Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæ хъазуатон тох кæны республикæйы территорийыл цахæмфæнды зынгсирвæзтытæ рæстæгыл аиуварс кæныныл. Ацы службæ рагон у. Ацы аз ыл сæххæст 90 азы. 1930 азы 23 августы Централон æххæсткæнынадон комитеты президиумы рабадты рахæсгæ уынаффæмæ гæсгæ уæд арæзт æрцыд Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны хайад. Хайады уæды сæргълæууæг Санахъоты Михакъайæн бахæсгонд æрцыд, зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны къорд æнæведомствæйон милицийы кусджытæй саразын. Бакуыст æрцыд хайады уагæвæрд æмæ инструкцитыл, районты колхозты уагдæтты зынгсирвæзтыты ныхмæ тох кæныны фæдыл. Зынгсирвæзты ныхмæ службæ йæ сырæзтæй фæстæмæ ивта йæ куысты системæ.

Ныртæккæ зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны кусджытæ æххæст кæнынц фылдæр хæстæ, уымæн æмæ сæм æрбаиу ирвæзынгæнæн хайад дæр.

Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ, æмæ æрдзон æнамонддзинæдты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл министр Цоциты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ ацы службæ йæ райдианы уыд нæ горæты 13 Коммунары уынджы. Уый фæстæ 1933 азы нæ горæты Хъайтарты уынджы æрæвнæлдæуыд ацы уагдонæн ног бæстыхайы арæзтадмæ. Уырдæм службæ кæнынмæ рацыдысты 1936 азы. Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны хайы цы мæсыг арæзт æрцыд, уый уыд горæты территоримæ цæстдарыны нысанæн, уырдыгæй горæт зынд армæвæрды хуызæн. Уæды азтимæ абаргæйæ, кæй зæгъын æй хъæуы, техникон ифтонгад дæр лæмæгъау уыд, фæлæ азæй азмæ хъомысджын кодта, ног техникон фæрæзтæй ифтонг цыд.

Цоциты Азæмæты ныхæстæм гæсгæ зынгсирвæзты ныхмæ тохы иу хайад кæцæй аххæссыдаид куысты гуырахстимæ, уымæ гæсгæ азæй азмæ сæ нымæц рæзт. Зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны постытæ конд æрцыд алы районы дæр.

Министры куыст æмæ архайд ацы уагдоны

Цоциты Азæмæт ацы системæйы кусын райдыдта 1987 азы рæнхъон службæгæнæгæй. Уый фæстæ нысан æрцыд хайады командæгæнæгæй, хъарагъулы къухдариуæггæнæгæй. Иу ныхасæй, карьерон рæзты асинтыл цадæггай хызт æмæ 2019 азæй та нысан æрцыд уагдоны министрæй.

«Мæ куысты райдиан азтæ мæ зæрдыл хорз мысинагæй лæууынц. Фыццаг бацыдæй мыл тынг хорз сæмбæлдысты йæ кусджытæ. Советон рæстæджы лæппутæ хъæддых æмæ цæрдæг уыдысты, алчи дæр сæ архайдта спорты алы хуызтæй. Уый нын ахъаз кодта æрвылазон алыгъуызон ерысты хайад исынæн, цыран истам призон бынæттæ», – дзырдта министр. 

Уæззау рæстæджытæ уыд зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджытæн

 Æнæбанысангæнгæ нæй, нæ фыдбоны сыхæгтæ нæм æдзух хъæддаг сырды цæстæй куы кастысты æмæ нæм æдзух куы лæбурдтой, уыцы рæстæджы ацы службæ цы уæззау фæлварæнты сæрты хызт, уыцы хъуыддагæн. Уымæн æмæ знаджы уæззау æхсæнгæрзты æхстæй сыгъдысты куы хæдзæрттæ, куы æндæр паддзахадон объекттæ. Уæззау уаргъ ма хастой зынгсирвæзты ныхмæ тохгæнджытæ, горæтмæ-иу гуырдзиаг экстремисттæ нуазыны дон куы сæхгæдтой, уæд. Ацы службæйы кусджытæ уыцы рæстæджы æдзух горæты алы микрорайонтæ, организацитæ æмæ уагдæттæм ластой дон.

Министры  ныхæстæм  гæсгæ-иу  ацы  службæйы кусджытæ дæр радон зынгсирвæзт аиуварс кæнынмæ тындзгæйæ, бахаудтой амынæты. Цæвиттон, 90-æм азты уæды Ереды хъæуы дыууæ боны уыдысты амынæты. Уыдонимæ ма æрцахстой горæт Цхинвалы зынгсирвæзты ныхмæ инспекцийы сæргълæууæг Букуылты Чермен æмæ Хуссар Ирыстоны зынгсирвæзтæй бахъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг Гуыцмæзты Мозирокы. Бадзырдты фæстиуæгæн бæстæйы къухдариуæгады къухты бафтыд уыдон ссæрибар кæнын.

Цоциты Азæмæт хæстон азты йæхæдæг дæр бирæ хæттыты иста хайад стыр зынгсирвæзтытæ аиуварс кæныны. Йæ зæрдыл лæууынц, уæд цы уавæрты куыстой, æппæт уыдæттæ, æххæсгæ дæр нæ кодтой сæ аиуварс кæныныл, уымæн æмæ æдзух æхстыты бын уыд горæт. Хатт-иу сын комкоммæ æхстой сæ машинæты, фæлæ сæ амондæн, иу  кусæг дæр йæ æвæджиау хæс æххæстгæнгæйæ, никуы фæцæф знаджы нæмыгæй.

Бæрæгбон æмæ хорзæхтæ

Хуссар Ирыстоны зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны службæ йæ сырæзты бон 23 августы цытджын уавæрты банысан кодтой сæ бæрæгбон. Арфæ кæнынмæ сæм æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Нæуæдз азы артимæ тох кæнгæйæ

Хайад дзы райстой ацы службæйы ветерантæ æмæ републикæйы районты хайадты службæгæнджытæ. 

Бæстæйы сæргълæууæг йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, абон уæ номыл цы арфæтæ ис, уыдон сты уæ æвæджиаг куыстæн бузныджы нысанæн. Æнæгуырысхойæ, зынгсирвæзтæй хъахъхъæныны службæ у, Уæлвæткон уавæрты фæдыл министрады сырæзты бындурæвæрæг. Уæ намысджын куыстæн саргъгæнæн нæй. Ныртæккæ зынгсирвæзты æдасдзинад, æрдзон æнамонддзинæдтæй иуварс кæнынмæ цы тыхтæ здæхт сты, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, раздæрмæ абаргæйæ, тыхджындæр сты. Махмæ ис æппæт тыхтæ æмæ фæрæзтæ, цæмæй профессионалонæй æххæст кæнат уæ æвæджиаг хæс», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Бæстæйы къухдариуæгад аразы æппæт дæр, цæмæй ацы уагдоны кусджыты куыст-мыздтæ æмæ ветеранты пенситæ фыл-дæр кæной.

Бибылты Анатоли стыр бузныг загъта ацы управленийы ветерантæн. Банысан сын кодта се стыр лæггæдтæ ацы службæйы куысты рæстæджы. Сымах, зæгъгæ, æнæрынцойæ, уе ‘нæниздзинадыл æнæауæрдгæйæ арæзтат æппæт дæр, цæмæй зынгсирвæзтæй хъахъхъæныны службæ аккаг æмæ намысджынæй æххæст кодтаид йæ разылæууæг хæстæ.

Йæ дæлбаруæвæг дæлхайы службæгæнджытæн кадджын юбилейы цытæн арфæ ракодта министр Цоциты Азæмæт. Уый дзырдта ацы уагдоны сырæзты историйыл æмæ, зæгъгæ, уæдæй абоны онг аккагæй æххæст кæнынц сæ разылæууæг хæстæ. Æз, зæгъгæ, сæрыстыр дæн, кæй фæкуыстон нæ буц ветерантимæ æмæ абоны онг дæр кæй фæллой кæнын ам. Юбиляртæн йæ цæст бауарзта бирæ æнæниздзинад, хорз куыст æмæ службæйы æнтыстытæ.

Бæрæгбоны цытæн бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли паддзахадон хорзæхтæй – «Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæты цытæн» майдантæ æмæ Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта ацы уагдоны ветерантæ æмæ цалдæр кусæджы.

Юбилеон мадзал адарддæр, республикæйы территорийыл æппæт зынгсирвæзты ныхмæ тох кæныны фæдыл хайадты кусджыты ‘хсæн æхсæнкомандæйон ерыстæй. Сæ профессионалон æвзыгъддзинæдтæ ирвæзын кæнын æмæ æндæр æнамонд цауты рæстæджы чи æвдыста, уыцы фæуæлахизуæвджыты схорзæхджын кодта министр Цоциты Азæмæт.

Арфæтæ

Ныртæккæ министрады дæлбар ис аст зынгсирвæзты ныхмæ тохы æмæ ирвæзынгæнæн хайы. Уагдоны сконды ис æмбæстагон хъахъхъæнынады службæ, зингсирвæзты ныхмæ тохы службæ æмæ агурæн-ирвæзынгæнæн дæлхай, кæцытæ кусынц æхсæвæй-бонæй. Уыдоны куыст ахсджиаг æмæ æвæджиаг куыст у, уыдон, хъыгагæн, бирæ æрцæугæ æнамонддзинæдты рæстæджы ирвæзын кæнынц адæймаджы цард, ахсджиаг нысаниуæджы объекттæ – хатт цæрæгойты дæр. Уымæ гæсгæ сын арфæ кæнæм сæ юбилейы цытæн мах дæр, бирæ юбилейтæ фæрнджын æмæ æвæлмастæй нысан кæнæнт Ирыстоны сæрвæлтау.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.