Юбилейтæ нысан кæнын хорз æмæ рæсугъд хъуыддаг у, сæ нысан кæнын дæр ма сын куы зониккам, уæд!.. Хъæугæ кæнынц, уый дызæрдыггаг нæу, фæлæ сæ алкæмæн æмæ алцæмæн куы кæнæм, уæд уымæй ацы арфæйаг дзырд «юбилей»-æн йæ фарн æмæ ахадындзинад дæлæмæ кæнæм… Æниу, æдзæстуарзонæй æвзæрдæр ницы ис ацы уæлион дунейыл – Хуыцау алкæмæн дæр бирæ радтæд, фæлæ, нæ цинтæ æмæ нæ арфæтæ ницы-мацытыл куы баихсыйынц, уæд нæ цæсгом нал фæхъæцы æцæг арфæйагæн арфæ ракæнынмæ…

Бæргæ та нæ куынæ бахъуыдаид ахæм ныхæстæ кæныны сæр, фæлæ… Дзырд рауагъдад «Ир»-ыл куы цæуа, уæд рæстаг адæймагмæ куыднæ хъуамæ сæвзæра ахæм æнæзæрдæхцон хъуыдытæ!.. Сæфты къахыл чи ныллæууыд, ахæмты дæр премитæм кæм æвдисæм, уым ма цы зæрдæйæ хъуамæ ракæнæм арфæ абоны æцæг арфæйаг юбилярæн – Ирыстоны зæххыл æвæллайгæ зиууонæн, ирон аив дзырд æмæ Ирвæдæны иууыл ахсджиагдæр зæгъинæгты хæзнадон аразæгæн, рауагъдад «Ир»-æн?!. Зын ссарæн сты, нæуæдз фондз азы дæргъы нæ уарзон рауагъдад Ирыстон æмæ ирон адæмæн цы арфæйаг лæггад бакодта æмæ кæны, уый равдисыны аккаг дзырдтæ.

Фондз азы фæстæ та йæ æнус нысан кæндзæн. Хуыцау зæгъæд, цалынмæ арвæй зæххы ‘хсæн бæлас сыфтæр æфтауа, нæууыл кæрдæг зайа, уæдмæ цы уа æмæ цы цæра нæ Иры «Ир»!

Уæд зындæр уыдзæн йæ аккаг дзырдтæ ссарын, уымæн æмæ ноджы фæфылдæр уыдзысты йæ ранымаинаг лæггæдтæ. Фæлæ диссаг уый у, уыдонæн, ома, йæ сомбоны кæнинаг лæгæдтæн дæр бындур йæхæдæг æрæвæрдта. Сомбон ирон чиныг, ирон аив дзырд чи парахат кæна, уыдон йæхи хъомыл, йæхи бæркадджын куысты фæстиуæг сты. Чиныг царды айдæн, царды размæцыд у – æнæхъуаджы нæ баззад «сæ чиныг сын сæгъ бахордта…».  Чиныг кæмæн нæй, уæлдайдæр – мадæлон æвзагыл, уыцы нацийæн наци схонæн нæй, ахæм адæм æвæстаг сты, сомбон сын нæй. Махæн, ирон адæмæн рауагъдад «Ир» цы æвæджиауы бынтæ скодта, ахæм бынтæм, ахæм хъæздыгадмæ бирæ нациты тъымы-тъыматæм хæлæгæй мæлын бахъæудзæн.  Цал чиныджы фæзынд дунейы рухсмæ «Ир»-ы фæрцы: Иры истори, ирон аивад, дзыхæйдзургæ сфæлдыстад, дунеон литературæйы хъаймагъдæр уацмысты тæлмæцтæ, æхсæндзарды ахсджиагдæр хабæртты æвдисæнтæ æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр сæйраг бынаты æвæрын хъæуы ирон аив дзырд. Алы адæмты дæр алыгъуызон редакцитæ æмæ рауагъдадтæ уый тыххæй хъæуынц, цæмæй ма сæфа се ‘взаг, сæ культурæ цæрой æмæ тыхджындæр кæной сæ традицитæ, се ‘гъдæуттæ. Цал ирон фыссæг, цал ирон ахуыргонды фæллæйттæ рауагъта джиппы нæ уарзон рауагъдад! Ирыстон æмæ ирон адæмы цард æвдисæг чингуыты кой ма чи кæны – уыдон нæ зонад-иртасæн институтты, нæ ахуыргæнæн уагдæтты, нæ библиотекæты æвидигæ хæзнатæ сты!

Æмæ ахæм арфæйаг куыст кодта рауагъдад «Ир» кæддæриддæр. Æнцон ын уыд æви зын, уымæ æнæкæсгæйæ. Æнцон нæ уыд йæ сырæзт, йæ рухсмæ фæзынд. Кæд йæ фæзынды истори аивгъуыйгæ æнусы фæндзæм, æвдæм азтæй нымайгæйæ у, уæддæр йæ райгуырды бындур Советон цардарæзты райдианы æрцыд æвæрд. Нæ йын уыд йæ уæнгтæ, зæрдæйы фæндиаг, аивазыны фадат… Нырма ног цардарæзтад йæ фыццаг къахдзæфтæ кодта – нæ уыд фаг техникон фæрæзтæ рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ чингуытæ уадзынæн. Хæ-ринаджы та цæст хæры… Кæд чиныгуадзæн, газеттæ æмæ журналтимæ абаргæйæ, ацы æнæхайыры политикæйы раив-баивтæм чысыл дæрддзæфдæр у, уæддæр дзы æвыдæй кæм аирвæзтаид «Ир» дæр?.. Куыднæ йыл бандæвта æмæ йæ куыднæ басыгъта æртын æвдæм азы æвирхъау азар, фæлæ нæ фæцудыдта, нæ ахуыссыд нæ уарзон рауагъдад. Авдудон разынд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр, нæ бакуымдта асæттын, амæлын, ахуыссын… Удвидар разынд, æвдай азы бæрц хурæй тыхджындæр, арвæй бæрзонддæр кæй хуыдтам, уыцы Советон Цæдис йæ уд куы иста æмæ систа, уыцы дугивæны дæр… Царды фыдæвзарæнтæ та йæ ныцъист кодтой, йæ разы та слæууыд «уа ма æви мауал уа»-йы фарст, фæлæ та сраст кодта йæ астæу, нæ йæ аныхъуырдта мæнг æмæ æнæсæрфат демократи, нæ фæци цардсафæг, царды хурхылхæцæг рацарæзты фæндиаг…

Æмæ цал хатты бахауд дугивæнты, дуджы фыдæвзарæнты бын!..

Æмæ æвзæры фарст: куыд, цы амæлттæй бафæрæзта уал хатты ахæм фыдæвзарæнты æгъатыр цæвæнтæн?..

Æмæ ацы фарстæн ис æрмæстдæр иунæг дзуапп: бафæрæзта уымæн, æмæ дзы куыстой, æнувыд-иу ыл чи уыд æмæ у, ахæм адæм, йæ цин, йæ фарн, йæ цæрайæ чи цард æмæ цæры, ахæм коллектив!..

Дзырд Ирыстон, ирон адæм æмæ ирон дзырдаивадæн лæггад кæныныл куы цæуа, уæд æддагон знаджы цæст дæр куыд хъуамæ бауарза Ирыстоны цæгат æмæ хуссарыл дих кæнын, фæлæ нырма ахæм уагыл у нæ демографион уавæр æмæ цы кæнæм…

Гъемæ йæ зæгъæм æргомæй, зæрдиагæй æмæ сæрыстырæй: Ирыстоны хуссар хайы иунæг, æнæмæнузæгъæджы хъысмæт куы баййæфта, нæ иумæйаг Райгуырæн бæстæ куы ныппырх æмæ Хуссар Ирыстон ихы сæрыл куы аззад, уæд доны къусы сæфт фæкодтаид, æххуысгæнæг, æххуысгæнджытæ йын куынæ уыдаид, уæд… Чизоны нæ, уымæн æмæ нæ адæм æнахуыр удвидар æмæ фæразондзинад равдыстой!.. Фæлæ, дам, иуæн дыууæ – æфсад… Цы бакодтаиккам, йæ нымæц милуантæй чи нымайы, уыцы тугмондаг Гуырдзыстоны, стæй йæ нæ цæгъдынмæ чи разæнгард кодта æмæ кæны, уыцы хъомысджын Америкæйы ныхмæ иунæгæй?.. Фесæфтаиккам, не ‘фсымæртæ, нæ ныфсытæ нæ фарсмæ куынæ балæууыдаиккой, уæд…

Стæй йæ хъуамæ зонæм: цæмæй наци фесæфа, уый тыххæй æнæмæнг хъуыддаг нæу æмæ йæ бындзагъд ныккæнай… Йе ‘взаг, йæ аивад ын куы амарай, йæ чиныг ын куы байсай, уæд ма нацийы цæгъдын цæмæн хъæуы – сæфт у…

Æмæ, æппæт уыдæттæ зæрдыл даргæйæ, хъуамæ алчи дæр зона æмæ ма рох кæна Ирыстоны хуссар хайæн нæ абоны юбиляры æнæкæрон лæггад. Советон Цæдисы ныппырхимæ Хуссар Ирыстоны раууатмæ æрцыд алцы дæр. Уыцы нымæцы рауагъдад «Ирыстон» дæр. Ахуыссыд нæм чингуытæ уадзыны хъуыддаг, йæ уд иста ирон дзырдаивады размæцыды ныфс… Фæлæ нæ систа йæ уд… Нæ иууыл зындæр рæстæджы нæ фарсмæ балæууыд рауагъдад «Ир». Æмæ кæд исчи арфæйаг æххуыс бакодта зындзинады бахауæг Хуссар Ирыстонæн, уæд уый уыд уыцы арфæйаг æххуыс. Рауагъдады афæдзон планæн-иу алы хатт дæр йе ‘мбисы бæрц уыдысты Ирыстоны хуссайраг хайы фысджытæ æмæ ахуыргæндты чингуытæ. Æмæ уыцы аудгæ ахаст æнкъардтам бирæ азты дæргъы, æнкъарæм æй абон дæр, кæд ныртæккæ чингуытæ уадзыны хъуыддаг Хуссар Ирыстоны æмбæлон уагыл ис, уæддæр.

Æмæ махæн абон, Рауагъдад «Ир»-ы юбилей нысан кæнгæйæ, нæй, уыцы арфæйаг хъуыддаг кæй фæнд æмæ зæрдæйы хъармæй райдыдта, уыцы коллективæн, рауагъдады уæды сæйраг редактор, Ирыстоны адæмон поэт Кокайты Тотрадзы номæй стыр бузныг ма зæгъæм…

Гъемæ дунесфæлдисæг иунæг кадджын Хуыцауы бафæндæд, цæмæй нæ юбиляр йæ фæзынды арфæйаг бон нысан кæна азтæ нæ, фæлæ æнустæ нымайгæйæ! Абон дзы чи фæллой кæны, уыцы куыстуарзаг æмæ курдиатджын коллективæн та – бирæ азты цæрæнбон æмæ бæрзонд сфæлдыстадон æнтыстытæ!

Уæлахиз у, нæ Иры «Ир»!

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.