Зонындзинæдтæн арæн нæй. Æмæ, сахуыр кæнгæйæ, бæлвырд дæсныйад райсгæйæ дæр, адæймаг фæтырны йæ зонындзинæдтæ фылдæрæй фылдæр кæнынмæ. Уымæн æмæ нæй ахæм дæсныйад, йæ сусæгдзинæдтæ кæронмæ фæлгъуыд кæмæн æрцыдысты. Уый, æвæццæгæн, уæлдай фылдæр медицинæмæ хауы, адæймаджы йæ алыварс дуне базонын куыд фæнды, афтæ йæ фæнды йæ организмы вазыгджын сконд дæр рафæлгъауын, цы низтæ йын нæ дæттынц æнцой, уыдоны ныхмæ эффективондæр амæлттæй тох кæнын.

Медицинæйы къабазы раззагдæр рæнхъыты чи ис, Уæрæсейы хуыздæр дохтыртæй сæ иуыл нымад чи цæуы, уый у не ‘мзæххон Дзукъаты Димитр Никъалайы фырт – дохтыр нейрохирург, Мæскуыйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны департаменты Л. А. Ворахобовы номыл №67-æм горæтон клиникон рынчындоны нейрохирургийы фыццаг хайады сæргълæууæг, астæуыстæджы нейрохирургийы Мæскуыйы центры къухдариуæггæнæг.

Райдианы Дзукъайы фырт куыста астæуыстæг æмæ астæумагъзы хъæнты лабораторийы зонадон кусæгæй æмæ ам ССР Цæдисы Медицинон зонæдты академийы уæнг-корреспондент профессор Г.С. Юмашевы разамындæй аразын райдыдта вазыгджын микрохирургион операцитæ астæуыстæг æмæ астæумагъзы реконструкцийы фæдыл. Уымæй дарддæр ма ацы къабазы уый æдзух уыд зонадон агурæнты.

1993 азы Димитр слæууыд уæлдæр банысангонд клиникон рынчындоны нейрохирургийы хайады сæргъ. Ацы хайад Мæскуыйы нымад цæуы сæйрагдæртæй сæ иуыл, цыран æмбæлон медицинон æххуыс райсынц, астæуыстæг тынг кæмæн бахъыгдард вæййы, ахæм рынчынтæ.

Астæуыстæгыл операциты рæстæджы нырыккон фиксацигæнæг технологитæй Мæскуыйы фыццаг хатт пайда кæнын чи райдыдта, уыдонæй сæ иу уыд Дзукъаты Димитр.

Куысты мидæг æнтыст æнæнхъæлæджы не ‘рцæуы. Æдзух дæхиуыл куынæ кусай, дæ зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ куынæ тырнай, уæд къухы хорзæй бирæ ницы бафтдзæнис. Не ‘мзæххон йæ зонындзинæдтæ арфдæр кодта Франц, Швейцари æмæ Австралийы хуыздæр клиникæты. Къорд азты дæргъы уый у Швейцарийы Давосы Остеосинтезы ассоциацийы ахуыргæнæн курсыты хайадисæг.

2004 азы Давосы дунеон форумы уæрæсейаг хайадисджытæй Дзукъайы фырт фыццаг хатт бакаст лекци астæуыстæджы хирургийы фæдыл. Фæстаг азты та æдзух хайад исы Давосы форумы, куыд лектор, афтæ бакæсы теоретикон докладтæ, хайад райсы практикон семинарты.

Димитр бакуыста ног хирургион амæлт-тæ астæуыстæджы уæззау травмæйы æмæ алыгъуызон дегеративон низтæн, уыцы нымæцы астæуыстæджы тымбылæгты грыжæйæн хос кæныны.

2009 азы Мæскуыйы уагъдцæуæг размæдзыд курсы «AOS pine», зæгъгæ, райстæуыд коллективон уынаффæ, цæмæй Уæрæсейы дæр организаци æрцæуа йæ регионалон секци. Йæ сæрдарæй йын æмхъæлæсæй сæвзæрстой Дзукъаты Димитры. Уыцы аз ма уый ссис медицинæйы сæйраг хорзæх – преми «Призвание»-йы аккаг ахæм номинацийы: «Адæймаджы цард чи фервæзын кодта, ахæм уникалон операци саразыны тыххæй». Ахæм операцийы рæстæджы спайда чындæуыд уæрæсейаг дохтырты оригиналон куыстытæй, уыимæ иу этапы æххæст æрцыдысты рæсыд аиувар, кæныны иттæг вазыгджын методикæ æмæ астæуыстæджы иу хайы протез кæнын, астæуыстæджы сæрмагонд винттæй сфидар кæнгæйæ æмæ стæджы цементæй спайда кæнгæйæ.

Зындгонд нейрохирург 2012 азы ссис æнæниздзинад хъахъхъæныны къабазы Мæскуыйы фестиваль «Царды формулæ», зæгъгæ, уый лауреат, номинаци «Азы дохтыр – нейрохирург»-ы хорзæх ын радта Мæскуыйы мэр Сергей Собянин.

Дзукъаты Димитр арæхстджынæй пайда кæны нырыккон телемедицинон технологитæй, уыцы нымæцы операцигæнæнæй онлайн трансляцитæ, телемедицинон консультацитæ ахæм пациенттæн, кæцытæ цæрынц Уæрæсейы дæрдтаг регионты, Æмхæларады бæстæты, афтæ ма Европæ æмæ Азийы бæстæты дæр.

Уый ма у, æрвылаз дæр уагъд чи цæуы, уыцы дунеон телемедицинон конференцийы организатор дæр.

Йæ куысты уый разамынд кæны ахæм æмбарынæдтæй, куыд «Бæрзонд технологиты хирурги уæрæх дзыллæттæн» æмæ «Эксклюзивон хирурги куыд хос кæныны нормæ».

Дохтыр Дзукъаты Димитрмæ хос кæнынмæ æнцон бахауæн нæу – кæддæриддæр æм вæййы стыр радтæ. Фæлæ уæлдай æввахсдæр уый лæууы, йæ райгуырæн горæт Цхинвалæй йæм чи ныццæуы хос кæнынмæ, уыдонмæ æмæ уæрæсейаг зындгонд ирон хъæбысæйхæцджытæм, футболисттæм. Зæгъгæ сæ исчи травмæ райста, фæхъыгдард йæ астæуыстæг, уæд сæ райсы æнæ радæй, слæууын сæ кæны сæ къахыл, цæмæй тагъддæр раздæхой спортмæ æмæ дарддæр хъахъхъæной Уæрæсейы спортивон кад. Зæгъæн ис, æмæ бирæ спортсменты æнтысты, æгæрыстæмæй, олимпион уæлахизты дæр кæй вæййы Димитры хайбавæрд.

«Димитр у йæ хъуыддаджы профессионал, – зæгъы уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат. – Уый нæ командæйы бирæ хъæбысæйхæцджытæн баххуыс кодта. Се ‘нæниздзинад банывыл кодта ахæм зындгонд спортсментæн, куыд Рæмонты Сослан, Джемал Отарсултанов, Андиаты Сослан, Денис Царгуша æмæ æндæртæн. Уымæ кæддæриддæр ис бадзурæн телефоны æмæ нын алы хатт дæр нæ куырдиат сæххæст кæны. Уæлдай æхсызгон та уый у, æмæ Хуссар Ирыстонæй кæй у, ам кæй райгуырд æмæ хъомыл кодта».

«Спорт – Экспрессæн» йæ интервьюйы Рæмонты Сосланы тыххæй Димитр афтæ радзырдта: «Иууыл ирддæр цаутæй мын иу уыдис, хъуыддаг æнæ операцийæ куы ахицæн. Рио-де-Жанейройы олимпиадæйы размæ нæм клиникæмæ æрбацыд зынгæ хъæбысæйхæцæг Рæмонты Сослан. Уымæн проблемæ уыдис астæуыстæджы бæрзæйы хайы. Фæрсынц мæ: «Гæнæн ис æнæ операцийæ йын схос кæнын?». Æз æм æркастæн æмæ дзуапп радтон: «Операци куы скæнæм, уæд Олимпиадæмæ гæнæн ис дæхи бацæттæ кæнай, фæлæ Уæрæсейы чемпионатмæ – нал. Уæд аскъуыддзаг кодтам реабилитацион методикæйæ спайда кæнын. Йæ фæстиуæг – Сослан рамбылдта Уæрæсейы чемпионат, уый ссис Олимпион чемпион. Æз уыдтæн амондджын. Æрбадзырдтой мæм уæгъдибар хъæбысхæстæй æмбырдгонд командæйы штабæй, уый дæ майдан у, зæгъгæ»

Дзукъайы фырты царды æмæ уыимæ зындгонд футболист Зæгъойты Аланы царды дæр ахсджиаг цау ссис, дохтыр хæрзцыбыр рæстæгмæ йæ къахыл куыд слæууын кодта футболисты, 2018 азы футболæй дунеон чемпионаты рæстæджы Аланæн уыдис травмæ. Æмбырдгонд командæйы дохтыртæ стыр куыст бакодтой, цæмæй Алан чемпионаты финалы цыппæрæм хайы Хорватийы командæимæ хъазты уа  сæрæй кæронмæ. Фæлæ ма матчмæ цалдæр боны куы хъуыдис, афтæ йæ астæу тынг срыст. Йæ бон сыстын дæр нал уыд æмæ сбадын дæр. Афтæмæй бахауд Дзукъайы фыртмæ. Æмæ… æрцыдис уникалон цау. Нæ номдзыд нейрохирурджы руаджы Алан рахызт дунеон чемпионаты финалы цыппæрæм хайы хъазтмæ. Æмæ фæивта хъазты мидис.

Дзукъаты Димитр хайад райсы Елена Малышевайы программæ «Здоровье»-йы дæр. Иу ахæм алæвæрды уый хайад райста йæ раздæры рынчын, зындгонд зарæггæнæг Александр Маршалимæ, кæцыйæн астæуыстæджы грыжæйыл сарæзта дыууæ операцийы æмæ йæ раздæхта æнæниз цардмæ. Уый арфæйы æмæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта йæ дохтыры тыххæй, чи у æмæ кæм райгуырд, уыдæттæ банысан кæнгæйæ.

Дзукъаты Димитр кæд Мæскуыйы кусы, кæмæн æххуыс кæны, уыдон та канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр æмæ æндæр бæстæты цæрынц, уæддæр дзы рох не сты, кæм райгуырд æмæ схъомыл, уыцы адæм дæр. Æмæ уыдон та цъус не сты. Бирæ сты, Димитр йæ къахыл кæй слæууын кодта æмæ ногæй цардмæ кæй раздæхта, ахæмтæ. Уыдонæй сæ иу – нæ горæты цæрæг Коцты Лидæ:

«Зæгъæн ис, æмæ Дзукъаты Димитр мæнæн радта ног цард. Уый у мæ ирвæзынгæнæг, уый руаджы слæууыдтæн ногæй мæ къæхтыл. Цалынмæ ацы Хуыцауæй ратгæ дохтырыл нæ сæмбæлдтæн, уæдмæ дæр бирæ фæрахау-бахау кодтон дохтырты фæдыл, фæлæ-иу мæ рыстытæ æрлæууыдысты æрмæстдæр рæстæгмæ. Мæ къæхтæ-иу мæ быны фæдыдагъ сты. Цалдæр хатты ахаудтæн æмæ иу ахæмы ныппырх кодтон мæ цæсгом, иннæ хатт асастон мæ къах. Сфæлмæцыдтæн мæ рыстытæй, зæгъæн ис, мæ ныфс асаст. Фæлæ мæ мæ хъысмæт фембæлын кодта ацы легендарон дохтыримæ æмæ мæ куыд уынут, афтæ мæ ногæй раздæхта цардмæ. Вазыгджын операци хъуыд саразын. Фæлæ Дзукъаты Димитры аудгæ ахаст, йæ ныфсджын цæстæнгасмæ кæсгæйæ, æз тасдзинад не ‘взæрстон. Операци аххæссыд 10 сахаты бæрц. Уæззау уыд мæ уавæр æмæ мæ комкоммæ акодтой реанимацимæ. Уым æхсæв-бонмæ мæ фарсмæ лæууыд мæ палатæйы дохтыр Мæргъиты Алан. Уый та у хæсты рæстæджы йæ адæмы, фарсмæ цырагъау чи сыгъдис æмæ-иу чи фæцæф, уыдонæн вазыгджын операцитæ чи кодта, стæй сæ вертолетыл Дзæуджыхъæумæ чи ласта, уырдыгæй та фæстæмæ медикаменттæ чи хаста, афтæмæй йæ мæлæт чи ссардта, уыцы легендарон дохтыр Мæргъиты Роберты фырт. Алан дæр йæ фыдау равзæрста дохтыры дæсныйад æмæ уый дæр, Дзукъаты Димитриимæ кусгæйæ, лæггад кæны йæ раттæг адæмæй йе ‘ххуысы сæр кæй бахъæуы, уыдонæн. Сæ хъус мæм дардтой, цы ирон дохтыртæ ма дзы куыстой, уыдон дæр æмæ се ‘ппæтæн дæр зæгъын стыр бузныг. Дзукъаты Димитры та Хуыцау рафæлдыста уый тыххæй, цæмæй мæ хуызæн уæззау уавæрмæ чи æрхауд, ахæм тыхст адæмæн ногæй дæтта цард. Уымæн стыр арфæтæ ракæныны фаг дзырдтæ не ссардзынæн, фæлæ арфæйаг уæд Стыр Хуыцауæй, царды хæрзиуджытæй та – æфсæст», – загъта Коцты Лидæ æмæ йæ цæстыты цины стъæлфæнтæ сыгъдысты.

Димитр райгуырд æмæ схъомыл нæхи горæты. Йæ фыд Никъала бирæ азты дæргъы фæкуыста нæ горæты админист-рацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады инженерæй. Мад – Мамиты Заирæ та фæкуыста нæ горæты психоневрологон диспансеры сæйраг дохтырæй. Димитр дæр равзæрста дохтыры дæсныйад æмæ нæ горæты 2-æм скъола каст фæуыны фæстæ бакаст Дзæуджыхъæуы медицинон институт. Райста хирурджы дæсныйад æмæ æрыздæхт нæхи горæтмæ. Куыста соматикон рынчындоны хирургæй, стæй йæ йæ хъысмæт ахаста Мæскуымæ. Æмæ кæд Ирыстонæй дард у, уæддæр дзы иу уысм дæр рох не сты йæ раттæг адæм,  уырдыгæй  сын  кæны  йе ‘ххуысы хай. Кæмæн баххуыс кодта нæ адæмæй, уыдон та, куыд ма загътам, афтæмæй бирæ сты æмæ сæ хъуыды та у иу – Димитры тыххæй.

Уый у Хуыцауæй ратгæ дохтыр æмæ йæ рынчынты дзæбæх кæны, канд йæ зонындзинæдтæй нæ, фæлæ сæ тавы йæ зæрдæйы уарзтæй. Рæвдауы сæ йæ зæрдæйы рæбынæй цæуæг хъарм ныхæстæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.