Алы хъӕуӕн дӕр ис йӕхи сывзӕрды истори. Йӕхи истори ис Къостайыхъӕуӕн дӕр. Рагон у ацы хъӕу, ӕппӕты раздӕр ӕм цӕрынмӕ ӕрлыгъдысты Нарӕй рацӕугӕ мыггӕгтӕ – Бигъуылатӕ, Гоцъитӕ, Хаситӕ, Хетӕгкатӕ. Ӕрцӕугӕ мыггӕгты нымӕц цъус кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ном дӕр рахуыдтой афтӕ: Цъус+Нар = Цъунар. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ хуыздӕр кодтой цӕрджыты цардуагон уавӕртӕ ӕмӕ цӕрӕн бынатӕн ӕрцагуырдтой ацы хъӕу ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕй дæр. Абоны бонмӕ ам цӕрынц хӕлар ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ ахӕм мыггӕгтӕ: Ӕлбортӕ, Багатӕ, Бӕззатӕ, Бекъойтӕ, Бигъуылатӕ, Габутӕ, Годжыцатӕ, Гӕбӕратӕ, Гӕджитӕ, Гоцъитӕ, Гуццатӕ, Гуыззыдтатӕ, Дудайтӕ, Джиотӕ, Джусойтӕ, Елбачитӕ, Кобестӕ, Козатӕ, Къӕбыстӕ, Къудухтӕ, Лалытӕ, Лохтӕ, Мамитӕ, Мӕлдзыгатӕ, Мӕхъитӕ, Плитӕ, Пухатӕ, Руситъашвилитæ, Сабантӕ, Санахъотӕ, Саулохтӕ, Слантӕ, Таратӕ, Тегкатӕ, Тедетӕ, Тыбылтӕ, Тыджытӕ, Уазӕгтӕ, Хаситӕ, Хетӕгкатӕ, Хуыбиатӕ, Хъабантӕ, Хъотайтӕ, Цхуырбатӕ, Цыбыртӕ, Чысиатӕ. Ӕрӕджы дӕр ма дзы ноджыдӕр цардысты Габаттӕ, Быцентӕ, Дзабитӕ, Джыккайтӕ, Кокойтӕ, Коцтӕ, Къалатӕ, Хацыртӕ, Хуыгатӕ, Хъӕцмӕзтӕ ӕмӕ ӕндӕр мыггӕгты минӕвӕрттӕ.

Хъӕу 1939 азмӕ официалон ӕгъдауӕй хуынд Цъунар. Уыцы аз гениалон поэт, ирон адӕмы буцдзинад Хетӕгкаты Къостайы райгуырдыл 80 азы сӕххӕсты цытӕн ацы хъӕуы ном раивтой ӕмӕ йӕ схуыдтой Къостайыхъӕу. Фӕлӕ, дыууӕ номы дӕр адӕмы ‘хсӕн тынг ныффидар сты ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ пайда кӕнынц ӕмхуызон. Цъунарӕн Къостайы ном лӕвӕрд куы ӕрцыд, уыцы зӕрдылдаринаг цауыл сӕххӕст 80 азы ӕмӕ цыбыртӕй афӕлгӕсын хъӕуы хъӕуы историйы тыххӕй.           

КОЛХОЗОН АРӔЗТАД

Цъунайраг фӕллойгӕнӕг адӕмӕн стыр ӕхсызгон уыд коллективон хӕдзарады хорздзинад ӕмӕ фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты йӕ саразыны. 1925 азы ам сырӕзт ӕхсыры артель, 1928 азы та дзы сырӕзт хъӕууонхӕ-дзарадон машинӕты ӕмбалад ӕмӕ йӕ схуы-дтой «Гутондар». 1929 азы бындур арӕзт ӕрцыд коллективон хӕдзарадӕн ӕмӕ хуынд «Зиууон». Колхоз дзы куы сырӕзт, уӕд йӕ фыццаг сӕрдар уыд бынӕттон цӕрӕг Мамиты Да-уыт. 1938 азы фыстӕ ӕмӕ сӕгъты план колхозӕн уыд 1077 сӕры ӕмӕ йӕ ӕххӕст та скодтой 1200 сӕрӕй. 1941 азы Ӕппӕтцӕдисон хъӕууонхӕдзарадон равдыстмӕ кандидатӕй раразмӕгонд ӕрцыд колхоз «Зиууон»-ы товарон фермӕ, афтӕ ма раразмӕгонд ӕрцыдысты тракторист Джиоты Казимир, агроном Бакрадзе Шалва, колхозы сӕрдар Джиоты Мелитон, хынцӕг Тыбылты Лонги, колхозонтӕ Мамиты Беги, Лохты Иликъо ӕмӕ ӕндӕртӕ. Уыцы азты колхозы зӕххытӕ ахстой 3648 гектары, уыдонӕй хуымзӕххытӕ уыдис 1625 га, дыргъдон – 7 га, сӕндон – 7,6 га, уыгӕрдӕнтӕ – 179 га ӕмӕ сӕрвӕттӕ та 202 гектары. Ӕхсӕнадон хӕдзарады уыд бирӕ раззагон фӕллойгӕнджытӕ, уыцы нымӕцы СЦКП 22 съезды делегат Хуыбиаты Яша, Ленины ӕмӕ Фӕллойадон Сырх Тырысайы орденты кавалер, тракторист Тараты Илья, хъугдуцджытӕ Тараты Тамарӕ, Гуццаты Маня, Тегкаты Аграфин, Лохты Заретӕ, ССР Цӕдисы Сӕйраг Советы адӕмон депутат Хуыбиаты Уасил ӕмæ бирӕ ӕндӕртӕ. Колхозы сӕрдӕрттӕй куыстой: Бӕззаты Гиго, Къӕбысты Христофор, Лохты Абрам, Пухаты Муссӕ, Саулохты Гриша, Цхуырбаты Софья ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хъӕу-ӕххӕсткомы сӕрдар ӕмӕ нымӕрдартӕй ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр рӕстӕджыты куыстой Къӕбысты А., Харебаты Серги, Гӕджиты Алыксандр, Алекси, Бекъойты Григол, Бежан, Челӕхсаты Никъала, Гӕбӕраты Виктор, Джиоты Ясон, Тедеты Алекси, Кокойты Илья, Калоты Александрӕ, Зӕгъойты Иван, Джиоты Гаврил, Гӕбӕраты Барис, Пухаты Светланӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.

РЕВОЛЮЦИЙЫ СӔРЫЛ АКТИВОН ТОХГӔНДЖЫТӔ

Хъӕуы цӕрджытӕ ӕнусты дӕргъы тырныдтой сӕрибар цардмӕ ӕмӕ йӕ сӕраппонд тох дӕр кодтой хъӕздыджыты ныхмӕ. Зӕгъӕм, 19-ӕм ӕнусы кӕрон ӕмæ 20-ӕм ӕнусы райдианы социал-демократон къордтӕ сырӕзтысты Цъунар, Хъорнис ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты. Цъунары хъӕуы зӕхкусджыты сӕргъ слӕууыд Бигъуылаты Алыксандр. Иугӕр Стыр Октябры революци куы фӕуӕлахиз, уӕд сӕ риуыдзаг сулӕфыдысты ацы хъӕуы фӕллойгӕнӕг адӕм дӕр ӕмӕ аныгъуылдысты ног цардарӕзтады гуылфӕнты. 1918 азы кӕрон партион чыр сырӕзт Цъунары дӕр, фӕлӕ бирӕ нӕ ахаста зӕхкусджыты сӕрибар цард. Ногӕй та сӕ бахъуыд тох кӕнын меньшевикты ныхмӕ. Ацы хъӕуӕй сӕ ныхмӕ активон тохгӕнджытӕ уыдысты Мамиты Никъала ӕмӕ Бетъу. Фӕсивӕдон революцион къорд сырӕзт ацы хъӕуы дӕр, афтӕ ма большевикон зондахастыл лӕуд чызджытӕй дӕр сырӕзт къорд ӕмӕ дзы уыдысты Хъоцыты Ермоня, Джиоты Оля Уасилы чызг ӕмӕ Джиоты Оля Симоны чызг. Активон революционерыл нымад уыд Тедеты Димитр. Революци ӕмӕ мидхӕсты меньшевикты ныхмӕ хъӕбатырӕй хӕцыдысты Бигъуылаты Алыксандр, Бӕззаты Сикъо, Гӕбӕраты Георги, Джиоты Иван, Коцты Илья, Челӕхсаты Иван, Мамиты Никъала, Бетъу, Плиты Ясон, Тедеты Димитр, Хаситы Федыр, Серги, Георги ӕмӕ ӕндӕртӕ. Дӕрӕн ӕрцыд меньшевикты хицауад, иугӕр Хуссар Ирыстоны Советон хицауад куы ӕрфидар, уӕд цӕрджытӕ дӕр бавнӕлдтой ног цардарӕзтады счъилдысӕй кусынмӕ.

ЦЪУНАЙРÆГТÆ  СТЫР ФЫДЫБÆСТÆЙОН ХÆСТЫ

Нӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ немыцаг тыхӕйисджытӕ куы ӕрбабырстой, уӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕууыдысты ацы хъӕуы сагсур фӕсивӕд дӕр ӕмӕ фӕцыдысты тохы быдырмӕ. Фӕсчъылдым та колхозон быдыртӕ ӕмӕ фермӕты фӕллой кодтой сылгоймӕгтӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ ӕнахъомтӕ. Знагӕн аккаг ныхкъуырд лӕвӕрдтой ацы хъӕуы хӕстонтӕ ӕмӕ сӕ хайбавӕрд хастой знагыл тагъддӕр фӕуӕлахизы хъуыддагмӕ. Фӕлӕ хӕст ӕгъатыр у, уый никӕмӕн тӕригъӕд кӕны. Сомбоны рухс царды сӕрвӕлтау сӕ сӕртӕ нывондӕн ӕрхастой Тедеты Гиойы ӕртӕ фырты – Ясон, Гоги ӕмӕ Федя. Карз тохты сӕ фыдыуӕзӕгыл нал сӕмбӕлдысты ӕфсымӕртӕ Гӕбӕраты Виктор ӕмӕ Григол, Лаврент, Шаликъо ӕмӕ Георги, Гуццаты Георги ӕмӕ Роман, Чысиаты Сино ӕмӕ Сограт, Лохты Иван ӕмӕ Исидор, Медойты Хъараман ӕмӕ Бежан, Хуыбиаты Тембол ӕмӕ Григол, Хаситы Гоги, Миша ӕмӕ Георги, Хацырты Валодя ӕмӕ Иосиф, Саулохты Никъала, Исидор, Иракъли ӕмӕ ӕндӕртӕ. Советон хицауады сӕрыл ӕмӕ фашистон Германыл фӕуӕлахизы сӕраппонд йӕ цард чи нӕ бавгъау кодта, уыцы ӕдзард хӕстонты номыл хъӕуы бӕстыастӕу арӕзт ӕрцыд цыртдзӕвӕн ӕмӕ сын ӕрвылаз дӕр Уӕла-хизы цытджын бӕрӕгбоны ӕрымысынц сӕ рухс нӕмттӕ.

АХУЫРАД, КУЛЬТУРӔ, АИВАД

Хъӕуы цӕрджытӕ ӕмбӕрстой ахуыры стыр нысаниуӕг ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй дæр архайдтой, цӕмӕй сӕ сабиты бафтауой ахуыры фӕндагыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раздӕры дуджы зын уыд ахуырдзинад райсын мӕгуыр лӕджы фыртӕн. Уӕддӕр хъӕуы уыд ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ ӕппӕт тыхтӕй дӕр домдтой ӕмӕ архайдтой ахуырдзинад ӕрбӕстон кӕныныл. Цӕвиттон, 1900 азы Цъунары интеллигенцийы раззагдӕр минӕвар Хетӕгкаты Михаил газет «Тифлисский листок»-ы 296 номыры ныммыхуыр кодта уац ахӕм сӕримӕ «Грамотность в Южной Осетии» ӕмæ фыссы, зӕгъгӕ, 1897 азы уыцы-иу рӕстӕджы байгом сты ахуыргӕнӕндӕттæ Цъунар, Едыс ӕмæ Зары. Михаил уыд ацы хъӕуӕй рацӕугӕ, ахуыр адӕймаг, революционер ӕмӕ кодта стыр куыст адӕмон фарстаты фӕдыл, тынг бирӕ сарӕзта йӕ раттӕг адӕмы хӕрзиуӕгӕн. Михаил уыд зынгӕ кафӕг Хе-тӕгкаты Владимир ӕмӕ сывӕллӕтты дохтыр Евгеняйы фыд. Уыцы рӕстӕджы бирӕ быцӕу цыд, скъола кӕм сарӕзтаиккой, ууыл. Иутӕ фӕнд кодтой йӕ саразын Знауыры районы, иннӕтӕ та – Цхинвалы районы. Уӕды дуджы зӕхх уыд хицӕн адӕймӕгты къухы, уымӕ гӕсгӕ ничи разы кодта йӕ зӕхх радтыныл. Ацы хъуыддагмӕ раст цӕстӕнгас равдыста бынӕттон цӕрӕг Мамиты Дауыт ӕмӕ йӕ зӕххӕй иу гектарӕй фылдӕр радта, скъола Цъунары хъӕуы саразыны тыххӕй. Прозаик Гулиты Ефим 1891 азы цӕрынмӕ ралыгъд Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ уыд ацы скъолайы фыццаг ахуыргӕнӕг, фыццаг ахуыргӕнджытæй ма иу уыд сауджын Тедеты Пъетре дӕр. Уый ацы скъолайы фӕкуыста ивгъуыд ӕнусы 50-ӕм азты онг. 1928 азы скъола рахызт 7-азон ахуырмӕ, уыцы рӕстӕджы дзы директор уыд ӕвзонг фӕлтӕры хъомылгӕнӕг ӕмӕ коллективы арӕхстджын разамонӕг Харебаты Ясон. Йӕ рӕстӕджы арӕзт ӕрцыд фыццаг капиталон дыууӕуӕладзыгон скъола. 1935-36-ӕм ахуыры азы скъолайӕ арӕзт ӕрцыд астӕуккаг скъола, ӕмӕ 1937-38 ӕм ахуыры азты уыдысты йӕ фыццаг рауагъдонтӕ. Цъунары скъолайы куыстой бирӕ раззагон ахуыргӕнджытӕ, кӕцытӕ не ‘вгъау кодтой сӕ зонындзинӕдтӕ рӕзгӕ фӕлтӕрӕн. Ахӕмтæ уыдысты: Джиоты Гаврил, Дзассохты Константин, Нинӕ, Санахъоты Никъала, Тедеты Суликъо, Кокойты Барис, Цхуырбаты Алыксандр, цӕгатирыстойнаг ахуыргонд, профессор Бигъуылаты Барис, Биазырты Алыксандр, Цоциты Къӕдзӕхмæт, Лалыты Антон, директортӕ Харебаты Ясон, Цхуырбаты Алыксандр, Санахъоты Гриша, Хетӕгкаты Димитр, Цхуырбаты Софья, Томайты Сардион, Челехсаты Феня, Медойты Леонид, Жажиты Ясон, Хаситы Аннӕ, Джиоты Шалва, Битеты Георги, Джиоты Илья, Къацты Серги, Тыбылты Тузар, Хуыбиаты Зоя, абоны бон та скъолайы директор у Тыбылты Алекси.

Къостайыхъӕуы скъолайы чи ахуыр кодта, уыдонӕй бирӕтӕ систы зынгӕ ахуыргӕнджытӕ, дохтыртӕ, артисттӕ, хъӕууонхӕдзарады специалисттӕ ӕмӕ куысты раззагонтӕ. Ацы хъӕуы схъомыл сты Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты лектортӕ Хетӕг-каты Уасил ӕмӕ Мамиты Гига, дохтыртӕ Хе-тӕгкаты Евгеня ӕмæ Руслан, хойрагисӕн комбинаты раздӕры генералон директор Лохты Валери, Дзӕуджыхъӕуы завод «Победит»-ы профкомы сӕрдар Хуыбиаты Ефим, физикон-математикон зонӕдты кандидат Тыбылты Къоста, инженер Джиоты Иван, Къалаты Хетӕг, РХИ-йы фыццаг сгуыхт ахуыргӕнӕг Хуыбиаты Владимир, журналисттӕ Джиоты Никъала, Тыджыты Пъауле, Лохты Джамбулат Чысиаты Алинӕ, Хъабанты Дианӕ, Чысиаты Аленӕ, Советон Ӕфсады булкъонтӕ Мамиты Ӕхсар, Эдуард, Хъабанты Георги, Хуыбиаты Самсон, Хъотайты Амброс, Джиоты Сослан, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты активон хайад-исӕг, хӕххон инженер Хаситы Илья, ӕхсӕнадон архайӕг Хаситы Никъифор ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Аивады бӕрзонд къӕпхӕнмӕ чи схызт, уый уыд зынгӕ кафӕг Хетӕгкаты Владимир. Къостайыхъӕу схъомыл кодта, ныртӕккӕ дӕр ирон культурӕ ӕмӕ аивадӕн ӕнувыдӕй чи лӕггад кӕнынц, бирӕ ахӕм фӕлтӕр. Уыдоны ‘хсӕн сты Цӕгат Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Алан»-ы солист Мамиты Сослан, Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артист Мамиты Григори, Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Гӕбӕраты Барис, нӕ республикӕйы сгуыхт нывгӕнӕг Хуыбиаты Роберт ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Скъолайы сӕдӕ азы юбилей цытджын ӕгъдауӕй нысан ӕрцыд 1998 азы. Уӕд рӕзгӕ фӕлтӕры ахуыр ӕмӕ хъомыл кӕныны йе стыр лӕггӕдты тыххӕй скъола хорзӕхджын ӕрцыд Кады грамотӕйӕ. Ахуыргӕнджыты абоны фӕлтӕр дӕр ӕнкъарынц бӕрндзинад ӕмӕ сӕ зонындзинӕдтӕ не ‘вгъау кӕнынц рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладӕн. Цъунар – Къостайы-хъӕу азӕй-азмӕ кӕны рӕсугъд ӕмӕ аивдӕр. Ам астӕуккаг скъолайӕ дарддӕр ис Культурӕйы хӕдзар, хъӕууон администраци, хосгӕнӕн амбулатори, библиотекӕ, магазинтӕ. Хъыгагӕн, хъӕу тынг бахъыгдард, гуырдзиаг лӕгмартӕ нӕм куы ӕрбабырстой, уӕд, 2008-ӕм азы августы хӕсты рӕстӕджы. Бирӕ дзы ӕрцыд уды зиӕнттӕ, ныппырх сты дзӕвгар цӕрӕн хӕдзӕрттӕ. Фӕлӕ Стыр Уӕрæсе ӕмӕ нӕ республикӕйы Хицауады аудындзинады фӕрцы хъӕу ногӕй йӕ хуыз фӕивта, стӕмтӕй дарддӕр, пырх хӕдзӕрттӕ арӕзт ӕрцыдысты ногӕй.

Цъунар-Къостайыхъӕу. Дӕуӕй мах сӕрыстыр стӕм, дӕ уӕзӕгыл бирӕ номдзыд адӕймӕгтӕ кӕй бахъомыл, уый тыххӕй. Уыдон скад кодтой канд сӕ хъӕуӕн, сӕ раттӕг адӕмӕн нӕ, фӕлӕ ма Ирыстонӕн дӕр. Цард афтӕ у ӕмӕ ӕдзухдӕр размӕ, ног бӕрзӕндтӕм фӕтырны. Ноджы фылдӕр ӕмӕ кадджындӕр фырттӕ хъомыл кӕнын дын ӕнтысӕд нырӕй фӕстӕмӕ дӕр.

Ӕнустӕм ӕрттив ӕмӕ дӕ бон кадимӕ хӕссын уӕд Къостайы стыр ном, Къостайыхъӕу!

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.