Адæймаджы æнæниздзинадыл хорзæрдæм æндавы спортæй архайын. Спорты хуызтæ та алыхуызон кæй сты, уымæ гæсгæ æмбæстæгтæй алчи дæр йæхицæн равзары, иууыл тынгдæр йæ зæрдæмæ цы хуыз цæуы, уый æмæ дзы фæлтæры йæхи. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæлтæрынæн хъæуы арæхстдзинад, ис ын йæхи гæнæнтæ æмæ авналæнтæ. Цæмæй æмбæстаг уыдонæй æмбæлон æгъдауæй пайда кæна, фæахъаз ын уа йæ дарддæры физикон рæзтæн, уый тыххæй та хъуамæ йæ фарсмæ æрбалæууа, йæ хъуыддаг хорз чи зоны, ахæм цæттæ специалист. Растæндæр уый фæрцы æвзонг адæймаг ноджы тынгдæр йæ-химæ æрбайсы спорты хуыз æмæ йын цыбыр рæстæджы фæстæ алыгъуызон ерысты вæййы хорз æнтыстытæ. Уый афтæ кæй у, уымæ гæсгæ спорты рæзтмæ уæлдай хуыздæр хъусдард здахынц хистæртæ, иууыл тынгдæр та спорты раза-мынад.

Цхинвалы районы администрацийы фæсивæд æмæ спор-ты хъуыддæгты фæдыл хайады хистæрæй цалдæр азы куыста Тъуриты Тенгиз. Уый уарзта йæ куыст æмæ архайдта æрыгон фæлтæры ‘хсæн спорт парахат кæныныл, се ‘хсæн уагъд цыдысты ерыстæ æмæ турниртæ. Ацы куысты сæргъ ныр та лæууы, спорты хицæн хуызтæй йæхæдæг  дæр хорз фæстиу-джытæ чи равдыста, ахæм æвзонг адæймаг- Бестауты Къæдзæх. Нырма цыбыр рæс-тæг йедтæмæ нæ кусы,  ис æм бирæ хорз фæндтæ æмæ хъуыдытæ хъæууон æмбæс-тæгты спортмæ æрбахоныны фæдыл, йæ бæллиц у, цæмæй йæ хайадисджытæ уой фыл-дæр æмæ сæ тыхтæ æвзарой æндæр æмæ æндæр ерысты. Бестауы-фырт куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хайады æдæппæт ис æртæ кусæджы, фæлæ æрмæст уыдонæн сæ бон нæ бауыдзæн æппæт хъуыддæгтыл аххæссын. Æнæ-мæнг ма сæ хъæудзæн 2-3 методисты, цæмæй бынæтты фæсивæдимæ кусой. Хицæн хъæууон бынæттæ æххæст сты алыхуызон спортивон инвентарæй æмæ сын фадат ис уыдонæй пайда кæнынæн. Раппæлыд Дменисы хъæуы боксы секцийы куыстæй,æвзонг æмæ суинаг лæппутæн йæ арæхстдзинад не ‘вгъау кæны сæ тренер æмæ хайад райсынц, республикæйæн æддейæ цы ерыстæ уагъд æрцæуы, уым æмæ сын вæййы хорз фæстиуджытæ. Зæгъын хъæуы, ныртæккæ тынг зын у ерыстæм спортсменты дард бынæттæм акæнын. Уыцы хъуыддаджы сæ фарсмæ æрбалæууы æмæ сын финансон фæрæзтæй баххуыс кæны, ацы хъæуæй рацæугæ Икъаты Руслан æмæ дзы кæд-дæриддæр баззайынц райгондæй. Спортивон секцитæ уадзынæн кæронмæ фæхæццæ кæны, Къостайыхъæуы цы бæстыхай цалцæг цæуы, уый. Уый æххæст у, спорты æндæр æмæ æндæр хуызтæ уадзынæн сæ цы хъæудзæн, уыцы инвентарæй æмæ фæахъаз уыдзæн æвзонг фæлтæры спорты дарддæры рæзтæн.

Бестауы-фырт цыбыр рæс-тæгмæ азылд хъæууон администрацитыл, ныхас кодта сæ сæргълæуджытимæ æмæ йын се ‘ппæт дæр загътой разыйы ныхас, йæ фарсмæ кæй æрбалæудзысты, уый тыххæй. Спорты хицæн хуызтæ уадзынæн бынат вæййы сæрдыгон, фæлæ зымæджы мæйты æмæ мæгуырау боныгъæдты уый фадат нæ вæййы. Спорты хуызты уарзондæртæй иу у волейбол, фæлæ фæсивæды ‘хсæн йæ райтынг кæнынæн нæй æмбæлон уавæртæ, уымæн æмæ иу хъæуы дæр нæй, æвзæр боныгъæдты уыцы хуызæй  кæм ахъазой, ахæм бынат. Уымæ гæсгæ Бестауы-фырты фæндон у, цæмæй йын уæлдæрлæууæг органтæ баххуыс кæной спорткомплекс иу хъæуы саразынæн. Уырдæм-иу æрбатымбыл уаиккой хъæуты фæсивæд æмæ цыфæнды боныгъæдты дæр сæ бон уаид иумиаг фембæлдтытæ æмæ ерыстæ уадзын, ноджы ма зонгæ кæниккой сæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ дæр. Футболон фæзуæттæ ис Къостайыхъæу, Дменис, Сатихъар æмæ Тъбеты хъæуты, фæлæ уыдонæй Цъунары стадионæй дарддæр иннæтæ дзуапп нæ дæттынц абоны домæнтæн.

Бестауы фырт йæ ног куысты дзæвгар хорз æмæ раппæлинаг хъуыддæгтыл æрдзырдта, ис æм хорз бæллицтæ æмæ йын æххæст цæуæд!

                                          ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.