Ленингоры районы Цъинагары Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд сты ацы комбæсты хъæуты цæрджытæ. Уыцы бон уырдæм фæуазæг сты цхинвайлаг артисттæ – РХИ æмæ Республикæ Абхазы сгуыхт артисткæ Саппиаты Залинæ, РХИ-йы сгуыхт артист Тасойты Игорь, РХИ-йы сгуыхт артист Хаситы Сослан æмæ музыкант Джиоты Сослан.

Ног сцалцæггонд Культурæйы хæдзары иу сæрибар бынат дæр нал уыд æмæ бынат кæй нал фæцис, уыдон  та сæ уарзон артистты архæстдзинадмæ кастысты лæугæйæ. Бæрæгбонон мадзалмæ ма фæуазæг сты Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Гулиты Владимир, ацы администрацийы культурæйы хайады хистæр Битарты Бессарион, районы бынæттон хъæууон администрациты къухдариуæггæнæг Тыджыты Лева æмæ æндæртæ.

Битарты Бессарион ногазон арфæтæ ракодта хъæубæсты цæрджытæн æмæ ныхасы бар радта Гулиты Владимирæн. Гулийы фырты цæст дæр комбæсты цæрджытæн бауарзта хорз æмæ хъæлдзæг ногбонтæ, æнæниздзинад æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ.

Æрæмбырдуæвджытæн ногазон арфæтæ загъта горæт Цхинвалы администрацийы культурæйы хайады хистæр Тасойты Игорь дæр. Уый æхсызгонæй банысан кодта, Цъинагармæ райзæрдæйæ кæй æрцыд, уый тыххæй. Уымæн æмæ, зæгъ, мæ фыд Ефим раджыйы азты куыста Цъинагары астæуккаг скъолайы директорæй æмæ, зæгъ, мæ мад та математикæйы ахуыргæнæгæй.

Уæдмæ сценмæ рахызт Саппиаты Залинæ æмæ йæ диссаджы курдиатæй адæмы дисы баппæрста. Йæ алы сæххæстгонд зарæджы фæстæ дæр ын сценæмæкæсджытæ кодтой тыхджын къухæмдзæгъд æмæ йæ нæ уагътой сценæйæ ацæуын. Афтæ зæрдиагæй сæмбæлдысты Тасойты Игорь æмæ Хаситы Сосланы сæххæстгонд номыртыл дæр æмæ уыдонæн дæр кодтой дæргъвæтин къухæм-дзæгъд. Уазджытæ азарыдысты куыд ирон, афтæ уырыссаг зарджытæ дæр.

Саппиаты Залинæ сценæмæ фæхуыдта чысыл сывæллæтты æмæ семæ фæкафыд, арвитын сын кодта хъæлдзæг рæстæг. Уæдмæ фæзынд Митын Дада дæр æмæ сын бакодта ногазон лæвæрттæ.

УАЛЫТЫ Зоя,

культурæйы сгуыхт кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.