Уасæджы аз æрбалæудзæн 2017 азы 28 январы æмæ фæуыдзæн 2018 азы æхсæвы 15 февралæй 16 февралмæ.

Зынггъуыз уасæджы азы иумиаг характеристикæ

Цæмæй йæ бамбарæм иууылдæр цахæм аз нæм æнхъæлмæ кæсы, уый тыххæй хъуамæ æрхъуыды кæнæм, зæгъгæ, уасæг кæй у хивæнд, цардæфсæст хъæлæсджын уæвæгой. Уый æмбæлы ног боныл! Уый тыххæй уасæг у ногдзинады символ. Уый цымыдис кæны алцæмæдæр, æргомзæрдæ, эффектон, уарзы йæхимæ хъусдард здахын æмæ алы ран дæр уæлахиз кæны. Ацы символимæ æмдзу кæны æнтыстдзинад. Уасæг у царды ахадгæ æмæ, æгæрыстæмæй, фæстауæрцгæнæг, уый тыххæй 2017 азы хорз фадæттæ уыдзæнис хъысмæтхæссæн проекттæ æххæст кæнынæн, хи бизнес бакæнынæн, æнæзмæлгæ исад балхæнынæн, иу бынатæй иннæ бынатмæ ацæуынæн. Иннæ фарсæрдыгæй уый хорз уыдзæн, цæмæй ног æнтыстытæ бафта бæстон ахуыргонд къабазы – уасæг у консервативон æмæ нæ уарзы ивындзинæдтæ, уый хыгъд хорзыл нымайы ног контракттæ, зонадон иртасæнтæ, хæдзар цалцæг кæнын, бинонты фæфылдæр кæнын.

Уасæг у ауæрдаг, ауды йе ‘ддаг бакастыл æмæ æнæниздзинадыл, уымæ гæсгæ йæхицæн цы балхæны, уыдонæй 2017 азы иууылдæр баззайдзæн райгондæй.

2017 азы символы æндæр миниуæг у, æдзух æй адæмы ‘хсæн уæвын кæй фæнды  кæд уарзы хицауиуæг кæнын, уæддæр нæ быхсы иунæгдзинад.

2017 азы гæнæн ис æндæртимæ хъæлдзæгæй балцы ацæуын сплан кæнын, афтæ ма гæнæн ис бинонты стыр бæрæгбонтæ – юбилейтæ, чындзæхсæвтæ саразын, иууылдæр уын ацæудзысты æнтысгæйæ.

Уасæг кæд æнæрцæф у, уæддæр уынаффæтæ исы ахъуыдыкæнгæйæ æмæ дзы исын хъæуы цæвиттон. Уасæджы аз иууыл хуыздæр рауайдзæн, бæрнон бынæтты чи кусы æмæ цавæрдæр хъуыддæгтæ чи организаци кæны æмæ аразы, уыдонæн. Уымæн æмæ 2017 азы символ уарзы, уынаффæтæ чи исынц, уыдоны. Уасæг цæттæ у баххуыс кæна иууыл амбициозон плантæ æмæ ныфсхаст идеятæ сæххæст кæнынæн. Бирæтæ æххæст кæнынц Ног азыл сæмбæлыны æнæфыст фæткойтæ æмæ закъæттæ, цæмæй азы хицау «ма фæхъыг» уа. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у, зонын, цахæм дарæс скæнын хъæуы ногазон æхсæвы, цахæм хæринæгтæ хъуамæ уа бæрæгбонон фынгыл æмæ афтæ дарддæр. 2017 азы скæсæйнаг гороскопы нысаны хорзæх райсгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, æрбалæугæ азы нын тæссаг кæй нæ уыдзысты æнамонддзинæдтæ æмæ алыгъуызон æвзæрдзинæдтæ.

 

Цæмæ æнхъæлмæ кæсæн ис зынггъуыз Уасæгмæ?

Уасæг у нымадмæ гæсгæ дæсæм скæсæйнаг цæрæгой, кæцы легендæмæ гæсгæ æрцыд Буддæмæ йæ фæсидтмæ гæсгæ Ног азы. Уый у ирд æмæ тынг рæсугъд, æнæхъуыддагæй никуы бады.

Уасæг уарзы ирд æмæ рæсугъд дарæс дарын æмæ уымæ гæсгæ хорз тæлмæнтæ сæвзæрын кæны йемæ фыццаг фембæлдæй дæр. Уый уарзы ахæм куыст, цыран йæ алыварс уа адæм. Алы коллективы дæр уый нымад цæудзæн хæдхуыз æмæ эффектон адæймагыл. Тынг бирæтæн 2017 азы куысты мидæг сæ хъул сах абаддзæн æмæ тынг тагъд сараздзысты карьерæ.

Кæд æмæ Уасæг уарзы, цæмæй йæм хъусдард здахой, уæддæр афтæ нымайы, цыма æрмæстдæр уый хъуыды кæны раст. Æдзухдæр æй ныфс ис æрмæстдæр йæхи тыхтæй. Раст уымæ гæсгæ уыдонæн иннæ кусджытæй хъауджыдæр æнцондæрæй бафтдзысты сæ нысæнттæ сæ къухты. Æппæт уасджытæ дæр сты куыстуарзаг, уыдонмæ никуы вæййы, дымгæ кæй æрбахæссы, ахæм æхцатæ. Уасæг кæддæриддæр архайы сараза, йæ бон цы у, уый, æгæрыстæмæй ноджы фылдæр. Йæ уарзон куыст куы кæна, уæд ын бирæ бантысдзæн: хæдбардзинад, престиж æмæ хъæздыгдзинад. Ацы скæсæйнаг нысан алкæйы дæр разæнгард кæны царды йæ нысан ссарынмæ. 2017 азы хъæуы ссарын æмуæздзинад куысты æмæ хи царды ‘хсæн. Афтæ куынæ уа, уæд дыл ног аз гæнæн ис æмæ ацæуа иунæгæй.

2017 азы хуымæтæджы аз рахонæн нæй, фæлæ æнкъард аз дæр нæ уыдзæн, уымæн æмæ Уасæг æнкъарддзинад нæ уарзы. Сæйраг у хиуыл æууæндын. Æрбалæугæ азы ныхмæдзыдтæ уыдзæн адæймагæй адæймаджы ‘хсæн ахастыты æмæ уый та Уасæджы хъыг дардзæн хæлæрттимæ æмæ уарзон адæмимæ бастдзинæдтæ саразыны. Фæлæ у хуры символ, уымæн æмæ йæ сæумæрайсомы уастæй райдайы ног бон. Скæсæйнаг бæстæты ацы нысаны комкоммæ бæттынц хуры хъармимæ: япойнæгтæ дзы уынынц фыццаг рухсы, индиæгтæ – хуры тыхы, китайæгтæ та йæ нымайынц фондз сæйрагдæр хæрзиуæджы – ныфсхастдзинад, æнувыддзинад, хæларзæрдæдзинад, аккагдзинад æмæ хæрзиуæгдзинады символыл.

Уыцы фондз хæрзиуæгæй æвзæрынц 2017 азы символы характеры сæйрагдæр миниуджытæ  æргомдзинад æмæ зæрдæбындзинад. Раст у, уасæг дзуры, йæ сæрмæ цыдæриддæр æрцæуы, уыдоны æмæ йæ тынг не ‘ндавынц æндæрты æнкъарæнтæ.

Стъалытæ фæдзæхсынц алкæйы дæр, цæмæй 2017 азы контроль кæной сæ ныхæстæ æмæ эмоцитыл, цæмæй макæйы фæхъыг кæной. Уасæг у тынг бæрнон, уымæ гæсгæ æппæт хъуыддæгты дæр хъæуы кæронмæ акæнын æмæ алы хъуыддагмæ хъæуы зæрдæбынæй æрæвналын. Æрбалæугæ азы искæимæ ныхас кæнгæйæ хъæуы арæхстджын уæвын, цæмæй уыл Уасæг ма бандава æвзæрæрдæм иууыл бæрнондæр рæстæджы. Уый кæд командæ кæнын уарзы, уæддæр йæхи адресыл нæ уарзы исты фиппаинæгтæ райсын. Йæ зæрдæ йын балхæнæн ис æргомæй дзы раппæлгæйæ. Йæ уды скондмæ гæсгæ уый кæддæриддæр хъуамæ зына адæмы ‘хсæн, хъусдард æм здæхт цæуа. Ацы азы алчидæр хъуамæ ахъуыды кæна йæ лидерон миниуджытæ рæзын кæныныл, цæмæй исты хуызы хицæн кæна йæ алыварс адæмæй.

Уый хауы стыр политикæмæ дæр –  Уасæджы азы уыдзысты конфликттæ дунеон æмвæзадыл, фæлæ аз хорз уыдзæн бæстæйы мидæг серьезон реформæтæ реализаци кæнынæн. Уасæг æнувыдæй хъахъхъæны йæ территори æмæ ауды йæ хиуæтты фæрныгадыл, уымæ гæсгæ йын ацы здæхты уыдзæн æнтыст. Уасæгæн йæ бон у райса раст уынаффæ æппæт фæрсты интерестæ хынцгæйæ. Уасæджы азы гæнæн ис æмæ хицауиуæгадмæ æрцæуой ног тыхджын лидертæ, кæцытæ сæ архайд не здахдзысты конфликты ‘рдæм, уый нæ, фæлæ ма сæ бон уыдзæн сыхæгтимæ стабилон æмæ фидар ахастытæ æрбæстон кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.