3-æм декабры Хуссар Ирыстоны Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты уыд «Тымбыл фынг». Уыцы бон йæ райгуырдыл  95 азы сæххæсты сæраппонд «Тымбыл фынг»-ы хайадисджытæ æрымысыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, юстицийы инæлар, Хуссар Ирыстоны сгуыхт юрист, Хуссар Ирыстоны юстицийы фыццаг министр, Хуссар Ирыстоны фыццаг конституцийы автор Гаглойты Хазбийы рухс ном. Мадзал бацæттæ кодтой Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт æмæ Галаты Барисы номыл культурæйы фонды разамонджытæ.

Мадзалмæ хуынд æрцыдысты историктæ, философтæ, юристтæ, фысджытæ, партион æмæ хæдзарады активты кусджытæ. Хазбийы æввахс адæймæгтæ, кæимæ куыста æмæ йæ хорз чи зыдта, уыдон. Мадзал байгом кодта æмæ дзы бацæуæн ныхас ракодта Кокойты Тарзан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 1989-2008 азмæ Хуссар Ирыстоны адæм цы стыр зындзинæдтæ æййæфтой, уыдонæй рахизыны сæраппонд бирæбæрцæй пайда кодтам Хазбийы амындтæ æмæ куыстытæй. Цы конституци сарæзта, уымæй та пайда кодтам цалдæр азы.

Уый фæстæ «Тымбыл фынг»-ы хайадисджыты раз раныхас кодта Джиоты Мурат. Мурат банысан кодта, зæгъгæ, ахæм удгоймаджы, куыд Гаглойты Хазбийы ма хъуамæ ферох кæнæм, нæ æрыгон фæлтæрæн æй зонын кæнæм. Уыимæ ма Джиоты Мурат банысан кодта, зæгъгæ, 1990 азты нæ бартыл æрдзурыны фадæттæ куы фæхуыздæр  сты, уæд нæ бахъуыд юристты стыр æххуыс. Цы юристтæ нæм уыд, уыдонæй сæйрагдæр бынат ахста Хазби. Хазби æмæ уый кæмæн разамынд кодта, уыцы къорд цы закъæттæ бакуыстой, уыдон нæ хæлдтой Советон Цæдисы æмæ нæ дæр æхсæндунеон закъæдтæ. Хуссар Ирыстоны фыццаг конституци чи сарæзта, уыцы къамисы сæрдар дæр уыдис Хазби. Конституци тагъддæр ныффыссыны хъуыддаг уæд тынг ахсджиаг уыд. Уый хорз æмбæрстой, Хазби æмæ кæмæн разамынд кодта, уыцы къорд дæр. Бакуыстой йыл хорз æмæ ист æрцыдис афоныл.

– Цъус рæстæг акуыстон Хазбиимæ, фæлæ тагъд базыдтон, уымæн йæ куырыхон  зонд æмæ зонындзинæдтæн æмбал кæй нæ уыд, уый, – зæгъы Гаглойты Венерæ. – Уыцы азты куыстон прокуратурæйы, юстицийы министрадмæ дæр мæ æрбакодта Хазби. Хазби, куыд юрист, афтæ, уыцы рæстæджы йемæ абарæн никæмæн уыд. Куыд рæсугъд уыд, афтæ рæсугъд уыдысты йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ дæр.

Коцты Станислав та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон Хазбийы тыххæй дзурæн бирæ ис, фæлæ ракодта уæды Парламентимæ йын цы ахаст æмæ иудзинад уыд, уыдон кой. Уæд Парламенты дзæвгар уыдысты фысджытæ, нывгæнджытæ, зæхкусджытæ, артисттæ. Конституци аразыны рæстæджы сæ алчи дæр размæ кодта сæрмагонд хъуыдытæ. Уый аххосæй æвзæрд ныхмæлæудтытæ, къуылымпыдзинæдтæ. Хазби сын уæд бамбарын кодта, зæгъгæ, Конституци ма хъуамæ уа политикон уацмысы хуызæн, ма дзы хъуамæ зына æрмæст авторы къухты фæд, фæлæ дзуапп дæтта æмæ хъахъхъæна паддзахады, цы адæм дзы цæры, уыдон интерестæ. Байхъуыстой йын йæ дзырдтæм æмæ æппæт къуылымпыдзинæдтæ дæр иуварс æрцыдысты.

Плиты Беллæ та радзырдта, зæгъгæ, уæды Парламенты депутаттæй алчи дæр тырныдта Ирыстон, ирон адæмæн хорз саразынмæ, фæлæ уæд алчи бæстон нæма зыдта, цы аразын сæ хъæуы, уый. Уый аххосæй иу кæрæдзимæ дæр систы. Сæ æрсабыр кæнын та-иу бацис Хазбийы бон. Зыдтой йын йæ зонындзинæдтæ, æмæ-иу æм алы хатт дæр байхъуыстой.

Кокойты Таймураз та мадзалы хайадисджытæн радзырдта, зæгъгæ, Хазби æрмæст хорз юрист нæ уыдис, фæлæ ма уыд курдиатджын дипломат дæр. Иу рæстæджы мын мæ зонгæ радзырдта, зæгъгæ, Хазбимæ кабинетмæ бахызтæн знагæй æмæ фæстæмæ йæ кабинетæй рахызтæн æфсымæрæй.

Гаглойты Фатимæ та «Тымбыл фынг»-ы хайадисджытæн радзырдта, зæгъгæ, Хазби Хуссар Ирыстоны фыццаг конституци арæзт куы фæци æмæ йæ Мæскуымæ   куы арвыстой, уый фæстæ йæм фæдзырдтой цыдæр фарстыты тыххæй. Хазби уæд уатон нæма уыдис, фæлæ йæхи хатыд мæгуырау, йæ уæнгтæ рæстмæ нал кастысты йæ коммæ. Фæлæ йæ æмбæрста, æнæ ацæугæ йын кæй нæй, уый. Ацыд, конституцийы æнæмбæрстгонд фарстытæ дæр скъуыддзаг æрцыдысты, фæлæ бахауд рынчындонмæ. Дохтыртæ йæм никæй уагътой, нæдæр æм газеттæ æмæ журнæлттæ уагътой, фæлæ сыхаг палатæйы каст телевизормæ. Цыдæр æнамондæн дзы уæд æвдыстой Хуссар Ирыстоны блокадæ. Уыдæттæм кæсын нал бафæрæзта йæ рыст зæрдæ æмæ алæвæрд кæронмæ  нæма фæцис, афтæмæй ахицæн йæ цардæй.

Мадзалы уыдысты æмæ дзы раныхас кодтой Плиты Анатоли, Харебаты Батрадз, Кокойты Шурван, Къæбысты Дзерассæ, Гаглойты Роберт, Фатимæ, Руслан, Иринæ, Ляна æмæ æндæртæ.

                                                                      Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.