайтартæ æмæ зындгонд архайджыты. Ныфс бавæрдта, цы равзæрст фæндагыл слæууыдыстæм, ууыл ныфсджынæй кæй ацæудзыстæм ирд фидæнмæ.

«Æмæ ныртæккæ ацы равзæрсты фæстиуæгæн уæ фæстагæттæ хъуыды кæндзысты, абон сымах цы ахсджиаг хъуыддаг аразут, уый. Уымæн æмæ уый аразут фи-дæны фæлтæрты сæраппонд», – дзырдта уый.

Александр Иванов ма куыд дзырдта, афтæмæй Хъæрæсе-Черкесийы цæры ирон адæмы минæвæрттæ, æмæ цы бынаты цæрынц, уый хæссы зындгон Хетæгкаты Къостайы ном. Уымæ гæсгæ, зæгъгæ, мах кад кодтам æмæ кæндзыстæм ирон адæмы фæндондзинадæн. Уый ма фарсхæцынады ныхæстæ загъта Хъæрæсе-Черкесийы бæстæйы сæргълæууæг, парламент æмæ цæрджыты номæй, уыцы нымæцы уымы цæрæг ирæтты номæй дæр.

Хуссар Ирыстонмæ уыцы нысаниуæгджын бон цы уазджытæ æрцыд Уæрæсейы алы субъекттæй, уыдон афтидарм нæ уыдысты. Мысынæн æрхастой нæ бæстæйæн медицинон ифтонггæрзтæ æмæ фæткъуыбæласы садзæнтæ лæварæн.

Брифинг

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны фæдыл инициативон къорды æмбырды фæстæ информацион фæрæзтимæ чысыл брифингы рæстæджы куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы къахдзæфтæ хъуамæ бындуриуæг кæной серьезон юридикон бындурыл. Уыдон не сты ныхмæвæрд дунеон барадæн æмæ уыцы къахдзæфтыл ныридæгæн куыст цæуы. Ацы ахсджиаг фарст бæстæйы сæргълæууæг рæгъмæ хæссы суанг 2004 азæй фæстæмæ. Æмæ ныр дыууæ Ирыстонæн афон у, цæмæй цæрой иу æмæ егъау æмæ æнгом бинонтæй.

Цæгат Ирыстоны Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстон цæмæй Уæрæсейы скондмæ бацæуа, уыцы дарддæры къахдзæфтыл дзурæн ис, адæм сæ фæндондзинад куы равдисой, уый фæстæ. Æнусон истори, традицитæ, цардуаг æмæ сæйраг – нæ иумиаг æвзаг, сты нæ иу фыдыбæстæйы сæйраг бындур – уый у факт æмæ у нæ истори.

Æппæтдæр Хуссар Ирыстоны цæрджытæй кæнгæ кæй у, уыцы хъуыдыйы фарс рахæцыд уæрæсейаг сенатор Александр Карелин дæр. Ирыстоны адæмы баиу кæнын уый банымадта иууыл зондджын æмæ мидисджындæр хъуыддагыл.

Ныртæккæ, зæгъгæ, ис рæстæг историмæ бацæуынæн æмæ референдумы руаджы фæндондзинад равдисынæн, цæмæй дуне феной иу хъуыдыйыл хæст иттæг хорз феномен. Хуссар Ирыстонмæ ацы бон нысаниуæгджын делегаци æрцыд, цæмæй балæууой алы цæрæджы фарс дæр, цы нысанмæ тырнынц, уый сæ къухты бафта. Ныфс бавæрдта, Уæрæсейы Федераци дæр æмбæлон хъусдард кæй аздахдзæн ацы фарстмæ.

Радон æвзæрстыты та нæ не ‘мбæстагон хæс фидын хъæудзæн хæрзиуæгон хъуыддаджы тыххæй. Хъуамæ сæххæст уа не ‘нусон бæллиц æмæ та дунейæн ноджыдæр фенын кæнæм, нæ цард, нæ архайд Стыр Уæрæсейы сконды кæй уынæм æмæ нæ хъысмæт уыимæ кæй бæттæм.

Уæлахиз уæд хæдбар Паддзахад Алани Стыр Уæрæсейы сконды!

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.