Нæ газеты ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй Ирыхъæумæ (раздæры Ереды хъæумæ) хæстæг æвзæрст æрцыд бронкалæн ног полигонæн. Уымæн йæ фæзуат уыдзæнис 12 гектармæ ‘ввахс. Йæ арæзтадæн Инвестпрограммæйæ хицæн æрцæудзæн 160 милуан сомы.

Ныртæккæ горæтæй брæттæ кæдæм ласынц, уыцы иунæг брондон ис Къусреты хъæуы. Санитарон службæтæ, Экологи, геодези æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты хъуыды нæ бахынцгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æппæрццагæй æндавы ныр Хурзæрин, Цæгаттаг, Мæскуыйаг æмæ БАМ-ы микрорайонты цæрджытыл. Броны полигон экологион тæссагдзинад кæй хæссы, уый бæрæг у цæрджыты хъæстытæй. Брондонæй цы æнуд тæф цæуы, уый тæссаг у адæймаджы æнæниздзинадæн.

Цæрджыты æнæниздзинад тыхсын кодта нæ бæстæйы къухдариуæггæнджыты æмæ уымæн сфæнд кодтой ног полигон саразын.

Ивгъуыд аз Хицауады æмбырды брондонæн ног бынат рахицæн кæныны хъуыддаг бахæс кодтой Цхинвалы районы администрацийы уæды сæргълæууæг Плиты Аланæн. Уый фарст лæмбынæг сахуыр кодта æмæ Хицауадмæ бавдыста цалдæр проекты. Сæ иу – фæсгорæт, хуссарварсæрдыгæй, иннæ дыууæ – Ирыхъæу (Еред) æмæ Хеитмæ хæстæг. Ацы бынæттæй дыууæйы хорзыл нæ банымадтой санэпидемстанц æмæ экологийы комитеттæ, уымæн æмæ фæсгорæты æмæ Хеиты цы бынæттæ равзæрстой, уыдонæй сæ иу цæрæн пунктмæ уыд хæстæг. Иннæ та горæтмæ æгæр дæрддзæф кæй у, уымæ гæсгæ брон ласыны аргъ домдтаид æгæр бирæ хæрдзтæ. Фæстагмæ æрлæууыдысты Ирыхъæуыл. Æцæг, ам полигон саразын нæ цæуы Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы хъæуты цæрджыты зæрдæмæ. Уыдон куыд зæгъынц, афтæмæй дымгæ æнуд тæф хæсдзæнис хъæуты ‘рдæм, æмæ сæ катайдзинад равдисыны тыххæй хъæумæ фæхуыдтой Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард, Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Бибылты Валери æмæ Æрдзон ресурсты комитеты сæрдар Бестауты Балайы. Уыдон цæрджытæн лæмбынæг бамбарын кодтой, полигонæн æвзæрст цы бынат æрцыд, уым хуымæтæг брондон кæй нæ уыдзæнис, хъæбæр брæттæ æвзæрст цæудзысты бынаты, уый фæстæ уыдон æвæрд æмæ тыхт цæудзысты. Ацы мадзал та, дам, рог кæндзæн брондоны æппæрццаг æндæвдад цæрджытыл æмæ æрдзыл.

Æрæджы нæ горæтмæ æрцыд æмæ полигоны тыххæй журналисттæн лæмбынæг радзырдта проект саразæг, УФ-йы проектон организаци «Геопроект»-ы сæргълæууæг Алексей Колесников.

Уый æрдзырдта проекты арæзтадыл æмæ лæмбынæг бамбарын кодта, Хуссар Ирыстоны территорийыл цы полигон арæзт æрцæудзæнис, уый дзуапп кæй дæтдзæнис экологион, санитарон-эпидемиологон домæнтæн. «Ныртæккæ проект лæвæрд æрцыд экспертизæмæ. Уый арæзт æрцæудзæн нырыккон домæнтæм гæсгæ, дзуапп дæтдзæнис æппæт нормæтæн дæр. Санитарон зонæтæ, броны полигонтæ дих кæнынц 4 æмæ 5 æппæрццаг æндæвдады æмвæзады. Фæлæ фидæны полигон арæзт кæм æрцæудзæн, уыцы бынат цæрæн пункт Присæй у 2,5 километр æмæ горæт Цхинвалæй та 4, 200 километры дæрддзæгæн. Санитарон нормæтæ та амонынц, цæмæй æввахсдæр цæрæн пунктæй уа 500 метры дæрддзæгæн».

Алексей Колесников æввахсдæр хъæуты цæрджыты хъуыды базонгæйæ фидарæй загъта, уыдон катайдзинадæн бындур кæй нæй. Уымæн æмæ полигон аразыны хæдразмæ экспертизæ арæзт æрцæуы уыцы бынæттæн, дымгæйы здæхтæн, стæй зæххæн. Уыцы мадзæлтты рæстæджы проектаразæг раиртæста, ацы бынаты грунтон дæттæ ис æви нæ, уый. Уый тыххæй геологион куыстыты рæстæджы зæхх ныкъахтæуыд 2,5 метры бæрц. Уый ма загъта, полигонæн цы 12 гектар зæххы фадыг рахицæн кодтой, уым проектмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæнис 2 картæ, сæ дыууæ дæр уыдзысты 2 гектар æмæ 400 метры, гидроизоляциимæ. Дренажерон системæ фадат дæтдзæн чъизи буарыхъæдтæ фæрсудзынæн. Цæмæй полигонмæ цы брæттæ ласт цæуа, уыдон дымгæ фæйнæрдæм ма фалгæрон кæна, уый нысанæн та брондоны дыууæ картаты алфæмблай арæзт æрцæудзæн 4-5 метры бæрзæндæн æмбонд. Полигонæн йæхи алыварс дæр уыдзæнис 2 метры бæрзæндæн агъуыст. Проектмæ гæсгæ агъуысты алфæмблай сфæлындздзысты цæхдарæнтæй. Полигон арæзт æрцæудзæн 25 азы æмгъуыдмæ.

Полигоны фарсмæ цалынмæ брикетгæнæн системæ арæзт æрцæуа, ома, брон хъуамæ цæуа æвзæрст, уый фæстæ цæудзæн пресгонд æмæ афтæмæй ныгæд цæудзæнис полигоны, уæдмæ полигон йæхæдæг не скусдзæнис. Ахæм хъуыдыйыл хæст у нæ бæстæйы сæргълæууæг дæр. «Цалынмæ полигоны фарсмæ брикетгæнæн системæ нæ сырæза, уæдмæ полигон эксплуатацимæ лæвæрд не ‘рцæудзæн. Ацы мадзал рог кæндзæн брондоны æндæвдад цæрджытыл æмæ æрдзыл дæр», – загъта Бибылты Анатоли Хицауады æмбырдтæй сæ иуы.

Ахæм проектон планыл разы у Геологи, геодези æмæ Экологийы комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала дæр. Уымæн раздæр йæ хъуыды уыд ахæм: «Ацы уавæры хынцын хъæуы хæрдзтæ нæ, фæлæ цæрджыты æнæниздзинад». Ныр проекты скондмæ брикетгæныны системæ хаст кæй æрцыд, уый Бестауты Бала банымадта ахисджиаг фарстыл. Хъæбæр брæттæ æвзæрст кæй цæудзысты æмæ уый фæстæ та брикетгонд, уый тыххæй æрдзæн ницы зиан хæсдзæн. Броны брикеттæ æвæрд цæудзысты котлованты, цыран цæудзысты гидроизоляци. Ахæм пресгонд брон практикон æгъдауæй у æдас. Æндæр хъуыддаг у, ныртæккæ броны полигон кæм ис, уый. Уый экологион тæссагдзинад хæссы цæрджытæн афæдзы алы афон дæр. Æввахсдæр микрорайонты цæрджытæн сæ фатертæм дæр цæуы брондоны æнуд тæф. Цыфæнды полигонæн дæр ис йæхи рæстæг, уыцы æмгъуыд кæронмæ куы бахæццæ уа, уæд хъуамæ æрцæуа рекультиваци. Стæй цардуагон æмæ хъæбæр бронæн хъуа-мæ уа хицæн æмæ хицæн полигонтæ», – дзырдта Бестауты Бала.

Уый ма загъта, зæгъгæ, брондоны полигон ныртæккæ кæм аразынц, уымæ æввахсдæр цæрæн пунктты цæрджытæ Дменис, Сатихъар æмæ Хелцуайы цæрджыты домæн дæр раст уыд, уымæн æмæ уыдон кæронмæ нæ зыдтой, полигон цы системæмæ гæсгæ арæзт æрцæу-дзæнис, уый.

Нæ республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ брондоны проектимæ базонгæйы фæстæ сарæзта ахæм хатдзæг: «Брондон цы амæлттæй арæзт æрцæудзæн, стæй йæ фарсмæ цы брикетгæнæн æмæ æвзарæн системæ сырæздзæн, уый ницы тæссагдзинад æв-зæрын кæндзæнис». Уый ма загъта ахæм хъуыды, цæмæй ахæм брондæттæ арæзт æрцæуа цалдæр æмæ æнæзакъонон брондæтты нымæц ма фылдæр кæна.

«Горæт æмæ хъæуты алывæрсты цæрджытæ брондæттæ кæм са-рæзтой, уым фос сæ уды дзæбæхæн хизынц. Алы аз дæр æрдзхъахъхъæныны комитет, æхсæнадон организацитæ, районты сæргълæуджытæ тох кæнынц уавæрыл хуыздæрæрдæм бандавыныл, фæлæ адæмæн сæ ныхас у иу – уæдæ цы фæкæнæм нæ брæтты? Ныртæккæ фæзынд ахæм хъуыды, ома, саразын хъæуы брон æвзарæн завод. Ууыл дызæрдыг ничи кæны, фæлæ уымæн фæрæзтæ хъæуы. Мах та абон æнæмæнг саразын хъæуы полигонтæ», – дзырдта Коцты Маринæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.