Чиныг у рухс цардмæ фæндагсгарæг. Уый у адæймагады хæрзиуджытæй иу. Цард куыд цæуы, афтæ дуг, рæстæг семæ хæссынц алыгъуызон ивындзинæдтæ. Уыдон бандæвтой æхсæнады иумиаг цардыл, йæ алы сферæйыл. Уымæ гæсгæ цадæггай адæмæн сæ цымыдис къаддæр кæны чиныгмæ дæр, кæд ацы фарстыл бирæ дзырд цæуы хистæрты ‘рдыгæй, уæддæр.

Нæуæдзæм азтæй фæстæмæ бирæ азты дæргъы нæ мадæлон æвзагыл чингуыты рауагъд зынгæ кæй фæкъаддæр, уый та баст уыд нæ республикæйы уæззау уавæртимæ æмæ скъуыддзаг кæй цыдысты адæмы цардæн иууыл ахсджиагдæр фарстытæ, уый. Фæстаг азты нæ чингуыты рауагъдæдтæ арæхдæр кæй рауадзынц нырыккон фысджыты уацмыстæ æмæ уымæй барухс кæнынц æхсызгонæй кæй хъæуынц, нæ уыцы чиныгкæсджыты зæрдæтæ. Ныр дæр та æвдисæн уыдыстæм, æрæджы та рухс цы дыууæ чиныджы федтой, уыдонæн.

4-æм майы Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон кафедрæйы профессортæ Плиты Гацыр æмæ Дзабиты Зарбегы ног чингуытæн  «Царды къахдзæфтæ» æмæ «Чеселтгом»-æн РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты дунеон пресс-центры уагъд æрцыдис презентаци. Чингуыты презентацимæ сæрмагондæй фæхуыдтой автортæн сæхи. Ардæм ма æрбацыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Эрик, зонад-иртасæн институты зонадон кусджытæ, историктæ Джиоты Мурат æмæ Коцты Къоста, университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты кусджытæ, афтæ ма, чингуытыл чи бакуыста, уыдон.

Презентаци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Харебаты Майя. Уый, фыццаджыдæр, арфæ ракодта чингуыты автортæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ацы дыууæ чиныджы дæр уагъд кæй æрцыдысты 2016-æм азы Информаци æмæ мыхуыры комитеты рауагъдадон къамисы уынаффæмæ гæсгæ.

Абон мах цы чингуытæн аразæм презентаци, уыдон нæ республикæйы алы æмбæстагæн дæр, алкæцы чиныгкæсæгæн дæр сты зынаргъ æмæ хъæуæг. Уыдонæй, афтæ зæгъæн ис, æмæ кæй сты шедевртæ. Нæ абоны мадзалы хъайтартæн ацы чингуытæ фыццæгтæ не сты, уыдонæн ма раздæр рацыдысты æндæр цымыдисон чингуытæ дæр æмæ сын чиныгкæсджытæ хорз зонынц се ‘рмдзæф. Абон махæй кæд бирæтæ нæма зонгæ не сты чингуытимæ, уæд-дæр не ‘хсæн ис ахæмтæ, кæцытæ куыстой чингуытыл æмæ хорз зонынц уыдонæн сæ мидис æмæ нын радзурдзысты сæ хъуыдытæ уыдон фæдыл, – Бекъойты чызг.

Презентацийы фыццаг ныхасы бар лæвæрд æрцыдис автортæн сæхицæн. Плиты Гацыр, фыццаджыдæр, бузныджы ныхæстæ загъта, чиныг рауадзыны тыххæй йын чи баххуыс кодта, æппæт уыдонæн æмæ уый фæстæ цыбыртæй æрдзырдта чиныгыл куыд бакуыста æмæ дзы цы ахсджиаг фарстытыл дзуры, æппæт уыдæттыл. Уый ма æрæмысыд Ручъы куы цардис, уыцы рæстæг æмæ æхсызгонæй æрæмбырдуæвджытæн дзырдта ацы комы таурæгътæ.

«Абон фыццаг хатт дзырд нæ цæуы нæ республикæйы цы чингуытæ уагъд æрцыд, уыдоныл. Цыдæриддæр чингуытæ рауагътам, уыдон махæн хъæуæг сты. Абон ме ʻмкурсон Дзабиты Зарбегимæ уæ размæ хæссæм нæ ног чингуытæ æмæ мын у тынг æхсызгон. Æз абон зæгъдзынæн мæхи чиныджы тыххæй. Чиныджы ис алыгъуызон æрмæджытæ. Уыцы æрмæджытæ та хъæуынц, ахуыр æмæ кусгæ чи кæны, уыдоны. Мæнмæ гæсгæ, алы ирон лæг дæр ацы ног чингуытыл сæмбæлдзæнис зæрдæбынæй æмæ иннæ чингуыты æмрæнхъ тæрхæджытыл ссардзысты сæ бынæттæ», – банысан кодта Плиты Гацыр.

Чиныг «Царды къахдзæфтæ» бирæ ахсджиаг фарстытыл дзуры. Уыдон фæдыл цыбыртæй йæ хъуыдытæ загъта чиныджы редактор, журналист Зæгъойты Радмилæ. «Плиты Гацыр 55 азæй фылдæр кусы рæзгæ фæлтæримæ ирон литературæйы райрæзтыл. Чиныджы хицæн иу сæргонд ис æвзаджы абоны уавæры тыххæй. Уыцы хъуыддагмæ уæлдай хъусдард аздахын кæй хъæуы, ууыл у йæ катай дæр. Мæнмæ гæсгæ, ацы фарст ракæнын хъæуы паддзахадон æмвæзадмæ, цæмæй йыл бæстондæрæй бакусæм. Афтæ зæгъæн нæй æмæ йæм нæ хъус нæ дарæм, фæлæ, æвæццæгæн, фаг не сты уыцы мадзæлттæ æмæ хъæуы саразын фылдæр. Абон практикон тых кæмæн ис, уыцы фадгуытæм хъæуы фылдæр хъус аздахын. Уыдон та сты – театр, телеуынынад, газет, радио. Æппæт ацы фарстытыл дæр ацы чиныджы бæсто-нæй ныхас цæуы. Плиты Гацыры хуызæн æвæллайгæ зиууæттæ, æвæццæгæн, бирæ нал ис, хъыгагæн, æмæ цы куыст кæны, уымæн йæ нысаниуæг дывæр кæны. Авторæн мæ фæнды зæгъын стыр бузныг. Дарддæр дæр ма йын, æвæццæгæн, æнхъæлмæ кæсдзыстæм йæ куыстытæм. Фæстаг азты йын æз мæхæдæг бакастæн цалдæр чиныджы æмæ сæ дзы алкæцыйæн дæр ис стыр нысаниуæг нæ ирон зонады æмæ литературæйы. Фæнды мæ, цæмæй йын ноджы фылдæр бантыса æмæ чиныгкæсджыты зæрдæтæ рухс кæна йæ ног куыстытæй, – сæрыстырæй зæгъы чиныджы редактор.

Чиныджы фыццаг хай бæстон æвдисы Плиты Гацырæн йæ царды фæндæгтæ йæ сабион бонæй абонмæ. Автор ма мысинæгты хуызы æрдзырдта нæ университеты раздæры куырыхонтæй бирæтыл, афтæ ма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азтæ цы уæззау уаргъ сæвæрдтой Рукъгомæн, ууыл. Уымæ гæсгæ ацы чиныг йæ къухмæ чи райса, уыцы чиныгкæсджытæн стыр æххуыс фæуыдзæн сæ мадæлон æвзаг æмæ истори базоныны хъуыддаджы.

Презентацийы йæ чиныджы тыххæй раныхас кодта Дзабиты Зарбег дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæм йæ чиныг «Чеселтгом» ныффыссыны хъуыды фæзынд, студент ма куы уыдис, уыцы рæстæджы. Дзабиты Зарбег дæр ирон æвзаджы рæзтмæ бахаста йе стыр хайбавæрд æмæ йын лæггад кæны абоны онг дæр. «Æз ма æртыккаг курсы студент куы уыдтæн, уæд мын мæ ахуыргæнæг, дзæнæттаг Мамиты Гига радта студентон зонадон конференцимæ темæ: «Коцты Бега æмæ йæ рæстæг».

Райдыдтон кусын мæ темæйыл, фарстон зæронд лæгты æмæ дзы æрæмбырд кодтон æрмæджытæ мæ докладæн. Дарддæр мæм æвзæрыдис фарстытæ мæ темæмæ æмæ та йыл райдыдтон кусын. Æмбырд кодтон æрмæджытæ æмæ фарстмæ арф куы бацыдтæн, уæд мæ разы æрлæууыд Чеселтгом. Цымыдисон мæм фæкаст æмæ лæмбынæг дæр хъусдард аздæхтон ацы комы цардмæ. Цымыдисон куыннæ сты, ам цы мыггæгтæ цард æмæ кæцæй равзæрдысты, уыдæттæ. Афтæмæй бакуыстон æмæ дзы бацæттæ кодтон чиныг, рауагътон æй фылдæр мæхи хардзæй. Уый фæстæ ма йыл ноджыдæр бакуыстон æмæ мæнæ абон ис уæ разы. Рацыдис куыд æмбæлы, уыцы æмвæза-дыл æмæ уый тыххæй бузныг зæгъын æппæтæн дæр, чидæриддæр æм йæ къух фæкодта æмæ йыл зæрдиагæй бакуыстой, уыдонæн», – загъта Дзабиты Зарбег.

Дарддæр ма презентацийы чингуыты тыххæй сæ хъуыдытæ загътой чиныг «Чеселтгом»-ы рецензент æмæ йæ редактор Джиоты Мурат æмæ Коцты Къоста.

Джиоты Мурат куыд банысан кодта, афтæ-мæй чингуыты гъæд у æмбæлон æмæ , зæгъгæ, сæ уындæй дæр рухс кæны лæджы зæрдæ. «Гæнæн уæвгæйæ æз ахæм презентацитæ ни-куы рауадзын, уымæн æмæ дзы мæхицæн райсын бирæ ногдзинæдтæ. Гацыры чиныгимæ нæма зонгæ нæ дæн, фæлæ йын йæ къухайст зонын æмæ нæ дызæрдыг кæнын, стыр цымыдисимæ йын кæй бакæсдзынæн йæ ног чиныг, уый тыххæй. Дзабиты Зарбегы чиныджы бафарстон дыууæ хатты æмæ куыд бафиппайдтон, афтæмæй у тынг хъæуæг. Æрмæст зайæгойты кой дзы кæй ис, уый дæр кæуылты хъуыддаг у. Хорз уаид, æмæ нæ Ирыстоны иннæ кæмттыл дæр ахæм чингуытæ куы фæзынид, уый. Чины-джы дзырд цæуы Чеселтгомæн йæ арæнтыл, йæ æрдзыл, йæ историйыл. Афыст дзы цæуынц этнографион фарстытæ, йæ топоними, мыггагон тохтæ, афтæ ма йæ адæмы хъизæмайраг цард, стæй Советон дуджы йæ райрæзт æмæ æндæр ахæмтыл. Фæнды ма мæ зæгъын уый, æмæ кæй хъæуы нæ ирон факультет æмæ историктæн бахæс кæнын уый, цæмæй уыдон дæр сæ хъус лæмбынæг æрдарой, Дзабиты Зарбег цы фарстытыл бакуыста, ахæмтæм. Ис нæм хъæутæй студенттæ æмæ сын хъæуы хæслæвæрдтæ радтын, цæмæй æмбырд кæной сæ хъæуты рагон таурæгътæ.

Ацы чиныгæн йæ дыккаг рауагъд бирæ фæхъæздыгдæр ис фыццаг рауагъдмæ абаргæйæ. Ног æрмæг æм бацыдис æмæ у цымыдисон», – загъта чиныджы рецензент.

Презентацийы ма чингуыты ахадындзинад æмæ хъæуæг кæй сты, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой Пухаты Эрик, Коцты Къоста, университеты ахуыргæнджытæ: Хуыгаты Илья, Плиты Серго, Биазырты Аллæ, Табуты Нелли æмæ æндæртæ.

Нæ горæты 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ дæр стыр бузныг у ног чингуыты фæзындæй æмæ банысан кодта сæ ахадындзинад æмæ нысаниуæг. Уый ма загъта, зæгъгæ, урокты рæстæджы ахуыргæнинæгтæн стыр æххуыс кæй уыдзысты.

Презентацийы бирæ арфæйы ныхæстæ райстой чингуыты автортæ æмæ уыдон дæр сæ дзуаппон арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстимæ мадзалы кæрон æрæмбырдуæвджытæн балæвар кодтой зæрдылдарынæн сæ ног чингуытæй.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.