Хъысмæт æмхуызон уæззау фыдæвзарæнтæ цы адæмтæн схай кæны, уыцы адæмтæ хъуамæ лæууой кæрæдзийы æнцой, тырной рæсугъд фидæнмæ. Иумæ, æмдыхæй, æмзондæй. Абон Донбасс цы уавæры ис, уыцы уавæры уыдыстæм мах дæр. Æмæ, ирон æмбисонд цæйау зæгъы: дæ мады мард, дам, ахæмæн зæгъ, йæ мад кæмæн амард – махæй хуыздæр сын чи хъуамæ æмбара сæ уавæр, мах разæй чи хъуамæ балæууыдаид сæ фарсмæ! Æмæ афтæ дæр у. Бонæй-бон фидардæр кæнынц дыууæ сæрибаруарзаг республикæйы æмахастытæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ. Иумæ дих кæнæм нæ цин дæр æмæ нæ хъыг дæр. Æмæ уымæй æнæхъæн дунейæн уынын кæнæм, хæрам æмæ фыдæхы ныхмæ тохы иунæг кæй ничи уыдзæн. Æмæ та уый ногæй бафидар кодта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли Донбассмæ йæ радон балцы рæстæджы.

Донбассмæ цæугæйæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент дидинджытæ сæвæрдта горæт Ростов-Доны Николай Островскийы номыл Культурæ æмæ улæфæн парчы «Донбассы Хъайтарты» цыртыл.

Ацы церемонийы ма хайад райстой парти «Иууон Уæрæсе»-йы советы Генералон секретарь, Уæрæсейы Федерацийы Феде-рацийы Советы Сæрдары Фыццаг хæдивæг Андрей Турчак, Уæрæсейы Федерацийы сенатор Александр Карелин, Паддзахадон Думæйы депутат, Æппæтуæрæсейаг æхсæнадон организаци «Хæстон æфсымæрдзинад»-ы Сæрдары фыццаг хæдивæг Дмитри Саблин, Донецкы Адæмон Республикæйы фыццаг Премьер-министр, Донецкы Адæмон республикæйы Хъайтар Александр Бородай.

Хуссар Ирыстоны Президент ма хайад райста Донбассы Бархионты Цæдисы æмбырды, куыд кадджын уазæг, афтæ. Æмбырды хайадисджытæн арфæйы ныхæстæ загътой Андрей Турчак, Ростовы областы Губернатор Васили Голубев, Александр Карелин æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Æмбырды ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, Республикæ Хуссар Ирыстон кæй у ахæм иунæг паддзахад, кæцы банымадта Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты хæдбардзинад.

«Æз сæрыстыр дæн уымæй. Нæ паддзахадты ‘хсæн æмахастытæ сты иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл. Æмæ мах дарддæр дæр архайдзыстæм ууыл, цæмæй нæ адæмтæ кæрæдзимæ баввахсдæр уой æмæ хуыздæр базоной кæрæдзи», – загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент.

Парти «Иууон Уæрæсе» æмæ Донбассы Бархионты Цæдис кæй баиу сты, уый Бибылты Анатоли логикон æгъдауæй нымайы растыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ Бархионты Цæдис у патриотикон организаци, политикон парти «Иууон Уæрæсе» та у иууыл сæйраг-æр политикон тых, Уæрæсемæ æмæ иумæйагæй сисгæйæ уырыссаг дунемæ  патриотикон ахаст дарæг.

«Абон ныллæууыд æппæт политикон тыхты баиу кæныны рæстæг. 2012 азы æз сарæзтон парти «Иууон Ирыстон», æмæ мæн ныфс ис, тагъд рæстæджы нæ организацитæ кæй бафысдзысты цалдæр æмразыдзинады æмгуыстады фæдыл, уый æнæмæнгхъæугæ кæй у, уымæ гæсгæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Ацы мадзалы фæлгæтты къухтæ фыст æрцыд политикон парти «Иууон Уæрæсе» æмæ Æхсæнрегионалон организаци «Донбассы Бархионты Цæдис»-ы ‘хсæн Æмразыдзинадыл.

Æмразыдзинадыл сæ къухтæ æрфыстой «Иууон Уæрæсе»-йы советы Генералон секретарь, Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы Советы Сæрдары Фыццаг хæдивæг Андрей Турчак æмæ Æхсæнрегионалон организаци «Донбассы Бархионты Цæдис»-ы Правленийы Сæрдар Александр Бородай.

Развæлгъау райсгæ информацимæ гæсгæ ацы ахсджиаг поли-тикон цауты Бибылты Анатоли хайад райста Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Луганскы Адæ-мон Республикæмæ йæ балцы рæстæджы.

Ростовы областы уагъдæрцæуæг мадзæлтты фæстæ Бибылты Анатоли йæ фæндаг акодта Донецкы Адæмон Республикæмæ. Йæ балцы райдайæны Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент хайад райста Донецкы Адæмон Республикæйы сæрвæлтау фæмардуæвæг хъайтарты номыл цыртдзæвæн байгом кæныны церемонийы.

Цыртдзæвæн, кæцы æвæрд æрцыд Донецкы Адæмон Республикæйы фыццаг Сæргълæууæг Александр Захарченкойы номыл парчы, у Республикæ Хуссар Ирыстоны лæвар Донецкы Адæмон Республикæйы цæрджытæн.

Цыртдзæвæн æвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны фæцæфуæвджыты Фонды хъæппæрисæй æмæ Бибылты Анатоли йæ бындурæвæрæг кæмæн у, уыцы хæрзаудæн фонд «Иууон Алани»-йы æххуысæй.

Мадзалы хайад райстой Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Денис Пушилин, «Иууон Уæрæсе»-йы советы Генералон секретарь, Уæрæсейы Федерацийы Федерацийы Советы Сæрдары фыццаг хæдивæг Андрей Турчак æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы депутат Тайсауты Хъазбег.

Денис Пушилин бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны цæрджыты адресыл, Донецкы Адæмон Республикæйы хъайтартæм сын ахæм хъарм æмæ зæрдæбын ахаст кæй ис, уый тыххæй.

«Мах бузныг зæгъæм, ацы цырт-дзæвæн кæй фæрцы фæзынд, уыцы ирон адæмæн, сæ царды ар-гъæй нæ республикæты уæвынад чи бахъахъхъæдта, уыцы хъай-тартæм сын ахæм хъарм æмæ зæрдæбын ахаст кæй ис, уый тыххæй. Æмæ, дзырд дæр ыл нæй, символикон æгъдауæй ахсджиаг кæй у, ацы цырт Донецкы Адæмон Республикæйы фыццаг Сæргълæууæг Александр Захарченкойы номыл парчы æвæрд кæй æрцыд, уый, – загъта Денис Пушилин, æмæ ноджыдæр банысан кодта, Донецкы Адæмон Рес-публикæйæн тынг ахсджиаг кæй у æмхъуыдыгæнджыты фарсхæцынад æнкъарын.  – Мах бузныг стæм уыцы ирон бархионтæй, кæцытæ хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ уæхски-уæхск слæууыдысты нæ хæстонты фарсмæ æмæ хъахъхъæдтой куыд Донецкы Адæмон Республикæйы, афтæ Луганскы Адæмон Республикæйы дæр, мах бузныг стæм Уæрæсейы адæмæй, йæ иугъæдон æмæ алыварсон æххуысы тыххæй. Нæ хъайтартæ та цæрæнбонтæм цæргæйæ баззайдзысты нæ зæрдæты», – загъта Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли йæ раныхасы банысан кодта: «Йæ Райгуырæн бæстæйы тыххæй йæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы лæппутæ ам дæр æмæ Хуссар Ирыстоны дæр сты, нæ фыдтæ æмæ нын нæ фыдыфыдтæ – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ кæй ныууагътой, уыцы идейæтæ дарддæргæнджытæ».

«Махæн нæ хæс у, цæмæй аргъ кæнæм уыцы рæстæджыты хъайтартæн дæр æмæ ныры дуджы хъайтартæн дæр. Мах стæм иумæ. Æмæ мах иумæ арæм, неофашизмы ныхмæ тох кæныны тыхтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Нæ Республикæйы Президент банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны фæцæфуæвджыты Фонды сгъуыхтдзинад ацы цырт-дзæвæн сæвæрыны хъуыддаджы.

«Æз æнæкæрон бузныг дæн фæцæфуæвджыты Фондæй Плиты Мæдинæйы сæргълæудæй, кæцы Донецкы Адæмон Республикæйы хъахъхъæнджытимæ иумæ бацархайдта, цæмæй æфсымæрон Донецкы æвæрд æрцыдаид ацы цыртдзæвæн. Æнæ мысынад фидæн нæй. Æмæ ам лæппутæ мардысты æрмæст нæ абоны цард хъахъхъæнгæйæ нæ, фæлæ нæ фидæны кæстæрты сæрвæлтау», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Хуссар Ирыстоны Президент хайад райста Донецкы Адæмон Республикæйы бон нысан кæ-ныны бæрæгбонон мадзæлтты дæр. Республикæйы столицæйы бæрæгбонон парады рацыдысты, куыд Донецкы, афтæ иннæ горæттæ æмæ районты цæрджытæ дæр, сфæлдыстадон организацитæ, ахуырадон уагдæттæ. Æрыгон республикæйы цæрджытæ парады хастой куыд Донецкы Адæмон Республикæйы паддзахадон тырыса, афтæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон тырыса дæр. Республикæйы сæрибардзинады сæрвæлтау чи тох кодта, уыцы ирон бархионтæ та парады рацыдысты ирон тырысаимæ. Парады цы лозунгтæ хастæуыд, уыдонæн сæ фылдæр дзурæг уыдысты, донбассаг адæмы Уæрæсейы Федерациимæ цæрын кæй фæнды, ууыл.

Денис Пушилин йæ бæрныуæвæг республикæйы цæрæг адæмæн арфæ кæныны рæстæ-джы банысан кодта хæдбардзинад расидыны фæдыл 2014 азы ауадзгæ референдумы ахсджиагдзинад. Уый йæ раныхасы сæйраг хъусдард аздæхта, сæ зын рæстæджы сæ фарсмæ цы адæмтæ балæууыдысты, уыдоны хайбавæрдмæ. Денис Пушилин Бибылты Анатолийы схорзæхджын кодта «Донецкы Адæмон Республикæйы раз лæггæдты тыххæй» майданæй.

«Æз сæрыстыр дæн уымæй, æвдисæн кæй уыдтæн, 2014 азы ам цы референдум ауагъдæуыд, уымæн. Æз сæрыстыр дæн, Республикæ Хуссар Ирыстон Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты хæдбардзинад кæй банымадта, уымæй. Æз сæрыстыр дæн, абон ацы республикæ рæзты фæндагыл лæуд кæй у, уымæй. Æз алы хатт дæр нымадтон æмæ нымайын, Донбасс кæй у – ирон, хъазахъаг, сербаг æмæ æндæр нациты минæвæртты. Боныфæстагмæ Донбасс у Уæрæсе»,- банысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.