Архитектурæимæ мах æмбæлæм не ‘рвылбонон царды. Æмæ кæд уадиссаг нæ цæсты нæ ахады, уæддæр йе ‘ндæвдад не ‘ппæтыл дæр у æгæрон æмæ нысаниуæгджын: æндавы ныл куыд психологон, афтæ физиологон æгъдауæй дæр.

Алы адæймаг дæр архитектурæ уыцыиу рæстæджы зоны хорз дæр æмæ æвзæр дæр. Хорз уымæн, æмæ уыны, йæ зæрдыл дары алыгъуызон бирæнымæц зынгæ архитектурон арæзтæдты; æвзæр та уымæн, æмæ арæзтадон аивады уыцы алæмæтон диссæгтæ цы закъонмæ гæсгæ æрцыдысты арæзт, уый кæй нæ зоны.

Æмæ цæмæй алчи дæр бамбара, горæты контексты архитектурæйæн цы стыр ахадындзинад ис, уый тыххæй нæ цæстытыл ауайын кæнæм, цыма горæт у литературон уацмыс, цыран алы хъайтар дæр у архитектурон арæзтад. Æмæ уыцы романты, пьесæты хъайтартæ, уацмысы сюжет араз-гæйæ,  кæрæдзиимæ куыд архайынц, афтæ архитектурон арæзтæдтæ дæр иумæйагæй æвдисынц горæты иунæг сæрмагонд хиад, йæ сæйраг хуыз.

Зæронд Цхинвалы рæсугъддзинадæн саргъгæнæн нæй. Йæ алæмæтон уынгтæ æмæ къуымтæ бирæ нывгæнджытæн сты сæ куыстыты сæйрагдæр æмæ æнæбайсгæ хай. Нæ горæт кæддæриддæр хицæн кодта йæ æвидийгæ архитектурон колоритæй. Алцæмæй дæр дзы ис: централон уынгты арæзтад хауы классикон, эклетикæйы стилмæ, къаддæр дзы уынæм модерн æмæ конструктивизмы стилы арæзтæдтæ.

Уæлдай зæрдæмæдзæугæ уыдысты зæронд Цхинвалы аиввæлыст уынгтæ, Леуахийы цæугæдоны былгæрæттæ. Уый уыд,  дойнаг дур æмæ хъæдæрмæгæй бирæнымæц хæдзæрттæ æввæхсты кæм уыдысты амад, нæ горæты ахæм къуым.

2008 азы зындгонд цауты фæстæ нæ горæт ногæй райдыдта æндидзын. Æмæ дзы ныр та цы уынæм? Ног цæрæн районты хæццæ-мæццæ арæзтæдтæ.

Æппындæр дзы хынцыд нæ цæуынц, раздæр горæт цы фæткмæ гæсгæ уыд нывæстгонд, уыцы эстетикон æмæ композицион-нывæфтыд нормæтæ. Цæвиттон, раздæр горæты цæрæн зонæтæ уыдысты экстравертон, ома, цæсты ахадгæ, сæ алфæмблай элементтимæ æмæ кæрæдзиимæ æмбаст. Ныр та ног арæзтæдтæн сæ фылдæр хай «зылд» у мидæмæ, æмæ горæты иумæйаг архитектурон хуыз та афтæмæй хæлы. Ног бæстыхæйттæ хауынц интровертон цæрæн зонæтæм. Æппæт уыдæтты аххосæй мах ныридæгæн сафæм нæ горæты уынгты раст композицион æнкъарæн, уый та у дисгармони.

Фæлæ банысан кæнын хъæуы, бирæ культурон-æхсæнадон бæстыхæйттæ раст арæзт кæй сты. Номхуындæй та: нæ горæты Облæххæсткомы бæстыхай, Ленины уынгыл РХИ-йы Президенты Администрацийы бæстыхай, бæстæзонæн музейы бæстыхай, æнæрхъæцæй не ‘мбæстæгтæ цæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры бæстыхай. Стыр хорз хъуыддаг у, арæзтадæн йе ‘ддаг хуыз бахъахъхъæд кæй æрцыд, уыцы ахсджиаг хъуыддаг. Зæронд арæзтæдты æндидзынады ахæм тенденци стыр хæрзиуæг у, уымæн æмæ уыдоныл бындуриуæг кæны горæты историон хуыз, куыд, зæгъæм, Сталины уынгыл уазæгдон «Ирыстон».

Фæлæ æппæт уыдæтты тыххæй архитектурæйы ногдæр формæтыл нæ къух ма хъуамæ сисæм.  уыдон сты ивгъуыд афонæй фидæнмæ æвдисæндартæ, æмæ æппæрццагæй ма хъуамæ бандавой горæты иумæйаг архитектурон хуызыл.

Уыцы хæслæвæрдтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй хъуамæ арæзт æрцæуа Архитектурон совет. Уый барджынæй рæгъмæ хæсдзæн компетентон уынаффæтæ нæ горæты алы конкретон арæзтады фæдыл дæр. Уæд нал уы-дзыстæм æвдисæн, адæм ныридæгæн «Вавилоны мæсыг» кæй схуыдтой (Ленины уынгыл бирæуæладзыгон бæстыхай), ахæм архитектурон рæдыдтытæн.

Афтæ мæ бафæндыд саразын чысыл анализ нæ горæты архитектурæйæн.

Дзигойты Каринæ,

архитектор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.