Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæ къух æрфыста бардзырдыл сæвзæрст президент Бибылты Анатолийы инаугураци 21 апрелы ауадзыны тыххæй, раздæр нысангонд куыд уыд – 22 апрелы, афтæ нæ фæлæ. Уый тыххæй фехъусын кодта бæстæйы сæргълæууæджы пресс-нымæрдар Гана Яновская.

Бибылты Анатолийæн йæхи ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй хæлд не ‘рцæудзысты æмгъуыдтæ, æмæ цытджын мадзал нæ байсдзæн улæфтбоны дæр.

«Майрæмбон бирæ хæрзвадатдæр у паддзахадон мадзæлттæ уадзынæн Хуссар Ирыстоны цæрджытæн дæр, стæй инаугурацимæ æрхуынд адæмæн дæр», – бæлвырдæй загъта Бибылты Анатоли.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ церемони уагъд кæй цæудзæн Цхинвалы, горæты стадионы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.