Нæ республикæйы Национ музейы байгом, æрæджы йæ цардæй чи ахицæн, Ирыстоны уыцы кадджын фырт, стыр фыссæг æмæ ахуыргонд Джусойты Нафийы номарæн экспозици.

Хуызфыссынады залы æвæрд æрцыдысты Нафийы къамтæ, кæцытæ ист æрцыдысты æндæр æмæ æндæр азты æмæ дзурæг сты йæ цард æмæ сфæлдыстадыл.

Къамтæй цæуы, Нафийæн йæхицæй   чи цыд, ахæм хъармдзинад, фадат дæттынц уый йæ коллегæтимæ, хиуæттимæ æмæ хæлæрттимæ ныхас кæнгæйæ фенынæн, рæстæджы гакк банкъарынæн.

«Нæй гæнæн Нафийы тыххæй ивгъуыд афоны дзурæн. Уый йæхи сæнусон кодта æрмæст йæ бирæ сфæлдыстадон бынтæй нæ, фæлæ куыд гоймаг, афтæ дæр. Йæхицæн йæ царды бонты бакуыста æппæтадæмон уарзт…» – банысан кодта музейы директор Зассеты Мераб.

Экспозици гом кæнгæйæ, Зассейы фырт бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ Нафийы тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй равдыст фадат дæтты Нафийы рухс ном ноджыдæр ссарынæн. «Æз зонын, æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ алкæмæн йæ бон не ссис Нафийæн хæрзбон кæныны церемонийы хайад райсын. Равдысты гæнæн ис, фæстаг хæрзбон не стыр æмфыдыбæстæйонæн зæгъын, йæ портреты раз ын дидинджытæ сæвæр-гæйæ», – загъта уый.

Тменаты Аннæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.