Рацыд 76 азы, 1941 азы 22 июны сæрдыгон хъарм хуры тынты æрбакастимæ Советон Цæдисы ныгуылæйнаг арæнтыл æнæнхъæлæджы фашистон Германы  мæлæтхæссæг фыццаг судзгæ нæмгуытæ куы  æрæзгъæлдысты, уымæй. Уыцы уысмæй райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон дыккаг æппæтадæмон хæст. Сыгъдысты знаджы нæмыгæй æнæхъæн горæттæ æмæ уыцы æрбабырсты фæстиуæгæн, фашистон Германы æфсæддæн бантыст, хæстмæ æдзæттæ Советон Цæдисы арæнтæ байсын. Нæ ауæрстой сылгоймæгтыл,  сывæллæттыл æмæ зæрæдтыл, дæрæн кодтой, сæ разы цыдæриддæр уыд, уыдон. Уыцы рæстæджы æвæстиатæй хъуыд Райгуырæн бæстæ фыдызнагæй бахъахъхъæнын, æмæ куыд æппæт раздæры Советон Цæдисы тыгъдады, афтæ Хуссар Ирыстоны адæм дæр араст сты карз тохы быдырмæ. Тынг бирæ хъæбултæ фервыста уæд Ирон мад фронтмæ, фæлæ дзы, хъыгагæн, фæстæмæ се ‘мбисæй фылдæр нал æрыздæхтысты, хæст хæст у, кæддæриддæр – зындзинæдтæ, тугкалд æмæ мæлæтхæссæг.

Ирыстон хæсты быдырмæ кæй фервыста, уым хъæбатырæй чи фæтох кодта йæ райдайæнæй йæ фæудмæ æмæ фæстæмæ сæрæгасæй чи æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ, уыдон нымæцы уыд Джиоты Вася Гиуæргийы фырт дæр.

1942 азы Васямæ æрсидтысты Фыдыбæстæйон хæстмæ.  Сентябры мæйы 5-æм бон уый араст ис йæ дард балцы Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс дыккаг хатт æххæст кæнынмæ. Уымæй размæ та 1938 азæй  1941  азы онг службæ кодта Сырх Æфсады рæн-хъыты, йе ‘фсæддон хæс æххæсткæнгæйæ. 1942 азæй 1943 азы марты мæймæ Вася йæ службæ адарддæр кодта Ростовы цæттæгæнæн 12-æм автополчы. Уырдыгæй райдыдтой Васяйы хæстон дæргъвæтин фæндæгтæ æмæ  суанг 1945 азы  Уæлахизы бонмæ уымæн нал уыд удæнцой, тох кодта сæрибардзинады сæраппонд. 1943 азы Вася хайад иста Полтавæйы облæсты горæт Терятиновойы сæрыл тохты. Службæ кодта 9-æм минометон дивизийы. Вася дæр, куыд иннæ æмхæстонтæ, афтæ æвзæрста зындзинæдтæ, æххормагдзинад, фæлæ тæппутдзинад йæ сæрмæ никуы схаста, йæхи никуы бааууон кодта, бырста размæ æмæ цæттæ уыд, йæ фæстаг сулæфты онг дæр тох кæнынмæ. Фыдыбæстæйон хæсты æппæты карздæр æмæ æгъатырдæр тохтыл нымад æрцыдысты 1943 азы Днепр бахъахъхъæныны сæрыл тохтæ. Вася уыд уыцы  карз тохты хайадисæг æмæ хорзæхджын æрцыд «За форсирование Днепра»-йы майданæй.

Вася уыд æнувыд æмгар, нæ зыдта тас æмæ йæ риуы æмбæрц цыд размæ, йæ райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс цæсгомджынæй  æххæсткæнгæйæ.   Хæстон тохты рæстæджы Вася кæд бирæ хæттыты фæци уæззау цæфтæ дæр, уæддæр уый йæ ный-йарджытæм фыстæджыты никуы раргом кодта йæ уавæр. Фыста-иу кæддæриддæр, æппæт дæр хорз кæй у,  æмæ «Хуыцауы фæндæй, æрмæстдæр кæй фæвæййы уæлæнгай цæфтæ». 1944 азы ноябры мæйы Васяйы йæ хæстон фæндæгтæ ахастой  суанг Карпаты онг. Уырдыгæй фыста йæ бинонтæм, зæгъгæ «уæм тагъд фæзындзынæн», æмæ уый æцæгæйдæр афтæ рауад. Хъомысджын Сырх Æфсад йæ фæлтæрд къухдариуæгады руаджы уæлахиз кодта Германы фашистон æфсæдтыл, тох кодта Советон Цæдисы арæнтæ фæстæмæ сæрибаргæнгæйæ.

1945 азы знаг тард æрцыд. Майы мæйы райдайæны райхъуыст, æппæт дуне кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Стыр Уæлахизы хабар. 1945 азы 8-æм майыл Вася сæмбæлд фронты раззаг хаххыл Германы зæххыл. Уый тыххæй  йæ Сырх Æфсады сæйраг командæгæнæг, генералисимус Иосиф Сталин схорзæхджын кодта Арфæйы фыстæг æмæ орден «За отвагу»- йæ.

1945 азы фæззæджы Вася æрыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ кад æмæ бирæ хорзæхтимæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъæбатырæй кæй фæтох кодта йæ райдайæнæй суанг йæ фæудмæ, уымæн æвдисæн сты йæ бирæ хорзæхтæ дæр.

Вася райгуырд æмæ  схъомыл ис Дзауы районы Моргойы хъæуы æфсæддон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Гиуæрги йæ хъæбултæн æппынæдзух амыдта, кæй хъæуы рæстдзинады фæндагыл лæууын, райгуырæн бæстæмæ уарзон ахаст дарын.  Æвæццæгæн уыцы амындтытæ ныббиноныг сты Васяйы хъуыдыты æмæ, йæ риуы цы зæрдæ хаста, уый йемыдзаг уыд йæ адæммæ, йæ райгуырæн бæстæмæ уарзондзинадæй æмæ йын фронты быдыры уыцы уарзондзинад лæвæрдта æнæбасæтгæ тых. Нæ йын лæвæрдта бар фæстæ фæлæууын кæнæ тæппуддзинад равдисынæн.

Хæстæй æрыздæхыны фæстæ Вася йæ цард баиу кодта  Къæбулты Шурæимæ,  схъомыл кодтой дыууæ чызджы, Валя æмæ Зæлинæйы.  Уыдонæн ныр ис цот, цоты цот æмæ уыдон дæр Васяйау сты патриотикон зондахастыл лæуд, кусынц æмæ лæггад кæ-нынц сæ райгуырæн бæстæйæн.

Æппæт зындзинæдты хъауджы ма, Вася æрæййæфта йæ уарзон Ирыстоныл дудгæ бон куы ‘ркодта нæ «фæрныг» сыхæгты къу-хæй, уыцы 2008 азы авгуысты геноцид  дæр.

Стыр Уæлахизы бонæй рацыд 72 азы, фæлæ Васяйæн нал бантыст ацы бæрæгбоныл сæрæгасæй сæмбæлын. Хъыгагæн, уый не ‘хсæнæй фæхъуыд 2011 азы февралы мæйы, фæлæ Джиоты Васяйы хуызæн хъæбатыр ирон  лæппуты нæмттæ рох никуы уыдзысты сæ радтæг адæмæй. «Мæ фыд Фыдыбæстæйон хæстæй æрыздæхт тынг бирæ хорзæхтимæ. Фæсхæст дæр иу ран никуы лæууыд, уыд куыстуарзаг. 15 азы дæргъы цæсгомджынæй куыста æндæр æмæ æндæр бынæтты. Нæ уыд рохуаты нæ республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй дæр. Æрвылаз дæр-иу Стыр Уæлахизы бæрæгбонмæ уый хорзæхджын æрцыд ног хорзæхтæй», – загъта Васяйы чызг Зæлинæ.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.