НАФИ ÆМÆ ГАЗЕТ «ХУРЗÆРИН»

 

Адæймаджы бакæнгæ хъуыддæгтæн, йæ удысконды миниуджытæн адæм сты аргъгæнæг. Æмæ йæхæдæг дæр. Ис, хъыгагæн, ахæмтæ, кæцытæ сæхицæн, цас сæм æмбæлы, уымæй стырдæр кад  куы фæкæнынц, ис, хъыгагæн, ахæмтæ дæр, кæцытæ, цы кад сæм æмбæлы, уый аккаг сæхи нæ нымайынц. Цы кад, бынат дæм æмбæлы, уый æнкъарын, æмбарын адæймаджы хорз миниуæгыл дзурæг у. Нафи, кæй зæгъын æй хъæуы, æмбæрстаид, ирон литературæйы, ирзонынады, йæ адæмы удварны рæзты, нæ æхсæнадон царды цы фæд уадзы, фæлæ уый нымæр хъæлæсæй дæр никуы никæмæ бадзырдта, æз Нафи дæн, æз ахæм бынтæ фæлдыстон, зæгъгæ. Йæ уды парахатдзинадмæ, йæ зонды, курдиаты уæрæх авналæнтæм нæ кæсгæйæ, уый йæ царды фæстаг бонтæм баззадис хуымæтæг адæймагæй. Нафи æмсæр ныхас кодта стыр  ахуыргæндтимæ дæр, стыр политиктимæ дæр æмæ хуымæтæджы адæймæгтимæ дæр. Зыдта, арæхстис, кæимæ куыд æмæ цæуыл ныхас хъæуы, уымæ, йемæ нысангæнæджы рæбинагдæр æнкъарæнтæм бавналынмæ.

Нафийы тыххæй, куыд фыссæг, ахуыргонд æмæ адæймаг, афтæ йæ амæлæты фæстæ дæр бирæ фыст æмæ дзырд цæудзæнис. Мæн ацы уацы цыбыртæй зæгъын фæнды, газет «Хурзæрин»- мæ йын цахæм ахаст уыд, уый тыххæй.

Газет «Хурзæрин» райдыдта цæуын 1924 азы фыццаг бон æмæ йæ балцы фарнæн нæй æмæ никуы уыдзæн кæрон, цалынмæ а-дунейыл ирон дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ.

Арæх-иу нæм æрбауад рог къахдзæфгæнгæ редакцимæ. Фæлæ æрмæджытæ – аивадон уыдаиккой, зонадон æви публицистон – арæх нæ хаста. Фылдæр хатт-иу æрбацыд куы – кæмæ, куы та – кæмæ, куы иу хъуыддаджы фæдыл, куы æндæр хъуыддаджы фæдыл. Æмæ-иу, зæгъгæ, исты æрмæг æрбахаста газеты йæ рауадзыны тыххæй, уæд-иу йæ ныхас уыд : «Æркæсут æм æмæ уын кæд сбæзза, уæд æй ныммыхуыр кæнут, кæннод дæр мын æй фæстæмæ раздахут».

Нафи бирæ фыста, фæлæ газетмæ хаста, газеткæсæгæн иууыл ахсджиагдæр, актуалондæр æмæ цымыдисондæр чи уыдаиккой, ахæм æрмæг æмæ зыдтаид, мыхуыр кæй æрцæудзæн, фæлæ ма-иу ахæм фæлмæн ныхасæй уæддæр хъуамæ зæрдæ алхæдтаид.

Газеты куыст афтæ у æмæ кæцыдæр компетентон адæймагмæ дæр хъуамæ бахатай цавæрдæр фарсты фæдыл æмæ йæ хъуыдытæ зæгъа интервью кæнæ уацы хуызы. Нæ кусджытæ-иу Нафимæ куы бахатыдысты, уæд «нæ, «рæстæг мын нæй» никуыкуы загъта. Мæхæдæг дæр дзы къорд азы размæ райстон гуырахстджын интервью æмæ йемæ уыд æнцон кусæн. Фарстытæн ныффыста бæстон дзуаппытæ. Æрмæгыл кусгæйæ ма-иу фæзындысты ног фарстытæ дæр æмæ йæм цалдæр хатты бахъуыд бахатын, цæмæй уыдонæн дæр райсон дзуаппытæ. Æмæ-иу æхсызгонæй сразы ис.

Æрмæг газетæн ныффыссыны тыххæй йæм бахатгæйæ-иу йæ фыццаг фарст уыдис, тагъдыл хъæуы, зæгъгæ. Æмæ кæд тагъдыл хъуыд, уæд иу æй æвæстиатæй бацæттæ кодта, фæхæццæ иу æй кодта редакцимæ.

«Æз æй кæсын  чысылæй фæстæмæ – уартæ 1935 азæй фæстæмæ. Æцæг, уæд æз кæсын зыдтон, фæлæ газет кæсын мæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Гъе, фæлæ нæ хъæуы иу лæг куыста хъæусоветы æмæ-иу хаттæй-хатт хъæуы ныхасмæ æрбахаста «Хурзæрин»-ы номыртæй иу искæцы. Йæхи кæсынмæ не ‘вдæлд æмæ-иу газет мæнæн кæсын кодтой ныхасы бадæг хистæртæ. Раст уæдæй фæстæмæ лæууы мæ зæрдыл «Хурзæрин»-ы фæлгонц, стæй йæ фæрныг ныхас».

Нафи аив дзырды раз æмæ уыимæ газеткæсæджы раз дæр стыр бæрндзинад æнкъардта. Ууыл дзурæг у уый дæр æмæ йын, зæгъгæ, цавæрдæр æрмæг мыхуыры цæуы, уæд-иу нæ бафæдзæхста, цæмæй йæм фæбæрæг кæнæм æмæ ма йæ мыхуырмæ адæттыны агъоммæ ноджыдæр бакæса, рæдыд аирвæзын дæр зоны, зæгъгæ. Аив дзырды стыр дæсны уæвгæйæ, адæмы рæгъмæ хаста æргом, æнæлаз, бæрзонд хъуыдытæ.

Хуссарирыстойнаг фысджытæй, æвæццæгæн, стæмтæ разындзæнис ахæмтæ, газет «Хурзæрин»-ы (раздæры «Советон Ирыстон»-ы) чи нæ бакуыста, ацы газетыл йе сфæлдыстадон фæндаг чи нæ ракодта. Ахæм та дзы нæ разындзæнис, йæ уацмыстæ дзы чи нæ мыхуыр кодта. Нафи йæ æрыгон азтæй фæстæмæ æндыгъд сфæлдыстадон æмæ зонадон куыст кодта, газеты куыст та уыдонæй иуцасдæр иуварс лæууы. Фæдæ уæддæр «сомыхъом» уыдис, газетмæ дæр бар кæй дардта.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ æфсадæй куы æрыздæхт æмæ йæ компартийы Хуссар Ирыстоны обкомы инструкторы бынатмæ куы айстой кусынмæ, уæд райдыдта цæуын газеты редакцимæ йæ уацтæ æмæ æмдзæвгæтимæ æмæ йын сæ мыхуыр кодтой. «Афтæ райдыдта мæ балц ирон дзырдаивады зиумæ æмæ абон дæр нырма уыцы балцы дæн, æвæццæгæн, мæ ныгуылæн бонмæ», – дзырдта Нафи.

Йæ ныхæстæм гæсгæ газеты кусджытæм æввахсдæр балæууыд 1947 азы марты мæйы. Уæд нысан æрцыд цензорæй. Æмæ дзы кæд куыст уадиссаг ницы уыд, уæддæр газеты æрмæджыты иууылдæр хъуыдис кæсын. Æнæ цензоры къухфыстæй газет мыхуырмæ лæвæрд нæ цыд.

Ныхас «Хурзæрин»-ыл æрхаугæйæ-иу Нафи арæх радзырдта ахæм хабар. 1954 азы декабры фæстаг бон Ленинградæй Цхинвалмæ куы æрцыд, уæд ыл уынджы амбæлд газеты уæды редактор Цхуырбаты Никъала æмæ бацымыдис кодта, ног алфавит уырыссаг дамгъæты бындурыл хорз зоны, æви нæ, уымæ. Хъуыддаг уый мидæг уыдис æмæ ног азы фыццаг бонæй рахызтысты ног фыссынадмæ æмæ йæ газеты кусджытæй дзæбæх ничи зыдта. Æмæ Нафийæ æвæрццаг дзуапп куы райста, уæд æм бахатыд, цæмæй газеты ногазон номыры цы æрмæджытæ цыдис, уыдоны бакæса. Уый æхсызгонæй сразы ис æмæ æнæхъæн ногазон æхсæв арвыста редакцийы – каст æмæ раст кодта æрмæджыты. «Гъе, фæлæ дзы корректорон аиппытæ уæддæр ис æмæ сæ фылдæр сты мæ аххосæй. Исчи уæды газеты комплекттæ куы кæса, уæд йæ зæрдыл дарæт: фыццаг номыры корректорон аиппыты азым хауы мæнмæ», – æрымысыд-иу Нафи.

Ацы чысыл цауы æргомæй зынынц, Нафи цы бирæ хорз адæймагон миниуджытæй уыд хайджын, уыдонæй дыууæ. Фыццаджыдæр, газетæн зын сахаты йæ фарсмæ, йе ‘нцой кæй балæууыд æмæ йын йæ зонындзинæдтæ, йæ арæхстдзинад кæй нæ бахæлæг кодта, дыккаджы та, цы аиппытæ дзы уыдис, уыдоны тыххæй бæрндзинад искæуыл нæ, фæлæ йæхиуыл кæй æвæры. Æндæр исчи сæ, æвæццæгæн, æргомæй зæгъгæ дæр нæ кодтаид, уæлдайдæр дæ уый куы ничи дома, уæд.

7-æм къласы куы ахуыр кодтон (уый уыд Цæгат Ирыстоны Ногиры астæуккаг скъолайы – авт.), уæд та фæцайдагъ дæн газет «Рæстдзинад» кæсыныл æмæ уæдæй нырмæ «Хурзæрин» æмæ «Рæстдзинад» систы, мæ хъуыдытæ кæм ранымайын æмæ хуры бардуагмæ мæ зæрдæйы фæндиæгтæ кæм сфæразын дзурын, уыцы кувæндон. Уæлдай хицон мын уыдис кæддæриддæр «Хурзæрин». Æцæг, уый баст у, мæ царды бонтæ чысылæй фæстæмæ Иры дзыхъхъæн йæ Хуссары хайы кæй æрвитын, ууыл.

Газет «Хурзæрин» Нафийæн йæ царды æдзухон æмбæлццон уыд. Зынаргъ ын уыд æмæ йын кастис йæ алы номыры дæр. Йæ хорздзинæдтыл ын цин кодта, йæ къуыхцытыл та – хъыг. Къуыхцытæ, аиппытæ та кæмфæнды дæр, уыцы нымæцы газеты дæр, ссарæн вæййы. Гъе, æмæ газеты уыдон, гæнæн уæвгæйæ, цæмæй къаддæр уыдаиккой, уый тыххæй фæндон хаста, цæмæй ирон аив дзырдмæ æввахс чи лæууы, газеты куыст хорз чи зоны, ахæм адæймæгтæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ æрбамбырд уой газеты редакцийы æмæ-иу ын æруынаффæ кæной йæ фæстаг номыртыл, сæ хорздзинæдтæ дæр æмæ сын сæ цухдзинæдтæ дæр банысан кæнгæйæ. Уыцы адæймæгты нымæцмæ хаста йæхи дæр. Фæндыд æй, цæмæй ахæм хуызы æххуыс цыдаид газеты коллективæн æмæ газет адæммæ хæццæ кодтаид хуыздæрæй, аивдæрæй, мидисджындæрæй, цымыдисондæрæй. Хъыгагæн, йæ фæнд сæххæст кæнын ын нæ бантыст.

Цалдæр азы размæ, газет «Хурзæрин»-ыл 90 азы куы æххæст кодта, уæд мын бахæс кодтой, цы фæндагыл рацыд, ууыл афæлгæст саразын æмæ чиныг бацæттæ кæнын. Уый уыд фыццаг ахæм бафæлвæрд æмæ мæ бон цы уыд, уымæй бацархайдтон, цæмæй йæ 90 азон фæндаг ирддæрæй æвдыст æрцыдаид. Цы хæйттыл æй адихтæ кодтон, уыдонæй сæ иу уыдис «Дæуæн, «Хурзæрин», зæгъгæ, цыран æмдзæвгæтæ æмæ уацты хуызы хицæн адæймæгтæ сæ хъуыдытæ зæгъынц газеты тыххæй. Уый фæдыл бахатыдтæн Нафимæ дæр æмæ æхсызгонæй сразы ис. Афтæ йæ уац «Хурзæрин» – мæ хуры хай», зæгъгæ, йæ бынат ссардта иннæ æрмæджыты ‘хсæн. Бирæ хорз ныхæстæ загъта Нафи газеты тыххæй. Мæнæ уацы кæй фæхицæн кодтон, уыдон дæр сты ацы уацæй ист йæ ныхæстæ.

Нафи ныр немæ нал ис. Йæ мæлæтыл ын фæхъыг кодта газет «Хурзæрин» – цалдæр номыры фыдохы уацтæ хаста йæ кæсджытæм. Æгас Иры дзыллæйау  фæхъыг кодтой йæ кусджытæ дæр. Уыдон фæцух сты сæ иузæрдион хæларæй, куырыхор  хистæрæй, зондамонæг æмæ ахуыргæнæгæй. Ахæм у нæ царды фæтк, йе гъдау. Æнæмæлæт дунейы  нæ цæрæм. Æмæ кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр йæ рухс фæлгондз уыдзæн, чи йæ зыдта æмæ кæй зыдта, уыдоны цæстыты раз. Бынæн нын цы фæллæйттæ ныууагъта, уыдон та баисты нæ исбон.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.