20-æм октябры йæ куыстæй æрлæууыд ирон театралон аивад æмæ литературæмæ егъау хуынтæ чи бахаста, ирон сылгоймаджы æмæ актрисæйы ном бæрзонд чи хаста, нæ уыцы курдиатджын æмæ уарзон артисткæ Галуанты Графы чызг Людмилæйы зæрдæ. Уый тынг хорз зыдтой куыд нæхимæ, афтæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ сыхаг республикæты дæр. Стыр аргъ ын кодтой театрдзаутæ æмæ æхсæнад дæр. Уый уыд Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры сценæйы фидауц æмæ стыр ныфс. Театрты сценæтыл цы бирæ фæлгæндзтæ сарæзта, цы ролты-иу хъазыд, уыдон кæддæриддæр æххæст кодта профессионалонæй æмæ уымæй йæ рухс ном баззайдзæн театрдзауты, ирон адæмы зæрдæты. Галуанты Людмилæ уыдис Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ, Хетæг-каты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, поэт æмæ æхсæнадон архайæг.

Людмилæ бирæ азты дæргъы кæимæ фæкуыста, зынаргъ æмæ уарзон кæмæн уыд, йæ уыцы стыр коллектив уымæн йæ дыууиссæдз боны фæстæ 30-æм ноябры театры сарæзтой мысæн изæр. Ардæм æрбахуыдтой зындгонд артисткæйы хъæбул Аленæ æмæ йе ‘ввахс хиуæтты. Мысæн мадзалы хайад райстой театры артисттæ æмæ кусджытæ, Тыбылты Алык-сандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты Театралон факультеты студенттæ, журналисттæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ. Стъолыл дидинджытæ æмæ судзгæ цырæгъты фарсмæ æвæрд уыдис Галуанты Людмилæйы портрет æмæ афтæмæй «фæлгæсыд» æрæмбырдуæвджытæм. Цæстытыл уадысты зындгонд артисткæйы саразгæ фæлгæндзтæ, йæ хъазт. Уалынмæ аудиофыстæй райхъуыст йæ хъæлæс æмæ нæм цыма сценæйæ радзырдта, раст афтæ рауад. Уый аив каст йе ‘мдзæвгæ «Ирон чызджы монолог» æмæ йæм залы бадæг адæм хъусынтыл фесты…

Мысæн изæр бацæуæн ныхасæй байгом кодта театры аивадон къухдариуæггæнæг, режиссер Дзуццаты Тамерлан. Уый бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ кæй æрбацыдысты Галуанты Людмилæйы рухс ном арынмæ. Дзуццаты Тамерлан адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, Людмилæ кæй уыд курдиатджын æмæ адæмæн уарзон йæ патриотизмы тыххæй. Рахуыдта йæ графиня æмæ банысан кодта, курдиатджын артисткæйы рухс ном кæй никуы уыдзæн рох. Галуанты чызг аивады ирд фæд кæй ныууагъта æмæ, ирон театры сценæйыл хъазгæйæ, адæмæн стыр лæггад кæй бакодта, Ирыстон æмæ, ирон адæмы стыр рис чи ‘нкъардта æмæ йæ зæрдæйы хъарæг йе сфæлдыстады фидарæй кæй загъта, ныфсджынæй знаджы ныхмæ кæй дзырдта æмæ фидæны фæлтæрты иудзинадмæ кæй хуыдта, уыдоныл бæстон æрдзырдта мадзаламонæг æмæ уый фæстæ ныхасы бар радта, Людæ бирæ азты дæргъы кæимæ фæкуыста, йæ уыцы æмбал æмæ æмгар Гугкаты Эвелинæйæн. Уый цæссыгкалгæйæ æрымысыд йе ‘взонджы бонтæ, йе студентон цард Людмилæимæ æмæ банысан кодта, Людмилæйы, ацыдыл тынг кæй фæрыст æмæ æгас Ирыстон кæй фесæфтой театры æрттивагдæр стъалытæй сæ иуы. «Фыццаджыдæр мæ бузныг фæнды зæгъын, ацы мысæн изæр чи бацæттæ кодта, æппæт уыдонæн. Галуанты Людмилæ стыр кады аккаг у æмæ махæй макуы хъуамæ уа рох йæ рухс ном. Мах иумæ ахуыр кодтам Мæскуыйы. Мах стæм Станиславский æмæ Немирович-Данченкойы номыл театралон ахуыргæнæндоны рауагъдонтæ. Людмилæ иузæрдион лæггад кодта æмæ æнувыд уыд нæ уарзон театрыл. Уымæн тынг бирæ бантыст саразын. Уарзта сценæ æмæ уарзон уыдис сценæмæкæсджытæн. Уый афтæ уарзта театры куыст, æмæ-иу декретон улæфты дæр никуы ныууагъта сценæ. Хъазыд, куыд трагедион, афтæ комедион спектаклты, арæх сæйраг ролтæ æххæст кодта драмæты. Æгæрыстæмæй ма æмдзæвгæтæ æмæ пьесæтæ дæр фыста, афтæ аныгъуылд аивады. Адæмы зæрдæты баззайдзæн, куыд курдиатджын артисткæ æмæ арфхъуыдыгæнæг поэтессæ, афтæ, æмæ йæхи-цæн сарæзта æнæмæлгæ мæсыг», – банысан кодта Гугкаты Эвелинæ. Уый ма адæмы зæрдыл æрлæууын кодта 90-æм азты мæгуыр рæстæджыты цард æмæ сæ гастролон балцытæй хъæлдзæг цаутæ.

Зæрдæрисгæ æмæ цæссыгкалгæйæ, Галуанты Людмилæйы рухс ном мысыд театры артисткæ Гæджиты Ингæ дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй сын Людмилæ уыдис зондамонæг, дзыхы ныхасæй сæ кæй рæвдыдта, мады хуызæн сын кæй уыд, уый тыххæй йыл фæрыстысты æмæ абон æнкъарынц, ахæм стыр æмæ хорз адæймаг сæ фарсмæ кæй нал ис, уый. «Зын у, курдиатджын адæймæгтæ куы амæлынц æмæ нæ фарсмæ куы нал вæййынц, уый. Дзуццаты Тамерлан раст банысан кодта, зæгъгæ, ацыд Людмилæ. Уый ацыд, фæлæ йæ ном баззайдзæнис цæргæйæ. Мах æй никуы ферох кæндзыстæм æмæ йæ кæд-дæриддæр мысдзыстæм», – загъта Гæджиты чызг.

Галуанты Людмилæ цы зæрдæмæхъаргæ æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдонæй мысæн изæры аив бакастысты Театралон факультеты студенттæ æмæ театры артисттæ. Людмилæйы номыл йæхи æмдзæвгæ бакаст поэт Чехойты Александр дæр. Мадзал адарддæр кодтой Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы нæлгоймæгты хор.

Галуанты Людмилæ суанг йæ зæры бон-ты онг йæ куыст нæ уагъта сценæйыл. Уый йæ фæстаг роль сæххæст кодта Гаглойты Владимиры пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Ныййарæджы кадæг»-ы. Дзуццаты Тамерлан куыд банысан кодта, афтæмæй курдиатджын артисткæ ацы роль сæххæст кодта æртæ хатты æндæр æмæ æндæр азты. «Ныййарæджы кадæг» Хуссар Ирыстоны сценæйыл æвæрд æрцыд 1966, 1986 æмæ 2016. «Ацы спектакль ногæй сæвæрынмæ куы ‘рхъавыдыстæм, уæд аскъуыддзаг кодтон, Госæмайы роль кæй хъуамæ сæххæст кæна Галуанты Людмилæ. Уæд æм иу бон бацыдтæн хæдзармæ æмæ йын мæ хъуыды загътон. Уый бацин кодта, спектакль кæй ног кæнæм, уый тыххæй æмæ мæ уый фæстæ афарста, зæгъгæ, Госæмайы ролы чи хъаздзæнис. Æз ын куы загътон, зæгъын, дæумæ уый тыххæй æрбацыдтæн, уæд чысыл базивæг кодта, бамбарын мын кодта, йæ азтæ йыл сæ уæз кæй æруагътой. Уæд æз фидарæй загътон, зæгъын, кæд ды ахъаздзынæ Госæмайы ролы, уæд æвæрын ацы спектакль, кæннод – нæ. Людмилæ мын уæд афтæ зæгъы, зæгъгæ, ахъуыды кæнон æмæ дæм уæд фæдзурдзынæн. Æз дæр æм текст ныу-уагътон æмæ рацыдтæн. Тарстæн, кæй не сразы уыдзæн, уымæй æмæ катай кодтон. Фæлæ уайтагъд райстон разыйы дзуапп Людмилæйæ æмæ нын бантыст спектакль сæвæрын», – банысан кодта театры аивадон къухдариуæггæнæг.

Экраныл æвдыст æрцыдысты «Ныййарæджы кадæг», «Расыггæнджытæ» æмæ «Сугъты Фыдсылтæ»-йæ скъуыддзæгтæ. Æрæмбырдуæвджыты бахъæлдзæг кодта артистты хъæлдзæг ныхас æмæ хъазт. Уый фæстæ мысæн изæры равдыстой, Цæгат Ирыстоны журналисттæ Галуанты Людмилæйы цард æмæ сфæлдыстадыл цы алæвæрд бацæттæ кодтой, уый. Ацы видеоæрмæджы бæрæг уыд, Галуанты Людмилæйæн Цæгат Ирыстоны дæр кæй табу кодтой æмæ йæ кæй уарзтой, уый. Ныхасгæнджытæ бирæ рæсугъд æмæ аккаг ныхæстæй ссардтой Людмилæйæн йæ рухс ном. Хуыдтой йæ адæмы сæрхъызой, йæ адæмы бартыл тохгæнæг, Ирыстоныл сагъæсгæнæг, Ирыстонæн номгæнæн сылгоймаджы символ, стыр фæзынд театралон аивады, литературæйы.

Мысæн изæры кæрон Галуанты Людмилæйы хиуæтты номæй мадзалы организатортæн бузныджы ныхæстæ загъта Цхуырбаты Мирæ. Уый дæр йæ раныхасы банысан кодта Людмилæйæн йе стыр курдиат æмæ ном.

Номдзыд сылгоймагæй кæй басгуыхт Галуанты чызг, æгæрон уарзтæй йæ Ирыстоны кæй уарзта æмæ йын йæ кад бæрзонд кæй иста, уый тыххæй йын бынат схай кодтой æмæ ныгæд æрцыд Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.