1-æм сентябры нæ республикæйы ахуырадон уагдæтты дæр айзæлдзысты дзæнгæрæджы зæлтæ æмæ мингай ахуыргæнинæгтæ райдзаст æмæ æфснайд кълæсты æрбаддзысты сæ партæты фарсмæ.

Нæ республикæйы дзыллæйад ног ахуыры азыл куыд æмбæлынц, уый тыххæй нæ уацхæссæг фембæлд æмæ ныхас кодта нæ горæты æмбæстæгтæй цалдæримæ.

Æрсойты Генади, 12-æм астæуккаг скъолайы директор.

– Афтæ зæгъон æмæ сæрдыгон улæфтыты рæстæджы ног ахуыры азыл цæттæйæ сæмбæлæм ууыл нæ хъуыды кодтам, уый раст нæ уыдзæнис. Ивгъуыд ахуыры аз куы фæцис уæд чысыл аулæфыны фæстæ, æрæвнæлдтам нæ разы цы хæстæ лæууынц, уыдон æххæст кæнынмæ. Не скъола ног цалцæггонд кæй у, уымæ гæсгæ дзы цалцæгкæнинæгтæ уыд цъус. Уыдон аиуварс кæныны фæстæ, нæ сæйрагдæр хæс ссис, куыд кълæстæ, афтæ скъолайы кæрт ныссыгъдæг кæнын дæр. Ацы куыстытæм нæ коллективы уæнгтæ цыдысты æмзондæй æмæ ныр нæхæдæг дæр стыр æхцондзинад исæм кълæсты æмæ кæрты сыгъдæг æмæ рæсугъддзинадæй.

Сæрдыгон улæфтыты рæстæджы ма нæ рох нæ уыдысты алыгъуызон ахуыргæнæн дзаумæттæ æмæ æрмæджытæ самал кæнын. Ам дæр нын ис æнтыст æмæ ахуыртæ цæудзысты хорз. Ацы фарстыты мæ бузныг зæгъын фæнды Зонад æмæ ахуырады министрадæн, республикæйы разамынадæн.

Ацы аз фыццаг хатт сколайы къæсæрæй чи бахиза уыдоны нымæц не скъолайы у 50. Фаронимæ абаргæйæ сты фылдæр æмæ уымæй дæр рухс кæны зæрдæ. Сабитæ дихгонд æрцыдысты дыууæ къласыл. Фидар сæм æрцыдысты, ахуырады къабазы рагæй чи кусынц, йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинæдтæй райгонд кæмæй стæм, ахæм ахуыргæнджытæ. Фыццагкъласонтæн æрæджы, скъоламæ фæхуыдтам сæ ныййарджыты. Иууылдæр æрбацыдысты. Семæ æрныхас кодтам куыд скъола æмæ ахуыргæнджыты, афтæ уыдоны хæстыл дæр. Бафæдзæхстам сæ, цæмæй æппæт амæлттæй дæр архайой сæ кæстæрты раст фæндагыл бафтауыны  хъуыддаджы, æргом бастдзинæдтæ сын уа скъолайы коллективимæ. Куыд ахуыргæнджытæ, афтæ ныййарджытæ дæр æмбырды равдыстой иумиаг хæстæ æххæст кæнынмæ сæ тырнындзинад. Хъомылгæнджытæн цы хæстæ бакодтам, уыдонæй иу у цæмæй алы ахуыргæнинаг дæр скъоламæ цæуа скъолайон дарæсы. Уый кæд иуæй-иу ныййарджытæн бирæ хæрдзтимæ баст у, уæддæр ныфс бавæрдтой нæ домæн æххæст кæй æрцæудзæнис.

Не сколайы скъуыддзаг у чингуыты фарст дæр. Лæвар цы чингуытæ райстам, уыдон сты алы ахуыргæнинаджы фаг дæр æмæ сæ къласгæстæ байуардзысты сентябры фыццаг бонты.

Æппæт уыдæттыл цæст ахæсгæйæ, мæн уырны æмæ ахуыры аз  кæй райдайдзыстæм хорз æнтыстытæ æмæ бæрæггæнæнтимæ.

Гæджиты Аринæ, бирæсывæллонджын мад.

– Æз мæхæдæг кусын Цхинвалы скъола-интернаты. Уымæй дарддæр ма дæн ныййарджыты комитеты сæрдар дæр. Ацы аз мæ сывæллæттæй скъоламæ бацæудзæнис цыппар. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон куыд æмбæлы афтæ скъоламæ бацæттæ кæнын æнцон нæу, алкæуыл дæр дзы бахардз кодтам 7-8 мин сомы. Раст зæгъгæйæ, нæ фæтыхстыстæм. Уымæн æмæ æз мæхæдæг, стæй мæ цардæмбал дæр хорз æмбары, нæ разы цы хæс ис уый æмæ æппæт дæр аразæм цæмæй нæ кæстæртæ цух мацæмæй уой. Уымæй дарддæр ма алы 1-æм сентябры хæдразмæ Цхинвалы аргъуанæй райсæм æххуыс. Мæ ахуыр-гæнинæгтæ ахуыр кæнынц скола-интернаты. Интернат алы ахуыргæнинагæн дæр райста  чингуытæ æмæ уый дæр у стыр æххуыс.

Тедеты Яна, Цхинвалы чиныгуæйгæнæн магазины кусæг.

– Алыгъуызон ахуыргæнæн дзаумæттæ æлхæнынмæ адæм нæ магазинмæ тынгдæр цæуын райдыдтой 2-3 къуырийы размæ. Фæлхасгæнджыты нымæц тынгдæр фæфылдæр вæййы ног ахуыры азы агъоммæ. Ацы бонты фыл-дæр æлхæнынц тетрæдтæ, ручкæтæ, чингуытæ æмæ æндæр ахæм ахуыргæнæн дзаумæттæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.