Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы къухдариуæгад уæлдай хъусдард здахы бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонты проблемæтæм.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли бындурæвæрæг кæмæн у, уыцы хæрзаудæн фонд «Алани Иудзинад»-ы финансон æххуысы руаджы уыдонæн рæстæгæй-рæстæгмæ бакæнынц алыгъуызон æххуыс. Ацы фонды æххуысæй та октябры мæйы бавнæлдтой Бигæдзаумæтты фабрикæйы районы хæдзар аразынмæ Джиоты бирæсывæллонджын бинонтæн.

«Мæхицæн мæ бон нæ уыд хæдзары проблемæ аскъуыддзаг кæнын. Æгуыст никуы уыдыстæм мæ цардæмбалимæ, фæлæ æхсæз сывæллоны дарын хъæуы. 1991 азы Дзалабеты хъæуы нæ хæдзар зæххæнкъуысты  рæстæджы ныппырх. Хæдзар нын кæй нæ уыд, уыцы проблемæйы тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодтон нæ республикæйы къухдариуæгадæн. Мæ уæззау уавæр-иу мын бынаты дæр федтой. Хæдзар нын кæй нæ уыд, уый тыххæй цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ ацыдыстæм, цардыстæм æххуырст фатеры, фæлæ мæ уæддæр æппынæдзух мæхи зæхмæ фæндыд. Рады дæр бæргæ лæууыдыстæм, фæлæ æрæджы кæй слæууыдыстæм, уый тыххæй бирæсывæллонджын бинонты номхыгъды фæстæгтæм хæстæгдæр уыдыстæм. Æххуырст фатерты, фидын та дарддæр мæ бон нал уыд. Рæстæгмæйон цæрæнуатæй нæ сифтонг кæнын домдтон раздæры къухдариуæгадæй, фæлæ-иу ныфсытæ цы бавæрдтой æндæр ницы. Бирæсывæллонджын бинонты проблемæйыл, дам, кусæм æмæ, дам, сымах дæр рох нæ уыдзыстут», – радзырдта бинонты хистæр.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй бынтон йæ ныфс асаст, фæлæ йæ йæ зонгæ баразæнгард кодта, цæмæй бахата Бибылты Анатолимæ.  Президент æм лæмбынæг байхъуыста. Загъта йын, кæй йæм бар-витдзæнис президенты управленийы минæвæртты, цæмæй йын бынаты сахуыр кæной йæ царды уавæртæ. Къамисмæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд – дыууæ боны фæстæ фæзындысты бирæсывæллонджын бинонтæм. Сæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, уыдоны номхыгъды сæ сæвæрдтой æмæ сæм октябры мæйы райдианы арæзтадон фирмæ куы бацыд, хæдзар уын хъуамæ саразæм, зæгъгæ, уæд бинонты цинæн кæрон нал уыд. Стæй ма сын ноджы бар дæр куы радтой, ома, уæ кæд фæнды, уæд уæхæдæг уæхицæн саразут уæхи къухтæй хæдзар. Мах, дам, уын балхæндзыстæм арæзтадон æрмæджытæ. Хæдзары хицау йæ дыууæ хистæр лæппуимæ сæхицæн хæдзар кæй сараздзысты æмæ ма сын куыстмызд дæр кæй фиддзысты, уый йæм фынфенæгау фæкаст. Фæлæ мæнæ хæдзары арæзтад йе ‘мбисмæ бахæццæ. Президенты фондæй цы хæдзæрттæ рæзы, уыдон се ‘ппæт дæр арæзт цæуынц стандартонæй, сæ квадратурæ у 70 кв. метры, фæлæ бинонтæн уый къуындæг кæй уыдзæн, уый æмбаргæйæ, сфæнд кодтой иу уæладзыгон хæдзары сæрмæ монсарда саразын, сæхи фæрæзтæй. Уыцы хъуыдыйыл дæр сын «дыууæ» нæ загъта арæзтадон фирмæйы къухдариуæгад. Тагъд хæдзар агъуысты бын фæуыдзæн. Цæттæ та хъуамæ суа ног азмæ. Мидæггагон куыстытæй дæр сæхæдæг цæмæ сарæхсой, уыдон бакæндзысты, иннæтæ та бакæндзæнис арæзтадон фирмæ. Сывæллæттæй мансардайы алкæмæн дæр йæхи къуым кæй уыдзæнис, уый уæлдай æхсызгондзинад хæссы мад æмæ фыдæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.