Куыд зонæм, афтæмæй, ирон æвзаджы райрæзты нысанæн 2010 азæй фæстæмæ куыст цæуы уæрæх программæйыл, кæцы ныридæгæн ныббиноныг сабидæтты.

«Малусæг»-ы программæйæн лæвæрд æрцыд паддзахадон программæйы статус. Йæ къухдариуæггæнæг у профессор Битарты Зоя. Программæйы гуырахст у уæрæх. Цы 60 чиныджы бæрц ис программæйы, уыдон хæс у Ирыстонæн егъау зонындзинæдтимæ сæрæн фæлтæр схъомыл кæнын. Ацы программæ бындуриуæг кæны Уæрæсейы Федерацийы раззагондæр программæ «Детство»-йыл, фæлæ удварнæй та у национ удыхъæд схъомыл кæныны стыр æрмæг.

Битарты Зоя куыд зæгъы, афтæмæй программæ «Малусæг»-ы девиз у «Банкъарын-Бамбарын-Саразын». Ома, сывæллон æрмæг нырма хъуамæ банкъара, стæй йæ базона æмæ йæ уый фæстæ та сараза.

Ныртæккæ уын уæ размæ цы чиныг рахæсдзыстæм «Ничи ферох, ницы ферох», йæ автор Цгъойты Аринæ, уый дæр арæзт æрцыд «Малусæг»-ы программæ фæлгæтты.

Чиныг арæзт æрцыд рæвдауæндæтты сабитæн. «Малусæг»-ы программæмæ гæсгæ сабидоны фыццаг дыууæ къорды ахуыр цæуы æппæт дæр ирон æвзагыл. 4 азæй 7 азмæ билингвалон системæйыл.

Чиныджы автор Цгъойты Аринæ, йæхæдæг афтæ зæгъы: «Информацион-практикон проект «Æфсæддон кады бонты хъайтартæ» стыр ахъаз фæуыдзæн æрхæсгæ темæтæ систематизаци кæнынæн, сфæлдыстадон курдиаты, интеллектуалон инициативæйы, монон-патриотикон хъомылады рæзтæн. Уыдæттæ дзурæг сты, саби æппæтварсонæй дæр психологон æгъдауæй скъоламæ цæттæ кæй у, ууыл.

Ацы проекты фæлгæтты тагъд мыхуыры рацæудзæн дыккаг чиныг дæр.

Чиныджы дзырд цæуы ахæм хъайтартыл, куыд: Нарты гуыппырсартæ, Ос-Бæгъатыр – номдзыд алайнаг балхон, Сослан-Давид Цæрæзонты, Аланты тох монгол-тæтæры æфсадимæ, Задалескы нана – сывæллæтты ирвæзынгæнæг, æмæ æнд.

Автор зæгъы, мæ нысан, дам, уыд: «Сывæллæтты зонгæ кæнын, нæ бæстæйы историйы цыд чи бандæвтой, уыцы конкретон историон цаутæ æмæ зындгонд адæймæгтимæ. Рæзгæ гоймæгты миддунейы сфидар кæнын кад æмæ цыт, цæмæй сæрыстыр уой Райгуырæн бæстæйæ».

Æмæ, æцæгæйдæр, практикæ куыд амоны, афтæмæй сабиты социалон-монон рæзты домæнтæ организаци кæнын æнгом баст у патриотикон æнкъарæнтимæ, Райгуырæн бæстæйы тыххæй зонæн-тимæ, паддзахадон нысаниуæгджын бæрæгбонтимæ.

Чиныджы ма сæрмагонд сæр ис, Фыдыбæстæ æмæ Хуссар Ирыстоны æфсады тыххæй. Автор йæ разы хæс æрæвæрдта, цæмæй ацы темæйы райхæлд æрцæуа Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынæн цы нысаниуæг ис, цæмæй хæрзчысылæй се ‘нкъарынады æрбиноныг уа, кад æмæ цыт кæй хъæуы бæстæйы хъахъхъæнджытæн; Хуссар Ирыстоны сæрвæлтау чи бабын, уыцы дзæнæттаг æфсæддонты нæмттæ макуы ферох кæной. Уымæн та лæвæрд цæуы ахæм сæргæндтæ: «Коцты Бега  ирон адæмон хъæбатыр», «Хуссар Ирыстоны зынгзæрдæ революционертæ, сæрибардзинадыл тохгæнджытæ», «Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Советон Цæдисы хъайтартæ Хуссар Ирыстонæй».

Ирыстоны  ног  историйыл  дзургæйæ  автор  йæ  чиныджы  æрдзырдта ахæм темæтыл «Ног Ирыстоны хъайтартæ сабырад æмæ хæдбардзинадыл тохгæнджытæ».  «08.08.08 хъысмæтскъуыддзаггæнæн фондзбонон хæст» æмæ а.д.

Æппæт ацы темæтыл кусгæйæ, чиныджы æвдыст цы урочы æмæ мадзæлтты нывæзтытæ лæвæрд цæуы, уыдон сты хуымæтæг æвзагæй фыст, цæмæй сабитæн алцыдæр уа æмбæрстгонд.

Автор, чиныг «Ничи ферох, ницы ферох»-ы фæсныхасы зæгъы «Нæ уарзон горæт Цхинвалы иунæг зæххы габаз дæр нæй, ирон лæджы туг кæм нæ ныккалд. Ахæм хæдзар нæй Хуссар Ирыстоны, гуырдзиаг тугмондаг сырд йæ дзæмбытæй кæмæ нæ баххæссыд. Знаджы фыдæнæн ирон мад систа йæ саутæ, фæлæ йæ иунæг сау мæрмæ æнæрæстæджы кæмæн ацыд, тугæй амæхст хъæбулы мæрдон буар йæ судзгæ цæссыгты чи сæвдылдта, афтæмæй йыл сыджыт чи бакалдта, уыцы ныййарæджы кæд æмæ куыд хъуамæ ферох уа уыцы уæззау маст?!» – зæгъы Цгъойты Аринæ.

Чиныджы ма ис Ирыстоны ног историмæ цы зæрдылдарæн бæрæгбонтæ æмæ мысæн бонтæ бацыд, уыдон номхыгъд дæр.

Куыд зонæм, афтæмæй Цгъойты Аринæ, «Хурзæрин»-ы редактор æмæ Аивæдты лицейы ахуыргæнæджы куысты æмрæнхъ ма фыссы æмдзæвгæтæ дæр. Йæ æмдзæвгæтæн сæ фылдæр фыст сты патриотизмы æнкъарæнтыл. Уымæ гæсгæ чиныгмæ хаст æрцы-дысты авторæн йæхи æмдзæвгæтæ дæр.

Чиныджы ма лæвæрд цæуы 1990-2008 азты чи бабын, уыдон номхыгъд дæр.

Мæнмæ гæсгæ чиныгæн хорз фидæн ис, аккаг æххуыс уыдзæн сабидæтты хъомылгæнджытæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.