«Республикæйы алы цæрæг дæр тыхсы, абон нæм цы уавæр ис, уый тыххæй. Фæстаг цаутæм дæр æмæ Хуссар Ирыстонмæ УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы комитеты сæрдар Константин Косачевы сæргълæудæй цы делегаци æрцыд, уымæ дæр цымыдис кæнынц не ‘мбæстæгтæ», – ахæм ныхæстæй райдыдта йæ пресс-конференци РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр.

«Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынады ‘хсæн Æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады фæлгæтты нæ республикæмæ уæрæсейаг делегацийы балцы фæстæ соцхызæджы иуæй-иу политиктæ парахат кæнынц дезинформаци, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ Косачев æрцыд æрмæстдæр Æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады тыххæй, ома, нæ ахызт æхсæнпарламентон къамисы куысты фæлгæттæй», – банысан кодта Гасситы Петр.

 «Ахæм фембæлдтыты, кæцытæ уагъд цæуынц регуляронæй, уынаффæ фæцæуы бæрæг фарстатыл. Парламенты фæстаг рабадты уынаффæ цыд дыууæ фарстыл: фыццаг уый, æмæ Уæрæсейы Федерацийы территоримæ таможнæ рæстæгмæ «ввоз» кæй нæ дæттынц, уыцы фарст. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыддаг проблемæ æвзæрын кæны не ‘мбæстæгтæн, дыккаг та уый, æмæ пенси нысан кæныны рæстæджы нымад нæ цæуы, Хуссар Ирыстоны территорийыл чи куыста, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгты куысты стаж Уæрæсейы Федерацийы», – загъта парламентари.

Гасситы Петр æрхаста ахæм цæвиттонæн: «Зæгъæм, æвзонг адæймаг уæлдæр ахуырад райста Уæрæсейы Федерацийы, уым бакуыста цалдæр азы æмæ квалификаци райсыны  фæстæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ ам фæкуыста бирæ азты. «Уыцы адæймаг йæ пенсион кармæ куы бахæццæ уа, уæд ын Уæрæсейы территорийыл нæ банымайдзысты Хуссар Ирыстоны куысты стаж. Афтæмæй алы адæймаг дæр йæ фидæны пенсийыл кæй хъуыды кæны, уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны ис кадрты дефицит».

Вице-спикеры ныхæстæм гæсгæ уыцы дыууæ фарсты тыххæй дæр уæрæсейаг сенатортæ уадидæгæн фæдзырдтой æмбæлон ведомствотæм, цæмæй сбæлвырд кæной, цы хъæуы саразын, æмæ ныфс бавæрдтой, уыцы проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн кæй баххуыс кæндзысты.

Куыд загъта, афтæмæй афтæ цы депутаттæ дзурынц, зæгъгæ, Косачев æрцыд, æрмæстдæр æхсæнпарламентон æмгуысткæнынады тыххæй, уыдоны рæстдзинад фæуд кæны уым. Фыццаджы фыццаг, Константин Косачев дæр, æмæ йемæ цы сенатортæ æрцыд, уыдон, уыцы нымæцы  Тайсауты Хъазбег дæр, фембæлдысты Парламентон фракцитæй алкæцыимæ дæр æмæ иумандатонты баиугæндимæ дæр. Уыцы фембæлдтыты рæстæджы бынтон дырысæй уæрæсейаг парламентаритæ бамбарын кодтой Уæрæсейы позици нæ республикæйы æхсæнадон-политикон уавæры фæдыл.

«Сайын, мæнг ныхæстæ кæнын нæ хъæуы. Исчи йæхи йæ адæмæй зондджындæрыл нымайын куы райдайы, проблемæтæ дæр уæд райдайынц. Дырысæй загъдæуыд, зæгъгæ, Уæрæсе стыр катаимæ йæ хъус дары Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæм, республикæйы закъондæттæг орган кæй нæ кусы, æххæстгæнæн хицауиуæгад нырма фидар кæй не ‘рцыд, райст кæй не ‘рцыдысты республикæйы бюджет, æмæ социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы закъæттæ, æппæт уыдæттæм. Уыимæ зæгъдзынæн уый, æмæ уæрæсейаг делегаци йæ позици тыхæй никæмæн хъардта. Æрмæстдæр бамбарын кодта Уæрæсейы къухдариуæгады позици æмæ саргъ кодта, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны цы æхсæнадон-политикон уавæр ис, уымæн. Уæрæсейаг сенатортæ загътой, зæгъгæ, «афтæ гæнæн нæй, Уæрæсейы афтæ нæ кæнынц, партнертæн цæлхдуртæ не ‘вæрынц»? – банысан кодта Гассийы фырт æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, ис ахæм ирон æмбисонд: «Мæсыг хи дурæй сæтты», уый раст æмбисонд у. Сæ архайдæй оппозицион депутаттæ нæ паддзахаддзинады бындур халынц. Уыцы депутатты адæмы знæгтæ схонын зын хъуыддаг у, уымæн æмæ уыдон фыдызнагæй хъахъхъæдтой нæ райгуырæн бæстæ. Фæлæ уыдон абон цы аразынц, уымæй  пырх кæнынц нæ паддзахаддзинады», – загъта вице-спикер.

Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг куыд банысан кодта, афтæмæй  Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе йæ сæйраг стратегион партнер у, æмæ соцхызæджы афтæ фыссын, зæгъгæ, «Константин Косачев уыцы  æмвæзады чиновник нæу, цæмæй исты скъуыддзаг кæна», уый раст нæу. Уыимæ ма цæлхдур у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хæларадон ахастытæн. Косачевы сæрдариуæгадæй цы делегаци æрцыд, уыдон ныфс бавæрдтой, зæгъгæ, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны размæцыдæн æххуыс кæндзæн, æрмæст, дам, сымахæй алчи дæр хъуамæ куса республикæйы хæрзиуæгæн.

Хуссар Ирыстоны адæм Уæрæсейы ныхмæ никуы уыдысты æмæ никуы дæр уыдзысты. Уымæн æмæ алы хуссарирыстойнаг адæймаг дæр æмбары, физикон æгъдауæй Уæрæсейы руаджы кæй уæвынад кæны. Æмбары уый дæр, æмæ ирæтты цы Гуырдзыстон хъавыд скуынæг кæнын­мæ, уый ис  комкоммæ Вашингтоны къухдариуæгады бын. Гуырдзыстон æмæ йæ цæдисонтæ та æппæт æгъдауæй дæр архайынц Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахиуæгады ныппырх кæныныл.

Цыппæрæмы цы сесси ауадзын фæнд цæуы, уый тыххæй та вице-спикер банысан кодта, зæгъгæ, сессийы боны фæтк нæ фæивта, баззад, раздæр куыд уыд, афтæмæй. Фæлæ, гæнæн ис, Конституцимæ бахастæуа, оппозицион депутаттæ цы ивындзинæдтæ раразмæ кодтой, уыдон, кæцытæ дзурæг сты Генпрокуроры отстав­кæйы арвитыны фæдыл Парламенты æххæстбартæ рауæрæх нæныныл.

Сесси ауагъдæуыдзæн æви нæ, уый тыххæй та загъта, зæгъгæ, «æз оптимист дæн æмæ мæм афтæ кæсы, депутаттæ цыппæрæмы æрцæудзысты Парламенты сессимæ æмæ кæдæй-уæдæй райст æр­цæудзæн бюджет. «Оппозицион депутаттæ афтæ кæй дзурынц, ома, бюджет не ‘ндавы республикæйы цардархайдыл, уымæй  адæмы сайынц. Республикæйы цæрджытæн бауырнын кæнынмæ хъавынц мæнг информаци, зæгъгæ, дам, бюджет куынæ райстæуа, уæд дæр уый ницæуыл бандавдзæн, æнæ уый дæр æппæт дæр хорз уыдзæн. Бюджет хуымæтæг гæххæттытæ не сты, кæцыты æрымысыдысты Президент, Хицауад æмæ Парламент. Уый у бæстæйы сæйраг финансон документ, æмæ ист куынæ æрцæуа, уæд дзурæн нæ уыдзæн паддзахады цыфæнды хуызы размæцыдыл дæр, æмæ нæ хъæуы адæмы сайын», – загъта Гасситы Петр.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, депутаттæ сæ архайдæй «бар æнæ бары» халынц паддзахады бындур.

Ахæм фарстæн, сесси та радон хатт дæр куынæ ауагъдæуа, уæд цы къахдзæфтæ арæзт æрцæудзæн, зæгъгæ, Гассийы фырты дзуапп уыд ахæм: «Уавæрæй рахизынæн ницы оптимистон хъуыдытæ ис. Дзырд цæуы Парламент ныппырх кæныныл дæр. Фæлæ цыфæнды райстæрцæуæг уынаффæтæ дæр æххæст æрцæудзысты, уымæн æмæ паддзахад ныппырх кæныны бар мах никæмæн ратдзыстæм. Цæмæй уыцы хъуыддаг ма æрцæуа, уый тыххæй, куы бахъæуа, уæд нæхимæ райсдзыстæм хъæуæг бæрндзинад», – загъта вице-спикер æмæ ма банысан кодта, зæгъгæ, ахæм кæройнаг мадзæлттæ райсын, æвæццæгæн, нæ бахъæудзæн.

Вице-спикер банысан кодта, зæгъгæ, Парламенты уынаффæмæ гæсгæ, Парламенты депутат-тæ «растæй-зылынæй» январы нæ райстой сæ мызд, æртаджы, бастдзинады æмæ æндæр хæрдзты тыххæй фæрæзтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый нæ фæцыд нæдæр иуты æмæ нæдæр иннæты зæрдæмæ. Гассийы фырт банысан кодта, зæгъгæ, «цы аххосджын сты, Парламенты сесситæм чи цæуы, уыцы депутаттæ?  Чи нæ кусы, сæ комкоммæ хæстæ чи не ‘ххæст кæны, уыцы 14 оппозицион депутаты тыххæй 20 депутаты æфхæрд цæмæн хъуамæ æййафой?

Вице-спикеры ныхæстæм гæсгæ, оппозицио-нертæй кæцыдæртæ тæрхондонмæ бахъаст кæнынæй æрдхъирæнтæ дæр бакодтой, зæгъгæ, дам, æрвылбон дæр цæуæм куыстмæ æмæ мызд цæмæннæ хъуамæ исæм.

О, фæлæ Парламенты куыст у закъæттæ исын кæнæ нæ исын. Тынг зæрдиагæй æмæ æвæс-тиатæй цы закъæтты хъæуы райсын, уыдон абоны онг дæр ист не ‘рцыдысты. Уæдæ ма Парламенты бæстыхаймæ се ‘рвылбонон цыд цы пайда хæссы республикæйæн, кæд æмæ сæ куысты фæстиуæг нæ зыны?

«Оппозицион депутаттæ тох кæнынц хицауиуæгадмæ баивæрзыныл. Уый нормалон у, аразын та йæ хъæуы, паддзахады æмæ не ‘мбæстæгты хардзæй нæ,  фæлæ – закъоны фæлгæтты. Цы цæсгомæй хъуамæ домай мызд, кæд æмæ йæ дæ аххосæй æндæр организациты кусджытæ нæ исынц?» – банысан кодта Гасситы Петр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, депутаттæн мызд нæ фиддзысты, цалынмæ бойкот чи кæны, уыдон нæ бамбарой, адæм сæ кæй равзæрстой, цæмæй кусой æмæ хъахъхъæной уыцы адæмы интерестæ.

«Президент йæ конституцион бартæй спайда кæнгæйæ, цы сесси æрсидт, уымæ депутаттæ кæй не ‘рбацыдысты, уый у депутатты æрдыгæй сæйраг закъон фехалын. Фæлæ иунæг адæймаг дæр нæ зæгъдзæн афтæ, æмæ республикæйы фæстаг негативон цауты Президент фехæлдта закъон кæнæ ахызт йæ æххæстбарты фæлгæттæй», – загъта уый.

Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг банысан кодта, зæгъгæ, Президент архайы ууыл, цæмæй трагикон æгъдауæй фæмардуæвæг Дзабиты Иналы амæлæты фæдыл фæдысгарæн мадзæлттæ ацæуой объективонæй. Паддзахады сæргълæууæджы уыцы позициимæ зонгæ сты Дзабиты бинонтæ – йæ мад æмæ йæ идæдз.

«Дзабиты бинонты фарсмæ бирæтæ балæууыдысты æмæ сын сæ трагедийыл бирæтæ маст кæнынц. Фæлæ ис ахæм æдзæсгом политиктæ, кæцытæ пайда кæнынц Дзабиты бинонты уæззау трагедийæ», – бахахх кодта Гассийы фырт.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.