Иууылдӕр мӕлӕты фырттӕ стӕм, фӕлӕ  ӕвзонг адӕймаг цардцухӕй йе ‘цӕг  дунемӕ куы ацӕуы, уӕд ӕй бирӕ чи  уарзта, зынаргъ кӕмӕн уыд, уыдоны зӕрдӕтӕ фӕриссынц дӕргъвӕтин  рӕстӕджы.

Дыууиссӕдз боны рацыд, нӕ сыхаг,  нӕ уонгӕддӕдӕр  ӕфсымӕр, парахат зӕрдӕйы хицау, ӕнӕхин, рӕстуд ӕмӕ зӕрдӕхӕлар адӕймаг  Зангаладзе Зураб Никъалайы фырты ӕнӕрӕстӕджы фӕзианӕй. Ӕниу нӕ цӕрӕн хӕдзармӕ 52 азы размӕ куы балыгъдыстӕм, уӕд  йӕ фыд Никъо (дзӕнӕттаг) фырбуцӕн  рахабар кодта: «Мах гуырдзиæгтӕ не стӕм, мах стӕм ирӕттӕ – Кокойтӕй. Ӕмӕ нӕм ироны зӕрдӕ  дарут».

Афтӕмӕй та царды нысаниуӕг ис  адӕймагдзинадӕн ӕмӕ, ӕцӕг  адӕймаджы миниуджытӕ кӕмӕ уа, уымӕн хъӕуы аргъ кӕнын.

Зураб ӕрдӕг ӕнусӕй фылдӕр цы сыхӕгты ӕхсӕн цард, уыдон ӕм кастысты ӕхсӕны хъӕбулы  цӕстӕй, сӕ сывӕллӕттӕй йӕ нӕ хицӕн кодтой… Йӕхӕдӕг дӕр уыд ӕнагъӕддаджы  фӕлмӕнзӕрдӕ, хӕлар ахаст дардта алкӕмӕдӕр, уарзта нӕ сыхӕгты,  иу дзырд кӕнӕ иу зулбакастӕй дӕр  никуы никӕй фӕхъыг кодта. Уарзта сывӕллӕтты. Иу сывӕллоны дӕр йӕ фӕрсты ӕнӕбаузӕлгӕ никуы ауагъта. Ӕмӕ стыр маст бахаста нӕ сыхӕгтӕй алы бинонтӕм дӕр.

Райгуырд Цхинвалы. Ахуыр кодта нӕ горӕты иуӕндӕсӕм  астӕуккаг скъолайы. Ам цӕстӕвӕрӕн уыдысты йӕ хо Тамараимӕ сӕ хорз ахуыр ӕмӕ сӕ уагахасты тыххӕй. Уый   фӕстӕ  йӕ ахуыр адарддӕр кодта Хуссар Ирыстоны  паддзахадон университеты историон-филологон факультеты ӕмӕ йӕ каст фӕцис сырх дипломимӕ. Астӕуккаг скъолайы ӕмӕ университеты ахуыры  рӕстӕджы дӕр  ӕмбисондӕн баззад: ӕгӕрон бирӕ уарзта аивадон литературӕ кӕсын ӕмӕ йыл йе ‘мбӕлттӕ, йӕ сыхӕгтӕ  иууылдӕр дис кодтой…

Сӕрды улӕфтыты-иу йе ‘мбӕлттӕ хъазгӕ кодтой, уый та-иу чиныг каст, йӕ бон уыд иу бонмӕ бакастаид кӕцыфӕнды гуырахстджын чиныг дӕр.

Фӕлӕ  цард цӕугӕдонӕй уӕлдай  нӕу, куы абухгӕ кӕны, куы та фӕцӕуы размӕ сабырӕй. Нӕуӕдзӕм азты нӕ республикӕйы цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон алкӕй цардыл дӕр фӕзындысты…

Фӕзындысты Зангаладзе Зурабы цардыл дӕр…

Уыцы змӕст рӕстӕджыты йӕ фыды бынтыл Чъехы хъӕуы йӕ къух  систа. Уымы ӕмгӕрӕтты никуыуал ацыд. Нӕдӕр сын се ‘ртхъирӕнтӕ истӕмӕ ӕр-дардта. Ӕгӕрыстӕмӕй йӕ, иу  рӕстӕджы йӕхи бааууон кӕныны сӕр дӕр бахъуыд. Фӕлӕ рахӕцыд раст адӕмы фарс, йӕ мадырвадӕлты, ирон  адӕмы фарс, рӕстдзинады фарс. Йӕ мад Хъуылымбегты Жужуна (дзӕнӕттаг) йӕ цӕргӕбонты фӕкуыста мыхуыры органты.

Ӕмӕ Зураб цардис немӕ, махау аргъ кодта рӕстдзинадӕн ӕмӕ уыд не ‘мтохгӕнӕг.

Уыцы змӕст ӕхсӕнадон уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ дӕсныйадыл бакусын йӕ къухты нӕ бафтыд, фӕлӕ ӕгуыст никуы уыд. Кӕмдӕриддӕр куыста, уым-иу цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ рӕсугъд ӕгъдау, йӕ куыстмӕ бӕрнон ахастӕй йӕхи бауарзын кодта йе ‘мкусджытӕн. Ӕрмӕстдӕр цӕсгомджын куысты фӕрцы райсы адӕймаг арф зонындзинӕдтӕ, свӕййы хорз дӕсныйады хицау ӕмӕ уӕд йе ‘мкусджыты ‘хсӕн дӕр ӕмӕ ӕхсӕнады дӕр вӕййы нымад лӕг.

Ахӕм уыди нӕ буц хӕлар ӕмӕ ӕмгар Зуро! Уарзта  цард, Цхинвалы, йӕ цӕрджыты, йе ‘мбӕлтты! Уарзтой йын йӕхи дӕр йе ‘мкусджытӕ, йӕ ‘мкъла-сонтӕ, йе ‘мкъурсонтӕ ӕмӕ йӕ хӕлар, йӕ сыхаг лӕппутӕ. Фӕлӕ  хъысмӕт ӕгъатыр разынд ӕмӕ йын йӕ карз тӕрхонӕй цӕрын нӕ  бантыст. Уырнгӕ дӕр нӕ нӕ кӕны,  не  ‘хсӕн нал ис,  уый.

Хъысмӕты  уӕззау цӕф зын уромӕн уыдзӕн дӕ иунӕг хойӕн, Зуро, фӕлӕ йӕм мах цур дӕ зӕрдӕ ма ‘хсайӕд, уыдзӕн нӕ кӕнгӕ хо ӕмӕ йын ӕфсымӕрты лӕггад кӕндзыстӕм дӕ хатырӕй… Зуро, нӕхи Зуро!

 Де ‘вӕрӕн бон дӕ фӕндараст кодтам стырӕй-чысылӕй, йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд ӕддӕмӕ рахизын,  дӕ фарсмӕ балӕууын, уыдон та сӕ балкъӕттӕй ӕмӕ рудзгуытӕй хъарӕг кодтой ӕмӕ уымӕй дӕ фӕстаг фӕндаг ноджы барӕсугъддӕр.

Ацыдтӕ – рӕсугъд зӕрдӕйы хицау, ӕхсӕны хъӕбул – де ‘нусон бынатмӕ, фӕлӕ дӕ ном, дӕ  фӕлгонц никуы уыдзысты рох. Де ‘мбӕлттӕ, де ‘мгӕрттӕ, дӕ сыхӕгтӕ дӕ зӕрдӕйӕ мысдзысты, кӕндзысты дӕ хорзы кой. Афтӕ вӕййы, лӕг йӕ фӕстӕ хорз ном куы ныууадзы, уӕд.

Мысдзыстӕм дӕ, мысдзыстӕм, нӕ уонгӕддӕдӕр ӕфсымӕр,  Зуро!

    Ирыстоны зӕхх дын уӕд рог,  фӕлмӕн ӕмӕ хъарм!

   Рухсаг у!..                                                        Дӕ сыхаг лӕппутӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.