Хæхтыл стыр митуардтытæ æмæ ног зæйтæ бахъыгдардтой фæндагон службæты, цæмæй асыгъдæг кодтаиккой Транскамы фæндаг, кæцы ногæй æхгæд æрцыд дыццæджы изæрæй, зæйтæ кæй рацыдысты, уый аххоссæй. Уый тыххæй ИА “Рес”-æн фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады.

«Транскам æртыццæджы дæр нæ байгом. Æвзæр боныгъæдтæм нæ кæсгæйæ, фæндагон службæтæ сыгъдæг кодтой фæндаджы. Фæлæ стыр митуардтæ æмæ митзæйтæ æрцыдысты цæгатфарсæрдыгæй æмæ фадат нæ уыд фæндаг асыгъдæг кæныны фæдыл куыстытæ фæуын», – загътой пресс-службæйы.

Ам ма куыд загътой, афтæмæй, кæд боныгъæдтæ фадат радтой, уæд цыппæрæмы райсомæй ногæй æрæв-налдзысты фæндаг сыгъдæг кæнынмæ.

Гидрометеорологи æмæ алфæмблайы мониторинджы фæдыл Цæгат Кавказы управленийы прогнозмæ гæсгæ тæссаг у зæйтæ æрцæуынæй.

«16 январы 18 сахатæй 17 январы 18 сахатмæ республикæйы хæххон районты денджызы æмвæзадæй 1500 метры бæрзонддæр бынæтты тæссаг уыдзæнис зæйтæ æрцæуынæй», – банысан кодтой ведомствойы.

Транскамы фæндаг транспортæн дыууæрдæм дæр æхгæд æрцыд 15 январы 20 сахат æмæ 30 минутыл, Ручъы тунелмæ æввахс зæйтæ кæй рацыд, уый аххосæй. Уæлвæткон уавæрты министрады зонæнтæм гæсгæ, фæндаджы хуссарирыстойнаг хай цæттæ у эксплуатацимæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.