Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Ленингоры районы Гдулеты хъæуы (ацы хъæу Цъинагаримæ æмарæн кæны). Астæуккаг ахуырад райстон Цъинагары астæуккаг скъолайы. Уый фæстæ мæ ахуыр адарддæр кодтон Цхинвалы раздæры хъæууонхæдзарадон техникумы зоотехникон хайады. Уыцы рæстæджы тынг бирæ фæсивæд ахуыр кодта ацы ахуырадон уагдоны, æгæрыстæмæй-иу дзы конкурс дæр уыд. Æмæ кæд мæ дæсныйадыл никуы бакуыстон, уæддæр абон дæр стыр æхсызгонæй мæ зæрдыл æрлæууынц студентон хъæлдзæг азтæ. Уый хыгъд мæ цардæмбалимæ схъомыл кодтам æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтам æртæ фырты. Адæймаг кæм райгуыры, йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акæны, уый ад ын цæргæцæрæнбонты ницы фæкæны, кæдæм фæнды йæ ма ахæсса йæ хъысмæт, уæддæр. Куыд æппæт амондагур чызджытæ, афтæ æз дæр техникум каст куы фæдæн, уæд мæ цард баиу кодтон Карелы районы Имерхеуы хъæуæй рацæугæ, Дзæуæджыхъæуы цæрæг Кокойты Федяимæ æмæ абоны онг дæр цæрын ацы горæты.

Мæ зæрдыл хорз лæууы, Цхинвал куыд рæсугъд æмæ сыгъдæг горæт уыд, уый дæр. Горæты уынгты  уæлдай бырон ничи федтаид. Фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, ома, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд куы райдыдта, уæд мæ уарзон горæт раууатмæ æрцыд, размæ ницæмæйуал рацыд. Дæргъвæтин хæстон азты дæргъы мæнæн дæр мæ зæрдæ рыст, куыд æппæт хуссарирыстойнаг цæрджыты зæрдæтæ, афтæ. Зæрдæхсайгæйæ æрвыстон  æз дæр мæ царды бонтæ, уымæн æмæ мæ ныййарджытæ, ме ‘фсымæртæ, мæ хиуæттæ æппынæдзух Гдулеты æмæ Цхинвалы цардысты, никуыдæм ацыдысты æндæр ранмæ цæрынмæ. 1991 азы бершуеттаг абырджытæ Гдулет æмæ Цъинагары хъæуы цæрджытæй авды куы амардтой æмæ цалдæрæй та цæфтæ куы фесты, уæд уæззау цæф фæци ме фсымæр Важа дæр, йæ хъуырыл нæмыг сæмбæлд æмæ дзы иннæрдæм ахызтис. Бирæ хос кæнын æй бахъуыд, бæргæ радзæбæх, фæлæ зæрдæ фыды мур йедтæмæ ницы у, ацы цауы фæстæ æмæ дæргъвæтин хæстон азты фæстиуæгæн йе ‘взонг зæрдæйы карз низ бацыд æмæ кæд æргомæй никуы хъаст кодта йе ‘нæниздзинадæй, уæддæр 2009 азы декабры кæрон бынтон æнæнхъæлæджы йæ цардæй ахицæн 48-аздзыдæй. Адæм сæхи Ног азмæ куы цæттæ кодтой, уæд уый та 31-æм декабры йе ‘нусон бæстæм бацыд, йæ дыууæ æнахъом сывæллоны сидзæртæй, йæ ныййарджыты, йæ хиуæтты кæугæйæ ныууадзгæйæ.

2008 азы августы хæсты фæстæ фыццаг хатт Цхинвалмæ куы æрцыдтæн, уæд бынтондæр нал базыдтон мæ уарзон горæты. Алырдыгæй сыгъд æмæ æрдæгпырх хæдзæртæ мæгуыргъуызæй лæууыдысты, уынгты уыд алыгъуызон бырон. Августы хæсты фæстæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсе куы банымадта,  уæд мæ цинæн кæрон нал уыд, зæгъын, ныр сæрибарæй сулæфдзысты хæстæфхæрд цæрджытæ. Ныфс мæ уыд, тагъд рæстæджы æвзонг республикæ йæ къахыл кæй слæудзæн, уымæй, фæлæ кæд бирæ финансон æххуыс фæцыд Цхинвалмæ, уæддæр ыл дæргъвæтин рæстæджы хорзæй ницы разынд, уымæн æвдисæн уыдтæн Хуссар Ирыстонмæ мæ алы æрцыды рæстæджы дæр. Цæугæ та мæ ацæргæ ныййарджытæм арæх кодтон. Мæ алы æрцыды рæстæджы дæр-иу фæстæмæ зæрдæрыстæй аздæхтæн, афтæ мæгуыргъуыз уыдысты Цхинвал æмæ респуб-ликæйы хъæутæ…

Ныр уавæр цæхгæр фæивта хорзæрдæм. Мæ иу æрцыдæй иннæ æрцыдмæ бæрæгæй йæ хуыз ивы æмæ рæсугъддæр кæны Цхинвал дæр. Дыууæ азы размæ мæ фыд куы фæзиан æмæ мæ мад иунæгæй куы аззад, уæд мæ ноджы арæхдæр цæуын бахъуыд мæ райгуырæн хъæумæ, кæд æм ме ‘фсымæр æмæ мæ чындз хорз кæсынц æмæ йæ сæхимæ дæр хонынц цæрынмæ (цæрынц Цъинагары), уæддæр æй йæ къах нæ хæссы зæрыбонтæм йæ царды бонтæ цы хæдзары арвыста, æхсæз хъæбулы цы хæдзары схъомыл кодта, уырдыгæй æмæ йæ уымæ гæсгæ, æз дæр арæх абæрæг кæнын. Ныр мæ алы æрцыды рæстæджы дæр рахатын, горæты та цыдæр ногæй арæзт кæй æрцыд, уый.

Никуы ахъуыды кодтаин æмæ цыбыр рæстæгмæ афтæ тынг фæива йæ хуыз хорзæрдæм хæстæфхæрд горæт. Никуы ахъуыды кодтаин æмæ Ленингоры районы Цъинагары зонæйы хъæуты цæрджыты æнусон проблемæ скъуыддзаг æрцыдаид, цæрджыты бæллиц  сæххæст уыдаид, ууыл. Цæвиттон, ацы хъæуты цæрджытæ цæрæнбонты стыр зындзинæдтæ æвзæрстой, донхъуагдзинад кæй æййæфтой, уый аххосæй. Цæрæнбонты архайдтой ласгæ донæй. Фыццаг хатт æй куы фехъуыстон, зæгъгæ, дон хъуамæ рауадзой ацы хъæутæм, уыцы нымæцы Гдулетмæ дæр, уæд мæ уырнгæ дæр нæ бакодта… Фæлæ, ныр мæ рынчын мадмæ куы æрцæуын æмæ нæ хæдзармæ хæрзæввахс кран куы бакæнын æмæ дзы дон парахатæй куы ракæлы, уæд мæ цинæн кæрон нал вæййы, сывæллонау фæцин кæнын. Кæд-иу нырмæ  донæн экономи кæнгæйæ кодтам нæ хæдзарон куыстытæ, уæд ныр та парахт донæй архай æмæ дæ хæдзарон митæ кæн, цас дæ фæнды, уыййас.

Иннæ ахæм мæ зæрдæ тынг барухс Цхнвалы уынгты хæрзарæзтадæй, уæлдайдæр та Октябры уынгæй. Мæ хиуæттæ Цхинвалы цæрынц  æмæ апрелы мæйы Гдулетæй фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ куы здæхтæн, уæд мæ нæ ауагътой, иу æхсæв, дам, махмæ дæр æрлæу. Изæры тезгъо кодтам Октябры уынджы æмæ та мæ цæстытыл нæ баууæн-дыдтæн, афтæ тынг æй срæсугъд кодтой, адæм дзы æмæзмæлд кодтой. Æгæрыстæмæй, йын йæ ныв дæр систон, зæгъын, мæ дзæуджыхъæуккаг сыхæгтæн фенын кæнон Цхинвалы цард размæ куыд цæуы, уый. Иу ныхасæй, мæ цинæн кæрон нал уыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхайы,  паддзахадон университеты арæзтад, хæрзарæзт уынгты куы федтон, уæд мæ зæрдæ цины малы аныгъуылд æмæ фæарфæтæ кодтон республикæйы къухдариуæгадæн, йæ сæргъ Тыбылты Леонид, афтæмæй.

Позитивон эмоцитæ мæ афтæ тынг сæ уæлныхты систой æмæ мæ бафæндыд мæ циндзинад газеткæсджытимæ адих кæнын. Республикæйы къухдариуæгадæн та мæ зæрдæ зæгъы: Фылдæр уын бантысæд уæ бæрнон архайды æмæ донарæхæн уæ цард уæнт!

Хуриты-Кокойты Сæлимæт,

Дзæуджыхъæу

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.