Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд Цхинвалы хуыйæн фабрикæ БТК-4-ы коллективимæ. Уыдон уыдысты куыстуаты директор Коцты Хъазбеджы йæ куыстæй ссæрибар кæныны ныхмæ. Раздæр фабрикæйы кусджытæ бахатыдысты республикæйы Президентмæ, цæмæй холдинджы сæргълæууæг Боллоты Таймуразæн фехъусын кæна сæ домындзинад, дарддæр дæр сæ куыстуаты директор Коцты Хъазбеджы сæргълæудæй кусыны тыххæй.

Фабрикæйы кусджыты куырдиатмæ гæсгæ Бибылты Анатоли телефонæй аныхас кодта Боллоты Таймуразимæ.

Уый фæстæ фабрикæйы коллективимæ ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли  банысан кодта, зæгъгæ, БТК-4 у уæрæсейаг компани, фæлæ проблемæйы фæрсты ахизын йæ бон нæ уыд, уымæн æмæ фабрикæйы кусынц Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ.

«Æз Боллоты Таймуразæн фехъусын кодтон уæ куырдиат æмæ мын уый лæмбынæг бамбарын кодта йæ уынаффæйы  аххосаг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фабрикæйы директоры уый æртæ хатты бафæдзæхста йæ куысты конкретон аиппыты тыххæй, уый фæстæ аскъуыддзаг кодта куыстæй йæ ссæрибар кæнын», – Президент Боллоты Таймуразы ныхæстæ радзырдта куыстуаты кусджытæн æмæ сын бакаст, Коцты Хъазбегæн æфхæрд радтыны тыххæй барамындтæ.

Бибылты Анатоли бахатыд фабрикæйы кусджытæм, цæмæй «трагеди ма аразой директоры йæ бынатæй сисыны тыххæй», ныфс сын бавæрдта, ног къухдариуæгадимæ БТК-4 дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй кусдзæн, фабрикæйы куысты уавæртæ дæр хъахъхъæд æрцæудзысты æмæ ноджы фæхуыздæр уыдзысты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.