25-æм февралы нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы  уыд цытджын уазджытæ. Мысыдысты ирон адæмы аккаг фырт, зынгæ ахуыргонд, поэт, прозаик, драматург, публицист, критик, тæлмацгæнæг, зынгæ æхсæнадон архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, журнал «Дружба народов»-ы литературон премийы лауреат Джусойты Нафи Григолы фырты рухс ном. Мысæн изæр баст уыд Нафийы райгуырæн бонимæ. Абон, 27-æм февралы йыл сæххæст уыдаид 96 азы.

Скъолайы актон залмæ æрбамбырд бирæ адæм. Залы хъуыстысты ирон музыкæйы зæлтæ, экраныл æвдыст цыдысты Нафийы архивон нывтæ, афтæ ма видео-æрмæджытæ дæр. Мадзалмæ æрбацыд Нафийы хо Джусойты Клавдия. Мысæн изæрмæ ма æрбацыдысты РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады минæвæрттæ Гаглойты Элисайы сæргълæудæй, ХИПУ-йы, зонад-иртасæн институты, Æвзæнгты республикон библиотекæйы минæвæрттæ, нæ горæты скъолаты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, студенттæ, 6-æм скъолайы ахуыргæнджытæ Бедойты Элеонорæйы сæргълæудæй.

Уæдмæ сценæмæ рахызтысты 9 æмæ 10-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ ирон формæйы. Уыдон сценкæ равдыстой  Нафийы роман «Фыдæлты туг»-ы фыццаг сæр «Æгомыг зарæг»-æй, кæцыйы рæстæджы уыдон уацмысæй кастысты скъуыддзæгтæ: «Æгомыг сты хæхтæ. Зарын нæ зонынц, дзурын нæ зонынц. Æрмæст æнусты дæргъы хъусынц. Æрмæст æнусты дæргъы кæсынц дзагъырдзастæй…

Хъусут, фæстагæттæ?! Тохы быдыры сæ сæртæ æрхастой нæ хуыздæртæ – кæстæрæй, хистæрæй. Маст æмæ хæрамæй сæ зæрдæ ныддур ис нæ дзырддзæугæтæн. Зарæджы хъæр нал хъуыст нæ хъæутæй, нæ кады мæрдтæй, нымд кæнгæйæ, бамыр нæ хъæлæс, бакъуырма сты нæ хъис-фæндыртæ.

Хъусут, фæстагæттæ?! Æрымысыдысты фыддæрадæн лыстæг къуыхтæ кæнын. Цыфыддæр абырджытæм дæр уыдис иу æгъдау: лæджы марыс, уæд æй фехс  кæнæ та йын йæ сæр ракæн. Нæ, нæ фыдгултæм уый фаг нæ фæкаст – хъуамæ дæ схæйттæ кæной кусартау. Фыццаг – дæ къухтæ æмæ дæ къæхтæ, стæй та дæ сæр æрцæудзæн лыг. Афтæ ныкъуыхтæ кодтой нæ бæгъатырдæр хæстонты: Коцты Хъарадзауы фырт Бегайы, Бикойты Еппийы фыртты дыууæ æфсымæрæй – Кецо æмæ Дауыты, Къæбысты Бæтæйы фыртты – Бега æмæ Сосойы, Къæбысты Болатыхъойы, Басылы, Къакъойы, Созыры æстдæсаздзыд лæппу Будзийы, Къæбысты Ака æмæ Чилæхсаты Салдаты. Рухсаг уæнт!».

Ахуырдзаутæ бакастысты Нафийы фыст æмдзæвгæтæ, уыцы нымæцы зынгæ уырыссаг фысджыты æмдзæвгæтæ дæр Нафийы тæлмацæй. Афтæ ма аив бакастысты, фысджытæ Хъазиты Мелитон, Хъодалаты Герсан, Чехойты Оля, Плиты Сергей Нафийыл цы æмдзæвгæтæ ныффыстой, уыдон.

Уалынмæ экранæй райхъуыст Нафийы æхцон хъæлæс, æмдзæвгæ кæсгæйæ, æмæ залы уæвджытæ ныхъхъус сты, афтæмæй йæм æхсызгонæй байхъуыстой. Нафийы æхцон хъæлæсмæ хъусгæйæ, адæймаджы сæ уæлныхты систой, куыд æнкъарддзинад хæссæг, афтæ сæрыстырдзинад хæссæг хъуыдытæ дæр. Нафийы хуызæн сæрхъызой цы адæмыхаттæн уыд, уыдон хъуамæ сæ сæртæ бæрзæндты хæссой. Æгайтма ирон адæмæн Нафийы хуызæн гуырд уыд.

«Нафийы хуызæн куырыхон лæгтæ мыггаджы, хъæубæсты, комбæсты фæлгæтты нал фæцæуынц – Нафи Ирыстон æмæ ирон адæмæн иумæйаг намысы лæг у. Райгуырд Нафы бон, æмæ йæ хай фесты æрвон фарн æмæ зæххон курдиат. Нæ фыдæлты уæзæгмæ хорзæй цы ис – лæгдзинад, фидар удыхъæд, æгъдау, сыгъдæг намыс, курдиат, куыстхъомдзинад, хиуылхæцындзинад – ницæмæй дзы фæцух кодта Нафийы. Хистæртимæ – хистæр, кæстæртимæ – кæстæр. Уыимæ донæй – сабырдæр, кæрдæгæй – ныллæгдæр. Йæхи уды номыл уазал доны къус никуы æркуырдта. Йæ удуæлдай куыст та дуры цъуппыл дæр никуы ныууагъта», – дзырдтой мадзаламонджытæ.

Афтæ ма ахуырдзаутæ бакастысты, Нафийы тыххæй зынгæ адæймæгтæ цы ныхæстæ загътой, уыдон. «Нафийы курдиат æхсызгонæй хъуыд ирон культурæйы, ирон монон царды æмæ адæмы фарнæй фæзындис афоныл». «Нафийы куыст уыди ахъаззаг, йæ тох уыд хъазуатон. Уый арт цагъта йæ удæй æмæ ссыгъта литературон царды хъуынатæ». «Истори рохуаты куы ныгæдтой, уæд Нафи бавдæлд æмæ ныффыста йæ историон роман «Фыдæлты туг» (Джыккайты Шамил). «Нафи Джусойты является выдающимся литературоведом и литературным критиком». «Нафи Джусойты перехитрил народную мудрость – побежал за двумя зайцами и преуспел, как в художественной литературе, так и в науке» (Хъазиты Мелитон). «Нет горца более образованного, так талантливого и так красиво естественного и скромного во всем, чем Нафи» (Кайсын Кулиев) æмæ афтæ дарддæр.

Хæстæй æрыздæхгæйæ, Нафи йæ зæрдæйæ, йæ удæй сфæлдыста хæстон темæтыл фыст уацмысты чиныг, кæцыйы схуыдта «Салдаты зæрдæ». Уый уыд йæ фыццаг  чиныг.

«Нафи йæ роман «Фыдæлты туг»-ы райдайæны фыдæлты дурæмыр хъæлæсæй арæх фæлхатт кæны: «Хъусут, фæстагæттæ?!». Æмæ хъуамæ хъусæм. Нæ фыдæлтæм дæр æмæ Нафимæ дæр. Нафи махмæ незамантæй иууыл куырыхондæр минæвар у. Нафи нын куыд амыдта æмæ амоны, афтæ куы цæрæм, фыдæлтæй нын абонмæ цы фæндæгтæ сныв кодта, уыдоныл куы цæуæм, уæд нын фæрæдийын, фæцудынæй тас нæу. Иугæр Нафи, махыл, фæстагæттыл стыр хæс æвæры нæ фыдæлты раз, уæд мах та хъуамæ нæхи хæсджыныл нымайæм нæ фыдæлты раз дæр æмæ Нафийæн йæхи раз дæр. Уымæн æмæ Нафи махæн фарны лæг у, нæ зонды рухс у, рухс фидæнмæ нын иууыл хуыздæр фæндагамонæг у» (Гæбæраты Юри). Афтæ ма уыдон дзырдтой Нафийы фæдзæхстытæ.

Хонгæ кафт æмæ æнæнкъуысгæ кафт сæххæст кодтой 9-æм æмæ 10-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Ирон национ кафт «Симд» та сæххæст кодтой 5-æм æмæ 6-æм кълæсты ахуырдзаутæ (хореограф Асаты Никъала). Нафи йæхæдæг дæр тынг рæхст кафынмæ æмæ зарынмæ дæр. Экраныл æвдыст æрцыд, Нафи кафгæйæ, цины фынджы рæстæджы, кæцымæ залы уæвджытæ кады нысанæн бакастысты лæугæйæ.

Æрæмбырдуæвджытæн бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатор, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ. «Бузныг зæгъын уе ‘ппæтæн дæр. Мысæн изæр цæттæ кæнгæйæ, мæ фарсмæ æрбалæууыдысты мæ коллегæтæ скъолайы директор Бедойты Элеонорæйы сæргълæудæй. Уæлдай бузныг зæгъын мæ фæнды актер Мамиты Григорийæн, сценкæ сæвæрынæн нын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй. Бузныг зæгъын Клавдияйæн, Дзæуджыхъæуæй кæй æрцыд æмæ йæ номдзыд æфсымæры мысæн изæры хайад кæй райста, уый тыххæй», – загъта уый.

Йе ‘фсымæры тыххæй йæ мысинæгтæ дзырдта Клавдия дæр. «Нафи æртæ азы мæнмæ цард рынчынæй. Йе ‘нусон бæстæм   ацæуынæй иу бон раздæр мын афтæ зæгъы, зæгъгæ, æрæмбырд кæн, цыдæриддæр ныффыстон, уыдон иууылдæр æмæ кæд никæйы бахъæуой, уæд-иу сæ басудз. Æрæмбырд ын кодтон 65 томы, йæ зонадон куыстытæ та 2008 азы онг уыдысты 1360. Рауагътам ын 10 томы, фæлæ  нын иннæты рауадзынæн финансон фæрæзтæ нæ уыд. Уæд бахатыдтæн Президент Бибылты Анатолимæ æмæ нын рахицæн кодта 3 милуан сомы. 10 томы рауадзынæн та нын финанстæй баныфсæвæрдта Джусойты Альберт. Нафийы къæхты фæд баззад, 70 азы дæргъы цы горæты уынгты рацу-бацу кодта, уым. Бузныг, ме ‘фсымæры ном мын кæй ссардтат, уый тыххæй. Нафи афтæ кæй хъуыды кодта, зæгъгæ, цы ныффыста, уыдон никæйы бахъæудзысты, уымæй раст кæй нæ уыд, уымæн æвдисæн у абоны диссаджы мадзал дæр. Нафийы кусынмæ хуыдтой бирæ рæттæм, уыцы нымæцы  – Мæскуыйы паддзахадон университетмæ. Фæлæ уый никуы сразы йæ уарзон Ирыстонæй ацæуыныл, уæд, зæгъ, æнæхъæн Ирыстон мемæ хъуамæ рацæуа. Ныртæккæ йын Японы мыхуыр кæнынц йæ роман», – радзырдта ахуыргонды хо.

Нафийы тыххæй сæ мысинæгтæ загътой, Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса, ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ Тедеты Залинæ, Пæррæстаты Мананæ, Плиты Серго, Тыбылты Инал. Колыты Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гæбæраты Фатимæ банысан кодта, зæгъгæ, мах нæ бафсæстыстæм Нафиимæ ныхас кæнынæй, йæ зондджын ныхæстæм хъусынæй. Раныхасгæнджытæ иууылдæр банысан кодтой, зæгъгæ, Нафи алы цхин-вайладжы хъысмæты дæр ныууагъта йæхи фæд æмæ йæ никуы ферох кæндзысты. Сывæллæттæн загътой, цæмæй Нафийы фæдзæхстытæ сæ зæрдыл дарой æмæ царды размæ цæуой, ирон адæмы кад бæрзонд хæссой. Афтæ ма бузныджы ныхæстæ загътой, мадзалы организатортæн, ахæм цымыдисон мысæн изæр кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Банысан кодтой, зæгъгæ, сывæллæттæй Нафийы сфæлдыстадимæ зонгæ чи нæ уыд, уый дæр ын ацы мадзалы фæрцы базонгæ ис йæ хъæздыг бынтимæ æмæ йæ цæрæнбонтæм сæ зæрдыл дардзысты.

Арфæйы ныхæстæ зæгъын хъæуы мадзалы организатор Дыгъуызты Лианæйæн. Уый йæ удæй арт цæгъды рæзгæ фæлтæры хъомылады сæраппонд. Йæ æвæллайгæ куысты æмæ ахæм мадзæлтты фæрцы  уый йæ хъомылгæнинæгты ахуыр кæны кады лæгтæн кад кæныныл, Райгуырæн бæстæ уарзыныл. Мадзал уæлдай цымыдисондæр уымæй уыд æмæ дзы хайад кæй райстой  цалдæр, ома, 5, 6, 7, 9 æмæ 10-æм кълæсты ахуырдзаутæ, кæцытæн сæ нымæц схызт æвдайы онг. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Дыгъуызты чызг ахуырдзаутæн мадæлон æвзагыл алыгъуызон мадзæлттæ кæй сорганизаци кæны, уый стыр хæрзиуæгон хъуыддаг кæй у æмæ уымæн аргъ кæнын хъæуы.

Мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæн бузныджы ныхæстæ загъта, скъолайы директор Бедойты Элеонорæ, Нафийы ном ссарыны тыххæй мадзалмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Мысæн изæры хайадисджытæ иумæ систой зæрдылдарæн къам. Ацыд а-дунейæ Стыр лæг, фæлæ йæ рухс ном цæргæйæ баззад уæлæуыл.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.