Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæварæй нысан æрцыд Марат Кулахметов. 2008 азæй фæстæмæ уæрæсейаг дипломатон миссийы фыццаг сæргьлæууæг уыд Къарджиаты Эльбрус.

Марат Кулахметов хорз зонгæ у Хуссар Ирыстонимæ. 2004-2008 азмæ уый командæ кодта гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы сабырад бахъахъхъæныны фæдыл Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл. 2011 азæй та куыста Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры уынаффæгæнæгæй.

Знон, 3 июлы, цытджын уавæрты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов «Æууæнчы грамотæ» радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолимæ æмæ æрæвнæлдта йæ мисси æххæст кæнынмæ.

Бибылты Анатоли æгасцуай загъта бæрзонд уазæгæн Хуссар Ирыстоны зæххыл. Банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстонæн уæззау бонты Уæрæсейы Федераци кæддæриддæр уыд нæ уæлхъус.

«Хуссар Ирыстоны тыххæй ды бирæ зоныс, ам дæ хорз зонынц æмæ хъуыды кæнынц. Мæнæн æхсызгон у, Уæрæсейы Федерацийы интерестæ кæй хъахъхъæндзынæ ам, Хуссар Ирыстоны. Ныфс мæ ис, фидар бындур цы æнтыстджын куыстæн æрцыд æвæрд, уый бæрзонд, гъæдджын æмвæзадмæ кæй схиздзæн, дæ авторитет æмæ нын нæ проблемæтимæ зонгæ кæй дæ, уый та фæахъаз уыдзæн нæ бæстæты ахастытæ ноджы фидардæр кæнынæн»,- банысан кодта Бибылты Анатоли.

Марат Кулахметовы ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æхсæнпаддзахадон ахастытæ бындуриуæг кæнынц фидар бадзырдон-барадон бындур æмæ бирæнымæц документтыл, кæцыты руаджы размæ цæуы нæ республикæ.

Уый, зæгъгæ, нæ цæдисон ахастытæн у серьезон бындур. Баныфсæвæрдта, кæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны нырыккон демократон паддзахады арæзтадæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, республикæйы социалон-экономикон рæзтæн.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æмæ РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Пухаты Къоста.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.