Радон хатт та нæ горæты Колыты Аксойы номыл цы Аивæдты лицей ис, уым уагъд æрцыд егъау æмвæзадыл литературон-музыкалон мадзал. Мадзал уагътой 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæ ахæм темæйыл «Александр Пушкин æмæ Наталья Гончарова». Ацы скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Плиты Риммæ Шамилы чызг ахæм бæрзонд æмвæзадыл мадзæлттæ арæх бацæттæ кæны. Куыстуарзаг, зæрдæхæлар, йæ профессийыл æнувыд æмæ æнæзæрдæхудт уæвгæйæ, уый алкæддæр йæхи батыхсын кæны къласæн æддейæ мадзæлттæ уадзынымæ, нæ базивæг кæны хъæуæг æрмæг агурынмæ æмæ уымæн аив рацæуынц юбилейтæ уой, бæрæгбонон мадзæлттæ, æви зæрдылдарæн бонтæ.
Скъолайы актон зал фæлыст уыд XVIII æнусы стилыл. Ардæм хуынд æрцыдысты Ахуырад æмæ зонады министрады бæрнон кусджытæ, горæты иумæйаг ахуырадон скъолаты уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджытæ, Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл университеты профессорон-ахуыргæнджыты коллектив, горæты ахуырады хайады бæрнон кусджытæ æмæ мадзалуадзæг — 11-æм къласы рауагъдонты ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ.
Бацæуæн ныхасæй мадзал байгом кодта Плиты Риммæ. «Стыр уырыссаг фыссæг Александр Пушкины сфæлдыстадон бынтæ уæрæх сты. Ахæм поэтикон жанр нал баззад Пушкин кæй нæ бафæлвæрдта æмæ æмбисонды уацмыстæ кæм не сфæлдыста. Фæлæ уæддæр диссаг уыдысты йе ’мдзæвгæтæ, уарзондзинады æнкъарæнтæ кæм равдыста. Уыцы æмдзæвгæтæ диссаг уыдысты сæ арф æмæ зæрдæбынæй цæугæ ныхæстæй.
Фыст рæсугъд æмæ хуымæтæг формæйæ. Поэт цыфæнды курдиатджын ма уа, уæддæр йæ зæрдæйы стыр уарзт куынæ абуха, уæд ын нæ бантысдзæнис ахæм стыр лирикон уацмыстæ ныффыссын. Пушкинæн йе стыр Лирæ уыд йæ цардæмбал Наталья Гончарова. Арф уыд уарзондзинад поэтæн, фæлæ йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ æвдисын фæрæзта хуымæтæджы, æргом æмæ æмбал кæмæн нæй абон дæр, ахæм тыхджын ныхæстæй. Зæрдæйы рис æмæ хъæлдзæгдзинад, лирикон пафос æмæ сарказм — уыдонæй се ’ппæтæй дæр хайджын сты Пушкины æмдзæвгæтæ. Уымæн сты актуалон абон дæр. Абон уын 11-æм къласонтæ уæ размæ цы æмдзæвгæтæ рахæсдзысты, уыдон дзаг сты канд уарзондзинады æнкъарæнтæй нæ, фæлæ ма аив сты метафорæтæ æмæ эпитеттæй. Йæ уарзон сылгоймагмæ цы фыс-тæджытæ фыста, уыдон уыдысты аив æмæ æххæстхъуыдыджын, литературон æвзагыл фыст. Пушкины лирикæйы иу хай — уарзондзинад уымæн равзæрстам, æмæ ныртæккæ уæ размæ мадзал уадзынмæ цы æвзонг чызджытæ æмæ лæппутæ рахиздзысты, уыдон дæр сты Наталья Гончарова, стыр уырыссаг фыссæг А. Пушкины, уыдон кары уæвгæйæ кæй бауарзта уымæн», — загъта Колыты Аксойы номыл Аивæдты лицейы скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Плиты Риммæ.
Уый фæстæ залмæ рахызтысты ацы скъолайы рауагъдонтæ Пушкины дуджы стилы дарæсвæлыстæй. Уадид залыбадджыты зæрдæтæ ныррухс сты, 11-æм къласы ахуыр-гæнинæгты ахæм аив къабаты куы федтой, уæд. Æмбæлдысты сыл къухæмдзæгъдимæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы бонмæ уыдон сæрмагондæй кæй бахуыйын кодтой ивгъуыд æнусы уæлæдарæс. Ам бузныг зæгъын хъæуы ныййарджытæн дæр, æмбаргæдзинад кæй равдыстой сæ хъæбулты домæнтæм æмæ уымæй сæ хайбавæрд кæй бахастой мадзал рæсугъдæй ауадзынмæ.
Ахуыргæнинæгтæ куыддæр сценæмæ рахызтысты, афтæ уадид аныгъуылдысты Александр Пушкин æмæ Наталья Гончаровайы дуджы, сæ фæлгондзтæ сын райсгæйæ, фæд-фæдылонæй тырныдтой зæххыл иууыл рæсугъд фидыц-дæр æнкъарæн — уарзондзинадыл дзурын. Канд мадзалуадзджытæ нæ, фæлæ ма сæ хъуыдыты ивгъуыд дугмæ экскурси сарæзтой залыбадджытæ дæр. Æмдзæвгæты ’хсæн та-иу райхъуыстысты уарзондзинадыл фыст зарджытæ, уыцы нымæцы æндæр авторты фыст æмдзæвгæтыл дæр.
Мадзалы азарыд Аивæдты лицейы 6-æм къласы ахуыргæнинаг Пæррæстаты Аннæ-Мария, Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг фестивалты бирæ премиты лауреат. Уый сæххæст кодта зарæг «Лебеди». Йæ аив, рæсугъд æмæ зæрдæмæхъаргæ хъæлæсæй зарæг ноджыдæр райста сæрмагонд мидис.
Мадзалмæ хуынд æрцыд лицейы раздæры рауагъдон æмæ ныр зынгæ зарæггæнæг Дзигойты Каринæ дæр. Ацы рæстæджыты поэтты æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ сæххæст кодтой лицейы вокалы ахуыргæнджытæ Гатыгкоты Нинæ æмæ Сиукъаты Тамерлан. Цалдæр лирикон зарæджы азарыдысты 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæхæдæг дæр: Тедеты Виктория, Абрашина Кристина, æмæ æмдзæвгæтæ та аив бакаст Джиоты Джокондæ.
Мадзалы кæрон ныхасы бар лæвæрд æрцыд зонад æмæ ахуырады министры хæдивæг Гаглойты Элисайæн: «Мадзæлттæ уадзыны фæлтæрддзинад Аивæдты лицейæн стыр ис. Æнæдызæрдыгæй, уыдон алы хатт дæр вæййынц ахадгæ æмæ мидисджын. Æрæджы мæ дисы ныппæрста, Риммæ Шамилы чызг, ам 6-æм къласы ахуыргæнинæгтæн „В страну фразеологий“-йы темæйыл цы мадзал ауагъта, уый дæр. 6-æм къласы ахуыргæнинæгтæ фразеологизмтæй аив æмæ рогæй пайда кодтой сæ раныхæсты. Уæд æз ацы мадзалæн нывæрдтон иттæг хорз нысан. Æмæ та мæнæ ногæй мæ зæрдæ барухс. Лицейы ахуыр-гæнинæгтæ музыкæмæ æмхиц кæй сты, уый зыдтон, фæлæ лирикон зарджытæ æххæст кæнын алкæй бон нæу. Сымахæн уæ къухы бафтыд æмæ уын арфæ кæнын», — дзырдта Гаглойты Элиса.
Ныхасы ма рацыдысты уырыссаг æвзаджы ассоциацийы ахуыргæнджыты сæргълæууæг Тедеты Залинæ, 5-æм скъолайы уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Уалыты Розæ, Мæскуыйы микрорайоны 1-æм иумæйаг ахуыргæнæн скъолайы директор Гобозты Русудан æмæ залыбадæг, Свердловскы областæй музыкалон театры бæрнон кусæг Гаглойты Александр.
Уыдон сæ раныхæсты стыр бузныг загътой Плиты Риммæ Шамилы чызгæн æмæ йæ командæйæн, сæ дæсныйадыл æнувыд кæй сты æмæ сæ зонындзинæдтæ рæзгæ фæлтæрæн кæй нæ хæлæг кæнынц, уый нысанæн.
Ахуыргæнæджы професси райсын кæмæнфæндыдæр суыдзæнис йæ бон, фæлæ дæ удысконды куынæ уа ахуыргæнинæгтæм уарзондзинады æнкъарæнтæ, уæд дæ куыст нæ уыдзæн, зæрдæ кæмæй рухс кæна, ахæм. Плиты Риммæ Шамилы чызджы зæрдæйы йæ професси æмæ ахуыргæнинæгтæм цы уарзт абугъы, уый йын бар нæ дæтты иуæй-иу ахуыргæнджытау йæ урок ауадзын æмæ стæй уый фæстæ хæдзармæ ацæуынæн. Уый æппынæдзух агуры, тырны нæ тагъдивæг размæцыд дуджы, иу цау иннæйæ куыд ивы, афтæ ногдзинæдтæ хæсса ахуыры процессмæ дæр. Ивгъуыдмæ акæсын кæм хъæуа, уым та нæ базивæг кæны ахуыргæнинæгты дæр ууыл бацардауынмæ. Стыр хъусдард ма здахы рæзгæ фæлтæры хæрзæгъдауон-хъомыладон фарстатæм. Афтæ ма размæ кæны, нæ царды цы бирæ проблемæтыл æмбæлынц сабитæ, уыцы фарстатæ дæр.
Мадзалуадзæг ахуыргæнинæгтæй сæ иуы ныййарæг Гаглойты Ларисæ загъта: «Плиты Риммæ мæ чызджы ахуыргæнæг кæй у, уый мæнæн стыр хæрзиуæг, цины хос у. Уымæн æмæ уый, йæ тыхтæ йæ куыд амонынц, афтæ тырны сабитæн лæггад кæнынмæ. Ахуыргæ-нинæгты разæнгард кæны æппæт хорздзинæдтæм, æппæрццагæй сæм цы вæййы, уыдон иуварс кæныныл та уæхскуæзæй фæкусы».
Уазæгты марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.