Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны тынг бирæ дзырд цæуы ирон æгъдæуттæ æмæ традицитыл, фæлæ уыцы хъуыддаг бирæ цæмæйдæрты размæ не ‘ггуырсы. Ирон æгъдауы тыххæй бирæ фæдзурынц Стыр Ныхасы рабадтыты, съездты, конференциты, уыцы темæйыл бирæ тымбыл фынгтæ ауагъдæуыд,  бирæ рæсугъд ныхæстæ загъдæуыд ирон æгъдау сæндидзын кæныны фæдыл дæр, фæлæ рæстæг рацæуы æмæ та ныхæстæ ныхæстæй баззайынц.  Фæдзурынц ирон фынджы æгъдауы тыххæй дæр, фæлæ нæ фынгтæ куыд æвæрдтам, афтæ сæ æвæрæм æмæ нæ кувæг лæгтæ куыд куывтой, афтæ кувынц абон дæр.

Абон Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйтты ‘хсæн арæзт цæуы алыгъуызон  сразы-дзинæдтæ æнгомдæр интеграцийы тыххæй, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, райдайын хъæуы ирон фæтк æмæ æгъдау сæмхуызон кæнынæй.

Кæд иу туг, иу адæм стæм, цины дæр æмæ зианы дæр кæрæдзийы фарсмæ балæууæм, уæддæр Хуссар Ирыстоны фынджы æгъдæуттæ бæрæг хицæн кæнынц Цæгат Ирыстоны æгъдæуттæй. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоныл тынг бандæвтой гуырдзиаг æгъдæуттæ, растдæр зæгъгæйæ та æнæгъдаудзинад ирон æгъдауæй нæм бирæ ницыуал баззад. Цины æмæ зианы фынгтæ кæрæдзийæ ницæмæйуал хицæн кæнынц. Зианы фынгыл махмæ цытæ æрæвæрынц, уыдон ирон æгъдаумæ гæсгæ æмбæлгæ дæр нæ кæнынц. Уый раст нæу, алцæмæн дæр йæхи фæтк, йæхи æгъдау ис.

Фынджы æгъдау бæрæг хуыздæр хъахъхъæд æрцыд Цæгат Ирыстоны. Уым цины фынг дæр æмæ зианы фынг дæр сæ райдайæнæй сæ кæронмæ вæййынц æмбæлон уагæвæрдмæ гæсгæ. Уый та у æгъдауыл æмæ зæрдæмæдзæугæ.

Цæгат Ирыстоны иухуызон не сты хæрнæджы фынг æмæ, афæдзы дæргъы цы кæндтæ кæнынц, уыцы фынгтæ дæр. Хæрнæджы фынг хицæн кæны йæ хуымæтæгдзинадæй, хæрд æмæ нозты бæрцæй. Зиан ныгæныны бон фынгыл æвæрынц арахъ, адджын дон, суары дон (къæйттæй), къуыдырфых дзидза стыр хæйттæгондæй, хъæдур, плæу, чъиритæ, дзул, халсæрттæ æнæлыгæй. Зианы фынгыл адæм æрбадынц хорз баназын æмæ адджынæн бахæрыны тыххæй нæ, фæлæ мардæн рухсаг зæгъынмæ.

Фынгæвæрдæй дарддæр хицæндзинæдтæ ис куывдтыты дæр. Гæнæн ис, нæ ку-вæг лæгтæ мемæ ма сразы уой, уымæн æмæ сæ алкæмæ дæр йæхи куывд раст кæсы. Ахæм хицæндзинæдты тыххæй та дыууæ республикæйы кувæг лæгты хъæуы иумæ æруынаффæ кæнын. Иу адæм стæм æмæ нæ фæтк дæр æмæ не ‘гъдау дæр иу хъуа-мæ уой.

Фынджы фæтк æмæ æгъдау ирон адæмæн уыдысты сæ миддуне æмæ зондахаст, сæ уырнынад æмæ фыдæлты фарны хай. Фынг уыдис сæ кувæн бынат. Фынджы уæлхъус ирон адæм сæхи фæдзæхстой, ныхас кодтой, ахсджиаг хъуыддæгтæ лыг кодтой. Уымæ гæсгæ фынг дæр нымад уыд табуйаг, уаз бынатыл, йæ разы нæ уыд æнæгъдау ныхæстæн æмæ æнауаг митæн бар.

Кæд иннæ адæмтæм фынгтæ æвæрд цæуынц уазджыты бæрц, чи цы уарзы æмæ иннæ ахæм хъуыддæгтæ хынцгæйæ, уæд Цæгат Ирыстоны уымæй уæлдай фынг æвæрынæн ис бæлвырд æгъдау æмæ фæтк. Ирон бæрæгбоны (циндзинады) фынг хъуамæ афтæ æвæрд уа, цæмæй хистæр бада йæ æргом хурскæсæнмæ. Агъуыст къуындæг куы уа æмæ фынгæн афтæ сæвæрыны фадат куы нæ уа, уæд та хистæры æргом хъуа-мæ уа æрбахизæнмæ, хъуамæ æрбахизджыты се ‘ппæты дæр уына.

Ирон æгъдаумæ гæсгæ гарз дзаг кæнынæн дæр ис йæхи фæтк: агуывзæ кæддæриддæр хъуамæ уа рахиз къухы. Уымæ гæсгæ йæ дзаг кæнын хъæуы галиуæй рахизмæ. Нуазæн дæр кæддæриддæр дæттынц æмæ йæ исынц рахиз къухæй.

Фыццаджыдæр фынгыл æвæрд цæуынц цæхх æмæ кард. Стæй, кæд уыцы боны тыххæй кусарт (стур, фыс) акондæуыд, уæд фынгыл хистæры раз æвæрд цæуынц уæрæх тæбæгъыл сæр (æнæ æфсæр æмæ æвзаг) æмæ бæрзæй.

Кæд цины фынг у, уæд бæрзæй тæбæгъы æвæрд вæййы сæры галиу фарс, зианы фынгыл та –  рахис фарс. Уый фæстæ фынгыл æвæрд цæуынц хистæры бынатæй райдайгæйæ æртæ чъирийы æмæ нозт. Дарддæр æрæвæрынц къуыдырфых дзидза тæбæгъты, фондз-æхсæз лæгæн иу тæбæгъ. Хицæнæй ма хистæрты раз æвæрынц тæбæ-гъыл кусарты рахис базыг, рахис фарсæй æртæ фæрсчы иумæ, æмæ физонæг раззаг хуылфыдзаумæттæй – игæр, рæуджытæ æмæ зæрдæйы хæйттæй.

Хуынд адæм куы æрбадынц, уæд хистæртæ фæдзурынц 3-5 кæстæрмæ. Уыдон бацæуынц æмæ æрлæууынц сæ рахиз фарс. Хистæр æртæ чъирийыл фæйнæрдæм ахæ-цы, цæмæй уæлейæ æркæсгæйæ бæрæг уа, æртæ сты, уый. Уæллаг чъирийыл ахæцынц хистæрæй галиуырдæм, дыккагыл та –  рахизырдæм, æртыккаг баззайы йæ бынаты.

Бæрæгбоны Цæгат Ирыстоны Хуыцаумæ фыццаг скувынц бæгæныйæ, сæрмагонд хъæдын къусы. Бæгæны арахъхъæй баивын ахæм рæстæджы нымад цæуы æнæгъдау-дзинадыл. Хистæр сысты, йæ рахиз къухы бæгæныйы къус, галиу къухы та  – базыг.

Фынджы хистæр хъæрæй кувы Хуыцаумæ æмæ йе сконд зæдтæм. Хистæры куывды алы фразæйы фæстæ дæр кæстæртæ иумæ дзурынц «Оммен, Хуыцау!», цалынмæ хистæр йæ куывд нæ фæуа, уæдмæ. Уый фæстæ кæстæртæй иу хъуамæ ацахода уæллаг чъирийы кæронæй æмæ хистæры къухæй райса бæгæныйы къус æмæ базыг. Бæгæныйы къус куы раттынц кæстæртæм, уæд æй къухæй къухмæ адæттынц, алчи дæр дзы ахуыпп кæны, цалынмæ нæ раафтид уа, уæдмæ.

Вæййы афтæ, æмæ базыгимæ кæстæртæм лæвæрд æрцæуы уæллаг чъири. Уый раст нæу. Уымæн æмæ ма уæд хистæртæн сæ разы баззайы дыууæ чъирийы. Цæмæй чъиритæ æртæ бауой, уый тыххæй  къæбицæй рахæссын кæнынц иу чъири. Фæлæ уымæй, кувгæ цы æртæ чъирийы скодтой, уыдоны нысаниуæг хæлд цæуы. Чъиритæн хистæрты разæй исæн æмæ æнæкуывд чъиритæй ивæн нæй, цалынмæ хистæр Хуыцауы номыл сидт рауадза æмæ чъиритæ æркæрдой, уæдмæ.

Фынджы хистæр фыццаг цалдæр сидты куы ракæны, уый фæстæ кæстæртæ базыгæн йæ дзидза фæхицæн кæнынц йе стæгæй. Кусарт фыр куы вæййы, уæд базыгы стæг къухæй къухмæ адæттынц, сæ тых ыл февзарынц, цалынмæ йæ чидæр къухæй нæ асæтты, уæдмæ. Чи асæтты базыг, уымæ хистæртæ нуазæн раттынц, арфæ йын ракæ-нынц, цæмæй йæ тыхыл тых æфта æмæ кæддæриддæр фыццæгты æмрæнхъ уа, цæмæй ныфс уа, æрмæст йæ мыггагæн нæ, фæлæ æппæт Ирыстонæн дæр.

Хистæртæн сæ агуывзæтæ ногæй куы байдзаг кæнынц æмæ сæм сæ куы раттынц, уæд хистæр скувы Иунæг Кадджын Стыр Хуыцаумæ, бакъуырцц кæны фыццаг æмæ дыккаг хистæримæ, уый фæсттæ та æртыккаг хистæримæ æмæ йæ баназы.

Хæрдæй саходын æмбæлы æрмæстдæр фыццаг сидты фæстæ. Цалынмæ хистæр Хуыцаумæ не скува, уæдмæ фынгмæ сывæллон  дæр  не  ‘вналы.

Дыккаг куывд ирон цины фынгыл кæддæриддæр вæййы нæлгоймæгты, фæндаггонты æмæ хæстонты дзуар Уастырджимæ. Ирыстоны чырыстон дины фæзынды дугæй фæстæмæ Уастырджийы арæх фæхонынц сыгъдæг Георги, фæлæ уый раст нæу, уымæн æмæ Уастырджимæ ирон адæм куывтой, историйы æфсадхон разамонæг Георги куы цард, уымæй бирæ раздæр (кæс Нарты Кадджытæ). Уастырджи ирон адæмæн у иууыл кадджындæр дзуар. Уымæ фæкувынц лæугæйæ, сæ нуазæнтæ дæр бануазынц лæугæйæ.

Æртыккаг куывд хистæр ракæны, цы хъуыддаджы фæдыл æрæмбырд сты, уый тыххæй.

Æртыккаг куывды фæстæ хистæр йæ дæлейæ бадджытæн аргъгæнгæйæ куывды бар ратты дыккаг хистæрæн. Уыцы бынаты, æгъдаумæ гæсгæ, фылдæр хатт фæбады фысымтæй (гъе та мыггагæй) исчи. Уый арфæ ракæны уазджытæн, кæй саккаг кодтой абон ацы хæдзармæ се ‘рбацыдæй, мыггагæн кад кæй скодтой, уый тыххæй æмæ хæдзары номæй уазджытæн ратты нуазæнтæ.

Фыццаг 3-4 куывды фæстæ фынджы хистæр арæхдæр куывтытæ фæкæны фæд-фæдыл.

Раджы заман-иу цины куывдтæ хатгай цалдæргай бонты цыдысты æмæ-иу хистæртæ фынджы уæлхъус бирæ куывдтытæ фæкодтой. Фæлæ-иу уæддæр æнæуаг нуæзт ничи бакодта, ничи-иу фæрасыг худинаджы тасæй. Уымæ гæсгæ, нуазтæй алчидæр хъуамæ йæ бæрц зона. Фæрасыг уæвын худинаг уыдис кæддæриддæр. Афтæ чи фæзæгъы «æгъдау мæ æрцахста æмæ уымæн фæрасыг дæн», уый йæхæдæг  æгъдаухалæг у. Ирыстоны нæ нуазын аиппыл нымад никуы уыдис, фыднозт чи кæны, уыдон та раджы дæр æмæ ныр дæр сты æгад.

Фынджы бадт йе ‘мбисмæ куы бахæццæ вæййы, уæд уазджыты хистæртæй иу (уæлдайдæр чызгæрвыст кæнæ чындзхасты рæстæджы, науæд мыггаджы куывды) хистæрæй ракуры, ацы фынг чи барæсугъд кодта, уыцы æфсинтæн (сылгоймаг лæггад-гæнджытæ) раарфæ кæныны бар. Уыцы бар райсгæйæ уазджытæ сæвæрынц тæбæгъыл æртæ агуывзæйы, къуыдырфых дзидзайы кæрдихимæ, æмæ æртæ лæджы араст вæййынц æфсинтæм.  Æртæ лæгæй иу раарфæ кæны æфсинтæн, цæмæй сæ армы фæллойæ æдзухдæр лæггад кæной чындзæхсæвты æмæ куывдты.

Фынг йæ тæмæны куы вæййы, уæд фынджы хистæр йæ галиу фарс чи фæбады, уымæн бахæс кæны, цæмæй кусарты сæрæн йæ рахиз хъус ралыг кæна. Уый хъус ралыг кæны æмæ йæ фынджы хистæрмæ радты, уый кæстæрæм фæсиды фæдзæхсæн ныхасæй. Арфæ сын ракæны, уый фæстæ сæм адæтты нуазæн æмæ хъус.

Кæстæртæй чидæр райсы нуазæн, хъус æртæ дихы фæкæны, дыууæ кæстæры ма йæ фарсмæ æрбалæууынц, арфæ ракæнынц хистæрæн, бануазынц сæ агуывзæтæ æмæ хъусы хæйттæй акомдзаг кæнынц.

Бадт кæронмæ куы фæцæйхæццæ кæны, уæд фынджы хистæр ракувы фарн æмæ бæркад дæттæг Мыкалгабыртæн. Ацы куывд кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд фынджы хистæр скувы Къæсæры Уастырджимæ, уый фæстæ та Фæндагсæр Уастырджимæ.

Ацы куывдтыты фæстæ фынгыл æрбадын нал æмбæлы. Уый фæстиуæгæн бадты адæм фысымтæн арфæ ракæнынц æмæ алчи йæ хæдзармæ ацæуы.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.