Хъæуæн æгъдау æмæ хъæуæн фæтк ис, фæзæгъынц. Кæд уыдон нацийæн, адæмтæн иумиаг сты æмæ сыл хъуамæ фидар хæцой, уæддæр æм алы комбæстæ, алы хъæу дæр чысыл ивындзинæдтæ бахæссынц сæхирдыгонау. Уый, æвæццæгæн, мæгуырау нæу, кæмдæр раппæлинаг дæр у, уымæн æмæ не ‘рвылбонон цард йæ алыгъуызондзинæдтæй рæсугъд æмæ фидауцджындæр кæны. Афтæ у Ног азы æрбалæуды бæрæгбон нысан кæнын дæр, ног бæллицтæ æмæ фæндиæгтæ сæххæст кæныны тыххæй алкæмæ дæр фæзыны йæхи зæгъинæгтæ, куывтытæ, арфæтæ. Æгъдау æмæ фарн фылдæр хъæутæй рацæугæ сты, уым æрбиноныг вæййынц æмæ стæй цадæггай сæ иутæ апарахат вæй-йынц æндæр рæтты дæр. Бацымыдис кодтон, Ног азы бæрæгбон Дзауы районы Машхарайы хъæуы та куыд бæрæг кодтой, уымæ æмæ мын сæ радзырдта ацы хъæуы раздæры цæрæг Козаты Мурат:

– Мæ сабибонтæ кæм арвыстон, уый чысыл цæрæн бынат нæ уыд, хæххон хъæуы 25 цæрæн хæдзары куы уа, уæд уый чысыл хъæуыл нымад нæ уыд. Цардысты æмуд æмæ хæларæй, кæрæдзийы уарзгæ æмæ æмбаргæйæ, сæ алы бæрæгбон дæр æрвыстой иумæ. Афтæ уыд Ног азы бæрæгбоны дæр. Йæ хæдразмæ-иу аргæвстой сæ зилгæ хуытæ æмæ кæрæдзийы рахон-бахон кодтой, алы хæдзары бинонтæ дæр ыл æмбæлдысты зæрдæрухсæй. Дзаджджын хæбизджынтæ, адджинæгтæ, нозт фынг фидауын кодтой æмæ банысангонд рæстæгмæ бинонтæ хъæлдзæгæй æнхъæлмæ кастысты. Ног азы æрбалæуды размæ-иу бинонты нæлгоймæгтæй иу хъуамæ хъамайæ æрхахх кодтаид хæдзары алыварс, куыд ничи йæ федтаид, афтæ. Уый нысан кодта, зæгъгæ, азы дæргъы бинонтæ хызт уыдзысты фыдбылызæй, æнæзæгъинагæй. Уый фæстæ бахизæн дуарыл хъамайæ дзуарæвæрд кодта, куыддæр хæдзары къæ-сæрæй бахызтаид, афтæ йæ арфæтæн нал уыд кæрон, сæ сæрыл дзуарæвæрд кодта би-нонтæн дæр куыд кæстæрæй. Иугæр сæххæст æхсæвы 12 сахаты, уæд-иу райхъуыстысты топпы гæрæхтæ дæр. Æрбадтысты фынджы фарсмæ, кувын райдыдта хистæр нæлгоймаг лæугæйæ, лæугæ кодтой бинонты иннæ уæнгтæ дæр æмæ-иу рæстæгæй рæстæгмæ райхъуыст сæ оммен. Ног азы æхсæвмæ тынг æнхъæлмæ кастысты чызджытæ, уыдон-иу скодтой цæхджын гуылтæ æмæ сæ хордтой, æхсæвы тынг дойны кодтой æмæ сын дон цы лæппу бадардтаид, уый уыдаид сæ сомбоны мойаг.

Æрбабон æмæ сæумæрайсом хæдзармæ цыд, хъæуы хуыздæр зæрдæ æмæ къах кæмæн уыд, уыцы адæймаг. Уый бирæ фæарфæтæ кодта хæдзары змæл-джытæн, бафæндыд æй уыдонæй алкæмæн дæр æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныг цард. Фылдæр хатт-иу цыд уыцы адæймаг хъæуы алкæй хæдзармæ дæр æмæ дзы уыдысты бузныг, йæхæдæг дæр арфæтæй цух нæ зад. Алы бинонтæ дæр æм кастысты уарзæгой цæстæй æмæ йын кодтой лæвæрттæ, дзаджджын фынг ын кæддæриддæр уыд цæттæ. Ноджы ма сæумæрайсом хæдзары хистæр нæлгоймаг цыд скъæтмæ, бафæдзæхста-иу йæ фосы Фæлвæрайæн, цæмæй хызт уыдаиккой фыдбылызæй. Уый фæстæ холлагдонæй рахастаид хосы бындзыг, хæдзармæ бацæугæйæ, бинонтæн раарфæ кодтаид, стæй йæ судзгæ: пецы æппæрста афтæ дзургæ: «Ацы холладжы бындзыг куыд басудза, афтæ фесæфæд, цы фыдбылызтæ нæм каст, уыдон дæр».   Нæ хъæуы уыд, фæндырæй чи цагътой, ахæм чызджытæ æмæ сæ хъæлдзæг цагъд æмæ зардæй адæмы зæрдæтæ кодтой хъæлдзæгдæр. Иууыл тынгдæр мах, кæстæртæ, цымыдис кодтам æмæ хъуыстам Козаты Федыры цагъдмæ. 85-аздзыд зæронд лæг Козаты Федыр тынг аив цагъта рагон ирон уадынгарз хъисфæндырыл, йæ къух нæ фæллад æмæ нын кодта ирон цæгъдтытæ. Афтæ æрвыстой нæ хъæуы адæм сæ ногазон бæрæгбонтæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.