Нæ республикæйы скъолаты фыццагкъласонты нымæц ног ахуыры азы уыдзæн фылдæр ивгъуыд азимæ абаргæйæ. РХИ-йы Зонад æмæ ахуырады министрады куыд загътой, афтæмæй ацы аз иумæйагахуырадон уагдæтты фыццаг кълæстæм бацæудзысты 800 сабийы бæрц.

Ам куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 2016 азы фыццаг кълæстæм бацыдысты 749 сабийы, 2015 азы – 750, 2014 азы – 650 æмæ 2013 азы та – 480 сабийы.

Республикæйы сывæллæтты цæхæрадæтты хъомылгæ-нинæгтæ та 2016 азы уыдысты: 6-7 азы кары сывæллæттæ – 254, 5-6 азы кары – 621, 4-5 азы кары – 610, 3-4 азы кары – 774 æмæ 1, 5 азы кары та – 858 сывæллоны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.