Иры дзыллӕ азы дӕргъы кад кодтой стыр поэт, нывгӕнӕг, драматург ӕмӕ ирон адӕмы сӕрхъызой Хетӕгкаты Къостайӕн. Ирон генийы цытӕн нӕ республикӕйы культурон ӕмӕ ахуырадон уагдӕтты ауагъдӕуыд бирӕ алыхуызон мадзӕлттӕ.

Иу ахӕм цымыдисон мадзал та ӕрӕджы уагъд ӕрцыдис Знауыры районы Терегуаны астӕуккаг скъолайы. Ардӕм фӕуазӕг сты районы скъолаты ахуыргӕнджытӕ, Знауыры районы ахуырады хайады къухдариуӕггӕнджытӕ, бынӕттон администрацийы сӕргълӕуджытӕ ӕмӕ сывæллæтты ныййарджытӕ. Йӕ раныхасы Терегуаны астӕуккаг скъолайы директор Тадтаты Ритӕ куыд банысан кодта, афтӕмӕй азы райдианы Къостайы цытӕн фыццаг мадзал Знауыры районы бацӕттӕ кодта Балтайы астӕуккаг скъола, ӕмӕ азы кӕрон та бӕрӕгбонон мадзӕлтты ӕхгӕны Терегуаны астӕуккаг скъола. «Стыр бузныг зӕгъын не скъоладзаутӕн, азы дӕргъы нын нӕ зӕрдӕтӕ кӕй хъӕлдзӕг кодтой, уый тыххӕй. Уадз ӕмӕ алкӕцы ирон адӕймаджы зӕрдӕйы дӕр зӕлӕд Къостайы зард, йӕ фӕдзӕхстытӕ та йын рохуаты макуы ныууадзӕм. Ног азы къӕсӕрыл лӕууӕм ӕмӕ уын зӕрдӕбынӕй арфӕ кӕнын. Фӕнды мӕ, цӕмӕй Къостайӕ ирон адӕмы зӕрдӕтӕ куыд рухс сты, афтӕ барухс уой уӕ зӕрдӕтӕ дӕр, ӕмӕ бирӕ азты ахӕм мадзӕлттӕ аразынхъом уӕм», – загъта йӕ раныхасы Тадтаты Ритӕ.

 Мадзалы хайадисджытӕ райдианы ӕрдзырдтой Къостайы цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл. Банысан кодтой, зӕгъгӕ, Къоста ирон адӕмӕн цас балӕггад кодта, уымӕн аргъ скӕнӕн нӕй. Дзуццаты Хадзы-Мурат дӕр афтӕ фыста: «Ирыстон Къостайӕ хуыздӕр никӕй радта ӕмӕ Ирыстонӕн Къостайӕ фылдӕр ничи радта». Скъоладзаутӕ бакастысты Къостайы ӕмӕ Къостайыл фыст ӕмдзӕвгӕтӕ, сӕххӕст кодтой стыр поэты уацмыстыл фыст зарджытӕ, инсценировкӕты хуызы равдыстой поэты баснитӕ ӕмӕ ма сӕххӕст кодтой цалдӕр кафты дӕр.

Знауыры районы ахуыры хайады сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Эльвирӕ стыр бузныджы ныхӕстӕ загъта, мадзал чи бацӕттӕ кодта, уыдонӕн, ӕмӕ банысан кодта бӕрӕгбонон изӕр кӕй ацыд хорз ӕмвӕзадыл. «Къостайы цытӕн цыдӕриддӕр ауагъдӕуыд мадзӕлттӕ азы дӕргъы, уыдон иууылдӕр рауадысты тынг цымыдисон. Абоны бон кӕд ацы скъолайы хӕрзцъус скъоладзаутӕ ис, уӕддӕр ӕрӕмбырдуӕвджытӕн равдыстой аккаг мадзал. Афтӕ мӕм фӕкастис, цыма дзы  алкӕцы скъо-ладзау дӕр хайад райста», – загъта Гӕбӕраты Эльвирӕ.

Арфӕйы ныхӕстӕ ма загътой ӕндӕр ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ уазджытӕ дӕр.

Банысан кӕнын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ мадзалы хайад кӕй райстой Уӕрӕсейы Федерацийы ӕфсӕддонты сывӕллӕттӕ дӕр ӕмӕ бакастысты Къостайы фыст ӕмдзӕвгӕтӕ уырыссаг ӕвзагыл. Уыдон ахуыр кӕнынц Уахтъанайы скъолайы, кӕцы абоны бон нымад цӕуы Терегуаны астӕук-каг скъолайы филиалыл.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.