Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Бар мын радт æмæ дын раарфæ кæнон, скифтæ, сæрмæттæ – аланты ныры байзæттæгтæй алкæйы хъус дæр æхцонæй чи рæвдауы æмæ йæ мидис нæ адæмы æппæт историон ивгъуыд дуг кæмæн у, уыцы Паддзахад Аланийы Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый тыххæй.

Зынгæ æхсæнадон æмæ политикон архайæг, æфсæддон хистæр, хорз бинонты хицау уæвгæйæ, нæ паддзахады уæлдæр бынатмæ фæндагыл ды фенын кодтай æнæфæтасгæ фæндвидардзинад æмæ принципиалондзинад куыд хисæрмагонд, афтæ паддзахадон æмвæзадыл æрæвæргæ хæстæ скъуыддзаг кæныны. Æз нымайын афтæ æмæ ды æххæстæй дæ зындгонд уæрæсейаг æхсæнадон архайæг æмæ режисссер С. Говоруны ныхæсты аккаг, кæцы загъта, зæгъгæ, «…паддзахады къухдариуæггæнæг хъуамæ уа карз, фæлæ раст». Кæй зæгъын æй хъæуы, дæ пълæнттæ иууылдæр зындгонд не сты æхсæнадæн, фæлæ зоныс,  А. Суворовы куы бафарстой йæ кампанийы план цахæм у, уæд стъолыл гæххæтты сыгъдæг сыф æрæвæрдта æмæ загъта: «Мæ сæр цы зоны, уый, æгæрыстæмæй, мæ худ дæр ма хъуамæ зона».

Уæлдай тынгдæр мæ фæнды банысан кæнын дæ хиуылхæцындзинад, быхсындзинад æмæ корректондзинад, уыцы нымæцы æвзæрс-тыты агъоммæ кампанийы дебатты рæстæджы дæр, куыд дæ оппонентты, афтæ сæ минæвæртты ‘рдыгæй дæр, этикеты æмæ хæрзæгъдауы æппæт элементарон нормæтæ хал-гæйæ, куы пайда кодтой инсинуацийы æппæт формæтæй, хахуыртæй, æфхæрæн ныхæстæй.

Ныфс мæ ис, нæ паддзахады Президенты бынатмæ цæугæйæ, дæ уæлахиз кæй уыдзæн ирд стимул, монгол-тæтæры ныппырхæй цал-дæр æнусы фæстæ чи сæндидзыдта (нырма йæ хуссар хайы!), уыцы Аланийы дарддæры цардфидаргæнæн, фæд-фæдылон æмæ прогрессивон рæзтæн.

Наполеон дзырдта, зæгъгæ, паддзахады рæзт æмæ æрхауд кæнгæ сты йæ разамонджыты ныфсхастдзинад æмæ зондæй. Дæуæн дзы иу дæр æмæ иннæ дæр фаг кæны, фæлæ… æнæрымысгæ нæй Отто фон Бисмаркы ныхæстæ дæр, зæгъгæ, «æвзæр закъæттæ æмæ хорз чиновниктимæ æнцонæй гæнæн ис бæстæйæн разамынд кæнын, фæлæ чиновниктæ æвзæр куы уой, уæд иууыл хуыздæр закъæттæ дæр ницы баххуыс кæндзысты». Ныфс мæ ис, дæ алыварс хорз командæ кæй æрбамбырд кæндзынæ.

Зын саргъгæнæн у нæ паддзахадæн йæ историон ном Алани раздахыны фæдыл цы референдум ауагътам, уымæн. Уый, этно-геополитикон æмæ историон æгъдауæй, нæ адæмæн у нысаниуæгджын цау, кæцымæ æнхъæлмæ кастысты XIII æнусæй фæстæмæ.

Ныфс мæ ис, не ‘взæрмæбæлджытæ кæй койæ сызнæт вæййынц, уыцы Хуссар Аланийæн дæ комкоммæ разамынд фадат кæй ратдзæнис Стыр Уæрæсейы скондмæ йæ бацыды фарст аскъуыддзаг кæнынæн, куыд паддзахадон иуæг, афтæ, фæстагмæ йæ Цæгат Аланимæ, ныры Республикæ Хуссар Ирыстон-Аланимæ – Уæрæсейы Федерацийы субъектмæ баиу кæнгæйæ.

Уырны мæ, æппæт дæр кæй сараздзыстæм, цæмæй нæ уыцы бæллиц сæххæст уа.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, æппæт æрæвæргæ хæстæ æмæ фарстытæ аскъуыддзаг кæнын нæ адæмы, нæ паддзахады хæрзиуæгæн.

Æнтыстытæ æфтæт дæ къухты æмæ дæ номæй та дæ командæ æмæ æвварсхæцджыты къухты, кæцытæ сæхи хорз равдыстой æвзæрстыты агъоммæ кампанийы рæстæ-джы æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, дарддæр дæр хæцдзысты де ‘вварс æппæт нæ адæмимæ, кæцы дыл баууæндыд йæ хъысмæт æмæ йæ ныфс ис, бæстæйы кæй акæндзынæ раст фæндагыл.

Фæдзæхст у сыгъзæрин Уастырджи, Реком, Таранджелос æмæ Мыкалгабырæй!

Де ‘мбæлццон уæт æппæтылхæссæг Фарн!

Цытимæ,

ГАГЛОЙТЫ Роберт,

Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн

институты директор, РХИ-йы зонæдты сгуыхт архайæг,

Дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты уæлдæр совет»-ы Хуссар

Ирыстоны хайады сæрдар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.