Цард рæсугъдгæнæг фæллойгæнæг у. Хæххон лæг та магуса никуы вæййы, уымæн æмæ йæ цард йæхи къухтæй, йæхи уæнгты хъаруйы руаджы аразгæ вæййы.

Æдзух хъуамæ змæлай, архайай, кусай, уымæй дæр иуæй иннæ уæззаудæр, тыхдомагдæр куыстытæ.

Фæллад нæ зыдта Цхинвалы районы Уалыты хъæуы цæрæг Куыдзеты Лади дæр. Уый раджы сфæлтæрдта хæххон уæззау царды. Йæ хъæуы ныр цæрæг нал ис, йæ цæрджытæ фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм, раздæр та дзы цард цæдджинагау фыхтис, райгонд уыдысты сæ цардæй хъæуы цæрджытæ, уæлдайдæр та Лади. Уыдис ын фаг хуымзæххытæ, кодта сæ хæрзкуыст. Лади хорз æмбæрста, зæхх æдзухæй дæр кæй домы зæхкусæджы хъарм къухты узæлд. Æмæ йын йæ узæлдæн уый дæр дзуапп лæвæрдта… ницы йæ хъуыдис æлхæнын ссад æмæ цæххæй дарддæр, алцы дæр задис йæхимæ.

Куыдзеты Лади канд зæххы куыст нæ кодта, фæлæ дардта фос дæр. Уыдон та цъус нæ уыдысты. Æрмæст лыстæгкъах фос хæццæ кодтой 160 сæрмæ, 45 бæрц та – ставдкъах фос.

Лади сарæзта йæ хъарм бинонты цард дæр. Йæхицæн цардæмбалæн равзæрста йæхийау куыстуарзаг æмæ хæдзардзин сылгоймаг Хацырты чызджы. Амондджын уыдысты. Баисты 3 чызджы æмæ иу фырты хицау. Фæрнджын хæдзар уыдис сæ хæдзар. Сæ сывæллæттæ цумахъом куы фесты, уæд сæ ныййарджыты æнцой лæууыдысты. Иудзырдæй, царды сæрыл тох кодтой.

Фæлæ æрбалæууыдысты ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ æмæ ацы хъæумæ дæр балбирæгътау лæбурын райдыдтой гуырдзиаг æнæформалтæ. Æгас Ирыстоны адæмау Ладийæн дæр уыцы азтæ систы уæззау фæлварæн. Гуырдзиаг фыдгæнджытæ сырдау лæбурдтой, хъахъхъæд чи нæ цыдысты, уыцы ирон хъæутæм æмæ сын мардтой, æфхæрдтой сæ цæрджыты, тæлæт сын кодтой сæ фос. Уыцы трагикон цаутæй иуварс нæ аззад Уалыты хъæу æмæ уыимæ Лади дæр. Йæ цард кæмæй кодта, уыцы фос ын атæлæт кодтой, йæхи та йын ныууагътой мардæфсон, асастой йын йе ‘фсæр.

Иу бон та сæм æнæнхъæлæджы смидæг сты æмæ йын семæ акодтой уацары йæ чызджы чызджы. Бæстæ разылдис бинонтыл, тыхамæлттæй ма сæ къухты бафтыд. Уæд нал ныллæууыдис Лади йæ хъæуы. Ныууагъта цæргæйæ фыдæлты уæзæг æмæ æрлыгъд Гореты хъæумæ, фæстæдæр та цæрынæн равзæрста, чи федзæрæг ис, уыцы хъæу Иуреты æмæ дзы æрбынат кодта. Ныр ыл кæд азтæ сæ уæз æруагътой, уæддæр нырма стыр ныфс у йæ зæнæгæн æмæ уыцы комы цæрджытæн дæр. Йæ цардæмбалимæ та ногæй скодтой фос, кæнынц зæххы куыст æмæ хъæууонхæдзарадон продукттæй та ифтонг кæнынц сæ кæстæрты. Ис æм уæййаг фос дæр, фæлæ йын зын кæны, уыдоны базармæ æрласын… Уымæй дарддæр ма ацы хъæу дыргъджын у æмæ æрæмбырд кæны кæрдо, фæткъуы, дзедыр, æнгузтæ æмæ æндæр дыргътæ дæр.

Цард тæбæгъы донæй уæлдай нæу, кæцырдæм фæкъул уыдзæн, уый ничи фæзоны… Лади кæм уыд æнхъæл æмæ йæ цард æцæгæлон хъæуы æрвитдзæн. Йæ фæрцы та цард раздæхт ацы хъæумæ. Абон æй хъæугъуыз дары, æмæ йæ бæллиц  у, цæмæй ма йын фæзына иу сыхаг уæддæр, царды зындзинæдтæ кæимæ сæтта æмæ йын йæ хорздзинæдтыл кæимæ цин кæна, ахæм.

Тагъд йæ бартæ йæхимæ райсдзæн зымæг. Лади та йыл ныр дæр сæмбæлдзæнис æдыхстæй. Йæ фосæн æрцæттæ кодта фаг холлаг. Зымæгваг самал кодта суг, хъæуæг продукттæ. Ницæуыл стыхсдзæн, алцы дæр ын ис.  Æцæг ноджыдæр ма йæ зæгъын, афæлмæцы иунæгæй зымæгон даргъ æхсæвты. Фæфæнды йæ раздæр куыд уыд, афтæ йæ цæхх, йæ кæрдзын искæимæ адих кæнын.

– Иу цæуæг дæр мæ хæдзары фæрсты нæ уагътон, мæ цæхх мæ кæрдзын сын рæдауæй хæлар кодтон. Уазæгæн та карчы бæсты æргæвстон фыс кæнæ сæгъ, – фæзæгъы Лади арф ныууынæргъгæйæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.