Уæлдай бæрæгбонон хуыз æвдыста уыцы бон Цхинвалы районы Къостайыхъæуы астæуккаг скъола, цины зæрдæйы равгимæ нысан кодтой Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. 7-æм къласы ахуыргæнинаг Бæззаты Сæрмæт æрæмбырдуæвджыты раз радзырдта поэты ахæм рæнхъытæ:

«Не ‘взаг – ирон лæджы царды бындур,

Не ‘взагимæ ныл ыскæсы хур».

Йæ уæлвæд айзæлыд йе ‘мкъласон Хуыбиаты Миленæйы хъæлæс:

«Не ‘взаг нæ цардæн у фидар гæнах,

Не ‘взаг – нæ къонайы судзгæ цырагъ».

Мадæлон æвзаджы кад æмæ цыт, фарн æмæ амонды тыххæй азæлыдысты поэзийы рæнхъытæ æмæ сæ радзырдтой 7-æм æмæ 6-æм кълæсты ахуырдзаутæ Хуыбиаты Давид, Мæлдзыгаты Эдик, Тегкаты Вадим, Тараты Аннæ, Саулохты Янæ æмæ Джиоты Арсен.

Азæлыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæ. Уый фæстæ мадзаламонæг Тараты Иренæ зæрдиаг арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн. Диссаджы бон скодта, цыма хур дæр адæмы ноджы тынгдæр рæвдыдта йæ рухс тынтæй, афтæ хъæлдзæг æвдыстой сæхи. Уыдон хъуыстой не ‘взаджы тыххæй зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ æмæ сæ цины уылæнтæ ноджы кодтой рухсдзæсгомдæр. «Нæ разагъды фыдæлтæ, царды æнæфыст чиныджы диссæгтæ æмæ таурæгътæ, кадджытæ дзырдтой сæ мадæлон æвзагыл зæрдæргъæвдæй сæ рæзгæ фæлтæрæн. Уыдон фæлтæрæй фæлтæрмæ бахъахъ-хъæдтой нæ культурон бындур, нæ хæзна – нæ мадæлон æвзаг. Кусæм, архайæм не ‘взаджы райрæзтыл. Цы уавæры уаид абон ирон æвзаг, нæ фыдæлты кадæггæнджытæ йыл куы нæ сфæлдыстаиккой се ‘нæмæлгæ уацмыстæ, уæд», – ахæм ныхæстæ хъуыстысты мадзаламонæгæй. Æцæгдæр, нæ абоны цард у фæлварæн не ‘взагæн æмæ ацы уæззау рæстæг махæй домы фылдæр хъару, хъуамæ дзурæм ирон æвзагыл, аргъ ын кæнæм, ма рох кæнæм нæ диссаджы æгъдæуттæ. Нæ мадæлон æвзаг у нæ адæмы фарн æмæ намысы тырыса, нæ адæмы ныфс æмæ сæрибардзинад.

Мадзалы хайад чи райста, уыдонæн сæ зæрдæйы арф тæлмæнтæ ныууагътой, скъолайы ахуыргæнинæгтæ сæ арæхстдзинад куы æвдыстой, уæд. Къостайы æмдзæвгæ «Балцы зарæг» у нæ адæмы рухс цардмæ сидæг, амондджын æмæ рухс цардмæ разæнгардгæнæг, фæндагамонæг. Ацы уацмыс хорз азарыд Хуыбиаты Марат. Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Плиты Заирæ æмæ Хъуылымбегты Маринæ бацæттæ кодтой Кочысаты Розæйы комеди «Гæды лæг». Ирон адæмы рагон уадынгарз – хъисфæндырæй та ацагъта 7-æм къласы ахуыргæнинаг Тегкаты Радим. Скъолайы ахуырдзаутæ ма сæххæст кодтой поэттæ Дзуццаты Хадзы-Мурат æмæ Хъазиты Ме-литоны æмдзæвгæтæ «Ме ‘взаг», азарыдысты зарæг «Иу Иры хъæбултæ», кафджыты къорд та акафыд «Æнæнкъуысгæ кафт».

Ирон æвзаджы бæрæгбоны хайад райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты лектор, профессор Плиты Гацыр æмæ æрдзырдта не ‘взаджы стыр ахадындзинад, стæй йæ дарддæры рæзт æмæ  бахъахъхъæныны тыххæй. Кæронбæттæны мадзалы æппæт хайадисджытæн зæрдиаг арфæ ракодта скъолайы директор Тыбылты Алекси.

                                                                   ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.