Республикæ Хуссар Ирыстоны спортивон скъола «Олимп»-ы ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева куыд фехъусын кодта, афтæмæй февралы мæйы не спортсментæ хайад райсдзысты Уæрæсейы уагъдцæуæг ерысты.

Уый куыд загъта, афтæмæй 8-9 февралы горæт Есентукы уагъд цæудзæн ленк кæнынæй сгуыхт тренер А.Г. Клюкины номыл ерыстæ. Уым хайад исдзысты 10-12 аздзыд чызджытæ æмæ 12-13 аздзыд лæппутæ.

«Ерысты программæмæ хаст сты коплексон хуызы 100 метрмæ ленк кæнын, æмæ 200 км. та сæрибар хуызы. Афтæ ма спортсментæн сæхи фæндонмæ гæсгæ, сæ бон у ноджы 50 метрмæ аленк кæнын», загъта Терлеева.

Фæстæдæр, 15-16 февралы та не спорсментæ хайад райсдзысты горæт Казаны уагъдцæуæг «Mad Wav Classic»-ерысты. Ам хайад исдзысты нæ республикæйы 13 спорсмены 9 азæй 15 азмæ кары. Терлеева куыд банысан кодта, афтæмæй ацы ерыстæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн сты тынг популярон.

Спорты æндæр хуыз кекусин-кан каратэйæ нæ республикæйы спортсментæ дæр ацы аз хайад райсдзысты Европæйы чемпионат æмæ Дунейы Кубокы ерысты. «Ацы аз майы мæйы горæт Санкт-Петербурджы уагъд цæудзысты каратэйы æппæт хуызты ерыстæ æмæ августы мæйы та Чебоксары уыдзæн Дунейы Кубокы ерыстæ. Ацы ерысты хайад райсдзысты нæ республикæйы хуыздæр спортсментæ, кæцытæ ивгъуыд аз ноябры мæйы Ду-нейы чемпионаты сæхи равдыстой иттæг хорз æмæ нæ республикæмæ æрхастой уæлдæр хорзæхтæ», – загъта кекусин-кан каратэйы федерацийы сæйраг тренер Созайты Владимир.

Кекусин-кан каратэйæ нæ республикæйы хуыздæр спортсментыл нымад сты Павел Швец (90 кг.), Дудайты Доннæ (55 кг.), Лолоты Артур (72 кг.), Бестауты Азæмæт (69 кг.) æмæ Пухаты Алан (90 кг.). Лолоты Артур, Бестауты Азæмæт æмæ Пухаты Аланы ерыстæм цæттæ кæны РХИ-йы сгуыхт тренер Хъуылымбегты Мамед, Дудайты Доннæ æмæ Павел Швецы та кекусинкан каратэйы федерацийы сæйраг тренер Созайты Владимир Каратэйы æппæт хуызы ерыстæ дунейы æмвæзадыл уагъд цæуынц фыццаг хатт. Ам хайад райсдзысты 1500 спортсмены Уæрæсе, Китай, Япон, Швеци, Польшæ, Серби, Нигери æмæ дунейы æндæр бæстæтæй.

Ныртæккæ не спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц ерысты хайад райсынмæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.