Кӕддӕр, дам, нӕ рагфыдӕлтӕй иу къорд уацары бахаудысты се знӕгтӕм. Ӕмӕ цӕмӕй ӕппӕт дӕр фесафой, сӕ фӕстагӕттӕм мауал адӕттой се ‘гъдау, сӕ культурӕ, сӕ фарн ӕмӕ бӕрӕг мауал уа чи сты, уый тыххӕй сын ралыг кодтой се ‘взӕгтӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фӕнды дын де ‘взаг ралыг кӕнӕд, фӕнды дӕ мадӕлон ӕвзагыл мауал дзур. Абон дуг фӕивта, бирӕтӕ сӕ ных сарӕзтой фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕнынмӕ. Уый бӕргӕ хорз у. Адӕймаг цал ӕвзаджы зона, уал лӕджы у. О, уый бӕллиццаг хъуыддаг у, фӕлӕ дӕхи мадӕлон ӕвзаг куынӕ зонай, уый дын кад никуы скæндзæн. Цыфӕнды стыр  ахуыргонд ма рацу, уӕддӕр дын дӕ цӕстмӕ ӕнӕбадаргӕ нӕ фӕуыдзысты, де ‘взаг кӕй нӕ зоныс, кӕй йыл нӕ дзурыс.

Мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕм хъусдард иумиаг ахуыргӕнӕн скъолаты бӕргӕ ис, фӕлӕ стӕй уымӕй дарддӕр мӕгуырау вӕййы йӕ уавӕр…

Ныр дӕр та 15 майы Ирон æвзаджы бон нысан куы цыд, уӕд мадзӕлттӕ бацӕттӕчындӕуыд алы скъолаты дӕр.

Нӕ горӕты “Мӕскуыйаг” микрорайоны цы 1-ӕм скъола ис, уый нымад цӕуы иууыл активондӕрыл. Канд ирон ӕвзагмӕ нӕ цӕуы ӕмбӕлон хъусдард ацы скъолайы къухдариуӕгадӕй. Уыдон активонæй банысан кæнынц ӕхсӕнады ӕппӕт зӕрдылдарӕн бонтӕ.  Скъоладзаутӕ сӕ ахуыргӕнджыты ӕххуысӕй цы мадзӕлттӕ бацӕттӕ кӕнынц, уыдон вӕййынц мидисджын ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕй – йемыдзаг.

Ирон ӕвзаджы рӕзты тыххӕй ивгъуыд къуыри цы мадзал бацӕттӕ кодтой ацы скъолайы методист Хъоцыты Галинæйы къухдариуæгадæй, уый рауад иттӕг цымыдисон. Мадзалы райдиан уый базонгӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджыты 15 май Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонӕй цӕмӕн нысан цӕуы: «15-ӕм май Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бонӕй уымӕн расидт ӕрцыд, ӕмӕ уӕд 1899 азы мы-хуыры рацыд ирон адӕмы фӕтӕг Хетӕгкаты Къостайы «Ирон фӕндыр». 1993 азы РХИ-йы Уӕлдӕр Советы фыццаг ӕрсидты депутаттӕ, РХИ-йы Конституцимæ гæсгæ ирон ӕвзагӕн радтой паддзахадон статус. Уый та нысан кодта ирон ӕвзагӕн стыр бартӕ радтын, ома, Паддзахад хъуамӕ ауда, хъахъхъӕна ӕмӕ куса ирон ӕвзаджы райрӕзтыл. Абоны бонмӕ ирон ӕвзаг рацыд  историйы зын фӕндӕгтыл, бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзаргӕйӕ. Ирон ӕвзаг афтӕ рӕсугъд, аив ӕмӕ ӕхцон у, ӕмӕ йыл фыст ӕрцыдысты ирон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы ӕнӕмӕлгӕ «Ирон фӕндыр», ирон адӕмы стырдӕр хӕзнатӕй иу – «Нарты эпос», ирон классикты уацмыстӕ, Абайты Васойы стыр ахадгӕ иртасӕн куыстытæ ӕмӕ а.д. Уӕдӕ афтӕ, мадӕлон ӕвзаг у удварны хӕзнадон ӕмӕ зонды куырдадз», – дзырдта мадзаламонӕг, 1-ӕм скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы методист Хъоцыты Галинӕ.

Уый фӕстӕ ацы скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, сӕрмагондӕй ирон ӕвзаджы рӕзты темӕйыл цы докладтӕ бацӕттӕ кодтой, уыдон.

Гуыцмæзты Ангелинæ дзырдта: «Адӕймаг иууыл тынгдӕр хъуамӕ аргъ кӕна йӕ мадӕлон ӕвзагӕн. Алы адӕймагӕн дӕр йӕ мадӕлон ӕвзаг мады ад хъуамӕ кӕна. Мадӕлон ӕвзагмӕ мады ӕнкъарӕнтӕ хъуамӕ  мады ӕхсыримӕ банкъара. Ӕмхуызонӕй мадӕлон ӕвзагӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд йӕ уавӕр бынтон ӕндӕргъуызон уыдзӕнис. Мах хӕсджын стӕм, цӕмӕй ахуыр кӕнӕм ирон ӕвзаг ӕмӕ йӕ дӕттӕм фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».

Биазырты Зӕринӕ та афтӕ загъта йӕ раныхасы: «Нӕ сомбон хуыздӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр уыдзӕнис уӕд, кӕд ӕмӕ бахъахъхъӕнӕм нӕ фӕстагӕттӕн не ‘взаг. Ӕвзаг алцӕмӕн дӕр бындур у. Нӕ хистӕртӕ дӕр афтӕ зӕгъынц; ӕнӕ ӕвзагӕй нӕй аивад, хи культурӕ, хи ӕгъдау, Фыдыбӕстӕ».

Сӕ хъуыдытӕ ма мадӕлон ӕвзагыл дзырдтой Багаты Олеся, Букуылты Виктория, Мамиты Аделинӕ, Дзӕгъиаты Динӕ, Гӕджиты Динӕ, Къӕбулты Зӕринӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Се ‘ппӕтӕн дӕр сӕ раныхӕсты хатдзӕг уыдис иу – не ‘взаг, ӕппӕтӕн дӕр бындур чи у, ууыл ма хъуамӕ ивӕм нӕ зӕрдӕ. Бирӕтӕ сӕ риутӕ хойынц, ӕз ирон дӕн, зӕгъгӕ, афтӕмӕй сӕ дзыхы ирон дзырд бадгӕ дӕр нӕ кӕны, нӕ республикӕйы цавӕр ирон газеттӕ ӕмӕ журнал цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Ирон адӕмы патриот схоныны бар ис ахӕм адӕймагӕн, Уӕрӕсейы, фӕсарӕнты дӕр ӕндӕр адӕмты ‘хсӕн чи цӕры ӕмӕ уым дӕр йӕ мадӕлон ӕвзаг, йӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ чи нӕ рох кӕны. Уыдоны ӕмрӕнхъ сты, ныртӕккӕ Турчы цы ирӕттӕ цӕры, уыдон, кӕцытӕ 19-ӕм ӕнусы ӕмбисы ацыдысты Ирыстонӕй, фӕлӕ уӕдӕй нырмӕ ӕцӕгӕлон адӕмы ‘хсӕн хъахъхъӕнынц се ‘взаг.

7-ӕм ӕмӕ 8-ӕм кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕ Кокойты Михаил, Ӕлборты Аланӕ, Хъуылымбегты Аланӕ, Козаты Арсен, Гасситы Альда, Жаркова Олеся, Хъуылымбегты Мария, Елбачиты Амандӕ бакастысты ирон ӕвзаджы тыххӕй ӕмдзӕвгӕтӕ. Скъолайы  ахуыргӕн-джытӕ Хуыгаты Вандӕ ӕмӕ Меладзе Аннӕ сæххæст кодтой ирон зарджытæ. «Хонгӕ» кафт  та сӕххӕст кодтой Коцты Азӕмӕт ӕмӕ Чилӕхсаты Аннӕ.

Кӕронбӕттӕны ныхасы рацыд 1-ӕм скъолайы методист Хъоцыты Галинӕ. Уый бузныг загъта мадзал бацӕттӕгӕнджытӕ Санахъоты Майя ӕмӕ Дзи-гойты Альбинӕйӕн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.