Дуджы фæивдимæ нæ цардмæ цы мæгуырау æмæ уæззау фæзындтæ æрбафтыдысты, уыдонæй сæ иууыл тæссагдæр у наркомани. Уый, сæйраджыдæр, баххæссы фæсивæдмæ, рæзгæ фæлтæрмæ æмæ дзы, хъыгагæн, бирæтæ йæ амæттаг бавæййынц. Советон дуджы ацы тæссаг фæзындæн нæ царды кæд бынат нæ уыд, адæм æй хъусгæ цы кодтой, уымæй дарддæр цы у æмæ йын цахæм фæстиуджытæ вæййы, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Ныр нæ æхсæнады бахъуыд йæ ныхмæ тох кæныны сæр. Уый фæдыл бæрæг куыст кæнынц барадхъахъхъæнæг органтæ, кæцытæ рабæрæг кæнынц наркотикон буарадтæ чи ласынц, чи сæ парахат кæны æмæ сæ чи пайда кæны, уыдоны. Бæрæг хъомыладон куыст цæуы, фæсивæды æхсæн дæр.

Хорз хъуыддаг уыдис, нæ горæты йæ рæстæджы  наркоманийæ рынчынтæ æмæ фыднозтгæн-джытæн сæрмагонд реабилитацион центр «Ныфс» кæй фæзынд, уый. Ам йæ кусджытæ архайынц, цæмæй сæм чи æрбацæуынц, уыдоны фервæзын кæной наркомани æмæ нозты уацарæй, ногæй ссарой царды сæ бынат. Уымæй дарддæр ма уыдон цæрджыты æхсæн кæнынц рухсадон æмæ профилактикон куыст дæр. Æмбарын сын кæнынц нозт дæр æмæ наркомани дæр цахæм фæстиуджытæм æркæнынц, уый.

Æрæджы ам ауагътой тымбыл фынг, кæцымæ фæхуыдтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы хистæркъласонты, ам цы клуб архайы «Æнæниз фæлтæр», зæгъгæ, уый уæнгты. Семæ уыдысты сæ ахуыргæнджытæ Марина Мурадова, клуб «Æнæниз фæлтæр»-ы къухдариуæггæнджытæ Тедеты Ноннæ æмæ Гæбæраты Екатеринæ.

Семæ фембæлдысты центры дохтыртæ, йæ директор, психиатр-нарколог, анестезиолог-реаниматолог Къæбысты Эрнæ, фæллойадон терапийы фæдыл директоры хæдивæг Наталья Ор-лова æмæ дохтыр-нарколог Чертхъоты Валентинæ.

Центрмæ фылдæр хроникон ал-коголизмæй рынчынтæ кæй бахауынц, уымæ гæсгæ йæ сæргълæууæг райдианы æрдзырдта фыднозт кæнын адæймаджы организмыл куыд æндавы, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ адæймаджы органтæй уый тынгдæр æндавы зæрдæйы куыстыл, игæр, сæрымагъз æмæ рæуджытыл. Цæвиттон, игæры рыст фæстæдæр ахизы ахæм тæссаг низмæ, куыд цирроз, афтæ ма бахъыгдард вæййы ахсæн-тъæнгты системæ дæр.

Фыднозт кæнын æрмæст адæймаджы организмæн нæ зиан кæны, фæлæ ма йæ социалон æгъдауæй деградаци дæр кæны, куыстхъом нал вæййы, йæ бинонтæн свæййы масты хос. Фæстагмæ æхсæнадæн дæр зианæй дарддæр пайда ницыуал фæхæссы.

Алкоголизмы фæзынды аххосæгтæй сæ иуыл Къæбысты чызг банымадта, ахæм адæймагæн йæ ныййарджытæ, йе ‘ввахс хиуæттæ уыцы мæгуырау цайдагъдзинадыл хæст куы уой. Бæрæг куыд у, афтæмæй мад рынчын куы вæййы исты низæй, уæд уый гæнæн ис æмæ фæзына сывæллоны дæр. Бирæтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, алкоголизмæй рынчын ныййарджытæн рацæуы æнæниз сывæллæттæ дæр. Уый раст у, фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ахæм сывæллæттæн алкоголизмæй фæрынчыны тасдзинад бæрзонддæр у.

Цæмæн фæцайдагъ вæййы адæймаг нозт кæныныл?

Къæбысты чызг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм адæймагæн райдианы нæ вæййы, йæхи цæуыл ирхæфса, кæимæ аныхас кæна æмæ куы аназы, уæд, цыма феуæгъддæр вæййы. Йæхи хорз фæхаты, нозт кæм кæнынц, ахæм фынджы фарсмæ дæр. Йæ зæгъи-нæгтæ æнцондæрæй фæдзуры. Фыднозт кæнгæйæ, вæййы ахæм рæстæджытæ æмæ куы æрсабыр вæййы, куынæуал фæдомы йæ зæрдæ нозт, фæлæ уый бирæ нæ аххæссы, æмæ та ногæй бафты нозтыл. Ахæм рæстæджы йын медицинон æххуыс куынæ æрцæуа, уæд, гæнæн ис æмæ йæ фæстиуæг уа бынтон мæгуырау. Уымæй дарддæр ма ахæм рынчынтæн хъæуы психологион æххуыс дæр. Ахæм æххуыс цæуы, ацы центрмæ чи бахауынц, уыдонæн.

Наркоманийыл дзургæйæ, уагдоны сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы ахæм рынчынтæ, хъыгагæн, сарæхсты. Райдианы наркомантæ пайда кодтой гæны кæрдæгæй. Тыдтой йæ бирæтæ сæ цæхæрадæтты, æндæр рæтты æмæ дзы арæзтой наркотикон буарадтæ. Пайда ма кодтой кондитерон макæй: уыдонæй дарддæр ма ис синтетикон наркотиктæ, ахæмтæ, куыд героин, кокаин, нацвай, марихуанæ æмæ æндæр ахæмтæ. Бирæтæ аразынц сæхицæн судзинтæ. Къæбысты Эрнæ куыд загъта, афтæмæй сæм фылдæр бахауынц, ахæм рынчынтæ. Сæ бакаст æмæ сæ уагахастæй ахæм рынчынтæ æнцон базонæн вæй-йынц. Куыд фæтк, афтæ уыдонæн сæ астæу кусынмæ нал фæтасы, цæрынц сæ бинонты хардзæй.

Синтетикон буарадтæн се сконды вæййы химикон буарадтæ æмæ уыдон уæлдай тæссагдæр сты адæймаджы организмæн. Уыдон куы фæтыхсынц, уæд бафæлварынц алы хуыз наркотикты дæр. Дохтыр куыд бафиппайдта, афтæмæй сæм, раздæримæ абаргæйæ, рынчындонмæ арæх нал бахауынц, йæ дозæ кæмæн фæфылдæр вæййы, ахæм рынчынтæ. Фæлæ сыл чи фæцайдагъ сты, уыдон уæддæр, æндæр хуыз наркотиктæй пайда кæнгæйæ,  æрбахауынц рынчындонмæ. Ахæм наркомантæн кæд цæрын бантысы, кæцыдæр кармæ, уæддæр уый тынг бандавы сæ психикæйыл, сæры магъзы куыстыл, рæуджытыл.

Хъыгагæн, æвзонг фæлтæры сæ фæстæ акæнынц хистæр кары чи вæййынц, ахæм наркомантæ. Махмæ афтæ нæу. Нæ ирон æгъдау нæ амоны хистæр кæстæры акæна ахæм фæндагыл.

Дохтыры хъуыдымæ гæсгæ наркоманæн дæр ис схосгæнæн. Фæлæ куыд  акоголизмæй, афтæ наркоманийæ рынчынтæ дæр стæм хатт æрбацæуынц медицинон æххуыс сын бакæнынмæ. Уымæн æмæ сæхи фембæхсынц, цæмæй сæ мачи базона. Вæййы афтæ æмæ дохтырæн æндæр симптомтæ куы фæдзурынц. Фæлæ уый уайтагъд бафиппайы æппæт дæр.

Ахуыргæнинæгты цымыдисгæнæг фарстытæн дзуаппытæ радтой реабилитацион центры кусджытæ.

Ахæм рæсугъд, цымыдисон кæй рауад дохтыры раныхас ахуыргæнинæгтимæ, уый тыххæй центр «Ныфс»-ы кусджытæн бузныджы ныхæстæ загътой скъолайы      ахуыргæнджытæ.

Кæронбæттæны реабилитацион центр «Ныфс»-ы кусджытæ  ахуыргæнинæгты фæхынцыдтой цай æмæ адджинæгтæй. Ахуыр-гæнинæгтæн та сæ фæдзæхст уыд, цæмæй сæхи хизой ахæм æбуалгъ фыдбылызтæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.