Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æмбæстæгтæ бирæ хæттыты референдумæй бафидар кодтой хæдбар республикæтæй уæвыны фæндондзинад.

2008 азы Гуырдзыстоны уæрæхмасштабон хæсты фæстæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз бахатыдысты Уæрæсейы Федерацимæ, цæмæй Гуырдзыстонæй хæдбарæй нымад æрцæуой сæ паддзахадтæ.

Уыцы райдзаст бæрæгбоныл æмбæлæм ныр фарастæм аз. Ацы ахсджиаг бæрæгбоны тыххæй сæ хъуыдытæ дзурынц не ‘мбæстæгтæ.

Бекъойты Дианæ:

– Паддзахадон хæдбардзинадмæ фæндаг нын уæззау, дæргъвæтин æмæ стыр мысинаджы фæндаг у. Æнæскойгæнæн нæй уыцы уæззау дугæн, уымæн æмæ нæ сæрибарæй цæрын кæй фæндыд Гуырдзыстонæй, уый тыххæй нæм уыд цалдæр азы хæст. Уал азы нæ республикæйы нымæг кодта экономикæ, сæудæджерад, хъæууон хæдзарады … Сырæзт нæм, нæ буц фидæн, стыр ныфс æмæ сæрыстыр цы алы кары фæсивæдæй уыдыстæм, уыдон ног уæлмæрдтæ. Æмæ уыдон рухс номы кадæн, сæ хæдбардзинад æмæ ныфсхастдзинады, лæджыхъæддзинады кадæн абон, сом æмæ дарддæр мах сæрыстырæй хъуамæ хæссæм нæ хæдбар паддзахад Аланийы ном.

Гæззаты Иван, журналист:

– Афтæ мæм кæсы æмæ 2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны адæмыл æрцыд стыр æхсызгон цау. Уæд дунейы æппæт адæмыл айхъуыст, фыдæлтæй фæстæмæ нæ адæм цæмæ бæллыдысты, уыцы хæдбардзинад нын кæй банымадта æфсымæрон, стыр æмæ хъомысджын Уæрæсе. Ахæм æнтыст нæ адæмы, сæйраджыдæр, хъуыд уымæн, æмæ цæмæй фыдæлтæй фæстæмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй цы фыдбылызтæ æмæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдон мауал æвзарой нæ фæдонтæ. Сæ цард та тæсгæ-ризгæйæ ма æрвитой, фæлæ æфсымæрон адæмтимæ цæрой æмбарæй.

Хæдбардзинад нæ адæмæн райхæлдта сæ къухты баст. Махæй алчи дæр хорз зоны, цыфæнды чысыл хъуыддаджы тыххæй дæр Тбилисæй кæй хъуыд бар райсын. Нæ цард хъуамæ кодтаиккам, уыдон куыд фæндыд, куыд нын дзырдтой, афтæ. Адæм стæм, исты нæ хъæуы, уый та сæ  æндавгæ дæр нæ кодта. Ирд цæвиттонтæ ис, йæ адæм, Ирыстоны тыххæй чи дзырдта, уыдон активондæртыл цы бонтæ кодта, уый тыххæй. Уырны мæ, нырæй фæстæмæ нæ адæм ахæм фыдбылызтæ, æнамонддзи-нæдтæй хызт кæй уыдзысты, уый.

Танделаты Виленæ, хæдзарон æфсин:

– Нæ паддзахадон хæдбардзинад махæн у нæ сæрибардзинады историйы райдиан. Йæ банымадæй мах сæрибарæй сулæфыдыстæм знаджы алыгъуызон æхсæнгæрзты æхстытæй, фервæзтыстæм мæлæты тасæй æмæ нал хъуысы ирон мады зæрдæхалæн хъарæг. Уæд схызтыстæм, знаджы нæмыгæй нæхи кæм æмбæхстам, уыцы ныккæндтæй æмæ æрæвнæлдтам нæ царды хабæрттæ кæнынмæ.

Хæдбардзинад банымайын у историон цау æмæ уый фæстæ республикæ йæ къахыл слæууын æмæ сæндидзын кæнынæн, Уæрæсейы стыр æххуысæн ис æгæрон нысаниуæг нæ абон æмæ фидæны. Уый тыххæй махæй алчидæр стырæй чысылæй бузныг стæм Уæрæсейы политикон къухдариуæгад, адæм æмæ æппæт рæстмæхъуыдыгæнæг дзыллæтæй.

Нæ паддзахадон хæдбардзинады банымады хъуыддаг та махæн у фидар бындур – куыд уæвæг паддзахад, афтæ рæзын, размæ цæуын æмæ æндидзынæн.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.