Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры бæстыхайы 24 майы уагъд æрцыд ахсджиаг политикон цау – ног æвзæрст президенты инаугурацийы цытджын церемони. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нымæцмæ гæсгæ нæ æвзонг паддзахадæн ацы ахсджиаг цау у æхсæзæм.

Инаугурацийы хайад райсынмæ нæ республикæмæ уыцы бон æрцыдысты бирæнымæц бæрзонд уазджытæ Уæрæсейы Федерацийæ, Цæгат Кавказы республикæтæй, Абхаз, Дагестан, Приднестроваг Молдаваг Республикæйæ, Хæххон Хъарабах, Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй æмæ Никарагуайæ.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны фыццаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм президенттæ – Цыбырты Людвиг, Тыбылты Леонид æмæ Бибылты Анатоли.

Бæстæйы раздæры Президент Бибылты Анатоли æмæ ног сæвзæрст Президент Гаглойты Алан кæрæдзи фæдыл театры бæстыхаймæ æрбацыдысты сырх гауызыл. Бæрзонд мадзалы хайадисджытæ дæргъвæтин къухæмдзæгъдимæ сæмбæлдысты ног сæвзæрст президентыл.

Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сæрдар Гæджиты Эмилия цытджын трибунæйæ фехъусын кодта – 8 майы сæрибар æмæ демократон президентон æвзæрстыты рæстæджы бæстæйы æвзарджытæ райстой бæрнон уынаффæ æмæ се ‘ууæнк бафтыдтой Гаглойты Аланыл.

Бæстæйы Паддзахадон гимны зæлтæ азæлыны фæстæ Гаглойты Алан Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцимæ гæсгæ ард бахордта адæмы раз – Президенты æххæстбартæ æххæстгæнгæйæ адæймаг æмæ æмбæстаджы бартæ æмæ сæрибардзинадæн аргъ кæй кæндзæн æмæ кæй хъахъхъæндзæн. Кæй æххæст кæндзæн æмæ хъахъхъæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци, йæ суверенитет, хæдбардзинад, æдасдзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад. Æнувыдæй лæггад кæндзæн йæ адæмы сæрвæлтау бæстæйæн.

Хуссар Ирыстон  Паддзахад-Аланийы Президент Гаглойты Алан цытджын мадзалы рæстæджы йæ раныхасы банысан кодта, Уæрæсейы Федерацийы æппæтварсон æххуысы руаджы Хуссар Ирыстонæн кæй ис æппæт уавæртæ дæр райрæзынæн.

«Ныртæккæ æппæт дунейы сæвзæрд карз геополитикон уавæр, уый у хæрзиуæгон æмæ фыдбылызы тыхты ныхмæлæуд. Мах нымайæм афтæ, æмæ нæ стратегион партнер – Уæрæсейы Федераци ныртæккæ цы къахдзæфтæ аразы, уый ахъазгæнæг у националон æдасдзинадæн, кæцы æрхъула кодта «уæрæсейаг дунейы» цы бæстæтæ ис, уыдоныл. Абон дæр æмæ кæдфæндыдæр Хуссар Ирыстон æнувыд уыдзæн йæ æмцæдисон. Мах никуы ферох кæндзыстæм Хуссар Ирыстон æмæ йе мбæстæгтæн иууыл уæззаудæр рæстæджы  куынæг кæнынæй кæй фервæзын кодта Стыр Уæрæсе», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Уæрæсеимæ интеграци æмæ цæдисон ахастытæ – уыдон махæн сты иууыл ахс-джиагдæр.

«Нæ куысты рæстæджы иууыл сæйрагдæр здæхтыл нымайдзыстæм нæ цæгаттаг æфсымæртимæ æнгомдæр ахастытæ райтынг кæнын. Афтæ ма дарддæр фæуæрæхдæр кæндзыстæм нæ ахастытæ æппæт хæларадон бæстæтимæ, кæцыты минæвæрттæ ныртæккæ хайад исынц ацы цытджын мадзалы.

Президенты бынаты кусгæйæ æз мæхимæ исын егъау хæс нæ республикæйы алкæцы æмбæстаджы тыххæй дæр æмæ мæ ныфс ис, æмæ нæ иумиаг куыстæн кæй уыдзæн хорз фæстиуджытæ. Нæ республикæйы рæзт æмæ размæцыды тыххæй архайдзынæн æппæт мæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан.

«Хуссар Ирыстоны адæм 8 майы сæ конституцион бартæй спайдагæнгæйæ сæвзæрстой бæстæйæн ног сæргълæууæджы. Ацы æвзæрстыты фæстиуджытæ дзурæг сты æмбæстæгты бæрзонд æууæнкдзинад кæй бафтыдтой æвзонг Президентыл. Уый у стыр æмæ кадджын бæрндзинад æмæ Уæрæсеимæ сомбоны интеграцион процесстæ рæзын кæнынæн ахъазгæнæг. Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æмбæстæгтæ сты иу адæм. Уыдон цæрынц иу традицитæ, иу истори æмæ иу цардæй. Кæдфæндыдæр мах нæ зæрдыл дарæм уыцы историон хъуыддæгтæ. Уыдыстæм алы хатт дæр дыууæфарсон бастдзинæдтæ фидар кæныны фарс – Уæрæсейы Федераци та у нæ иумиаг Фыдыбæстæ. Абон уый у Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнæг, æдасдзинады сомбоны гарант æмæ æппæт уыдæттæ аразæг та сты йæ адæм», – цытджын мадзалы дзырдта йæ раныхасы Цæгат Ирыстон – Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Йæ ныхæстæм гæсгæ уый сæрыстыр у Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æнæфæцудгæ фæндонæй, кæцытæ бирæ азты дæргъы бахъахъхъæдтой бæстæйы хæдуагæвæрды бар.

Республикæ Абхазы делегацийы сæргълæууæг Бадра Гунба куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы къухдариуæгады рæстæджы дунеон æмæхсæнад æвдисæн уыдзæн хуссарирыстойнаг адæм æмæ паддзахады ног къахдзæфтæ æмæ æнтыстытæн. Мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта республикæ Абхазы президент Аслан Бжанияйы арфæйы фыстæгимæ, Гаглойты Алан Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый цытæн.

Никарагуа у æмæ кæдфæндыдæр уыдзæн Хуссар Ирыс-тонæн хæларадон бæстæ æндæр бæстæтæм абаргæйæ, кæцытæ тох кæнынц сабырад æмæ райрæзтыл, суверенитет æмæ дунейы сабырæй цæрыны иумиаг хæрзиуджытыл», – дзырдæуы Никарагуайы лидер Даниэль Ортэгайы арфæйы фыстæджы.

Мадзалы хайадисджыты фыстæгимæ базонгæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Никарагуайы минæвар, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Никарагуайы минæвар Альба Асусена Торрес Отреги и Росарио Мурио.

Хæххон Хъарабахы президент Араик Арутюняны арфæйы тел бакаст Хæххон Хъарабахы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Давид Бабаян. Уый арфæйы рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон процестæ фидар кæнын æмæ алы фадыджы райрæзт дæр æнтыстджынæй æххæст цæудзысты дарддæр дæр.

«Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы адæмы иу кæнынц æфсымæрон ахастытæ æмæ иумиаг адæмон æргъадтыл иузæрдиондзинад. Махæн дæсгай азты дæргъы бантыст æнгом æмæ фидар ахастытæ саразын, кæцытæ бындуриуæг кæнынц иумиаг æххуыс, æфсымæрон ахастытæ æмæ кæрæдзийæн кад кæнын æмæ æмбар партнердзинадыл. Ныфс мæ ис æмæ дæ къухдариуæгады бын æппæт ацы традицитæ дарддæр кæй кæндзысты», – дзырдæуы арфæйы телы.

«Мах бæттынц канд æфсымæрон æмæ партнерон ахастытæ нæ, фæлæ ноджы æнгомдæр ахастытæ. Хуссар Ирыстоны адæм иууыл фыццагдæр се ххуысы къух фæдаргъ кодтой, нæ бæстæйы, нæ зæххыл Украинæ хæстон архæйдтытæ куы райтынг кодта, уæд æмæ ныр дæр Уæрæсе Донбассы зæххыл цы сæрмагонд операци уадзы, уым», – дзырдæуы Донецкы Адæмон республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилины арфæйы телы.

Мадзалы хайадисджыты уыимæ базонгæ кодта Донецкы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Наталья Никонорова. Арфæйы телы ма дзырдæуы, зæгъгæ, ныфс сæ ис æмæ республикæйы сæргълæууæджы бынаты Гаглойты Алан профессионалон командæимæ кæй архайдзæн дыууæ бæстæйы æхсæн æмахастытæ ноджы æрбангомдæр кæныныл.

Луганскы Адæмон Республикæйы хæларадон ахастытæ дæр дарддæр кæндзысты æмæ рæздзысты дыууæ адæмы хæрзæбонæн, уыцы ныфсы ныхæстæ дзырдæуы ацы бæстæйы сæргълæууæджы арфæйы телы.

«8 азы размæ Донбассы цæрджытæ иууыл уæззаудæр рæстæджытæ куы æрвыстой, уæд Хуссар Ирыстон банымадта нæ Паддзахадон хæдбардзинад. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ 2008 азы сæхæдæг бавзæрстой æфхæрд знаджы тыхты ‘рдыгæй. Æмæ абон, куыд аст азы размæ, афтæ ныр дæр нæ фарсмæ лæууы, фæдаргъ нæм кæны йæ æххуысы къух – Луганскы республикæ знагæй йæ территори куы сæрибар кæны, уæд».

Арфæйы тел бакаст Луганскы Адæмон Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Владислав Дейнего.

Хъæрæсе-Черкессийы Республикæйы сæргълæууæг Рашид Темрезовы номыл æмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы президент Вадим Красносельскийы арфæйы фыстæджытæ бакастысты Джанибек Суюнов æмæ Леонид Манаков, Республикæ Дагестаны бæстæйы сæргълæууæг Сергей Меликовы номæй та – хицауады сæрдары хæдивæг Рамазан Джафаров.

Цытджын мадзалы хайадисджыты ма базонгæ кодтой Президент Гаглойты Аланы номыл цы арфæйы телтæ æрцыд уыцы бон, уыдонимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты инаугурацийы цытæн ма Театралон фæзуаты уагъд æрцыд чысыл парад Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караулы службæгæнджыты скондæй. Парад иста бæстæйы ног сæвзæрст Президент Гаглойты Алан.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

 

***

УФ Президенты Фæсарæйнаг бæстæтимæ æхсæнрегионалон æмæ культурон бастдзинæдты фæдыл управленийы сæргълæууæг Игорь Масловы раныхас РХИ-йы Президенты инаугурацийы

Цытджын Алан Эдуарды фырт!

Уæрæсейаг делегацийы номæй дын арфæ кæнæм Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыдтæ æмæ дын нæ цæст уарзы æнтыстытæ ахæм бæрнджын бынаты.

2022 азы 10 майы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йæ арфæйы телы Гаглойты Алан Эдурады фыртæн ныфс бавæрдта, ахæм бæрзонд бынаты  æвзæрстæрцæуæг Президент кæй ахъаз кæндзæн нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр фидар кæнынæн, кæцытæ бындуриуæг кæнынц æмцæдисад æмæ стратегион партнердзинадыл. Уæрæсе йæхирдыгæй фарс дарддæр дæр æххуыс кæндзæн йæ хуссарирыстойнаг хæлæрттæн социалон-экономикон рæзты актуалон фарстытæ скъуыддзаг кæныны, афтæ ма национ æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы.

Аивгъуыйгæ президентон æвзæрстытæ бафидар кодтой, республикæ æнтыстджынæй кæй рæзы паддзахадон арæзтад æмæ æмбæстагон æхсæнад рæзын кæныны фæндагыл цæугæйæ. Уæрæсейы кад кæнынц хуссарирыстойнаг адæмы демократон æвзæрстæн æмæ йæ ныфс ис нæ бæстæты ‘хсæн бирæпланон æмгуыстад дарддæр хуыздæр кæнынæй.

Нырыккон демократон паддзахады хуызы Хуссар Ирыстоны æндидзынад, фидар æдасдзинад сифтонг кæнынæн æххуыс, социалон-экономиокон æндидзынад сты Уæрæсейы Федерацийы æддагполитикон курсы ахсджиаг сконд, кæцыйы нæй конъюнктурон дывæнддзинæдтæ ныры зын геополитикон реалиты уавæрты.

Уæрæсейы æххуысы фæрцы абон Хуссар Ирыстоны æнтыстджынæй реализаци цæуынц масштабон инфраструктурон проекттæ, ифтонг цæуынц республикæйы цæрæг æмбæстæгты цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын, уыдоны дарддæры интеграци уæрæсейаг социалон-экономикон æмæ культурон-гуманитарон тыгъдады. Уынæм республикæйы фидар рæзты бындур, афтæ ма Фæскавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн æххуыс кæнын.

Ныфс нæ ис, дæ къухдариуæгадæй, цытджын Алан Эдуарды фырт, Республикæ Хуссар Ирыстон кæй адарддæр кæндзæн хорзсыхагон ахастыты рæзт Уæрæсейы Федерациимæ, афтæ ма кæй сфидар кæндзæн сæвзæргæ æнтыстджын æмархайд не ‘фсымæрон адæмы фæрныгады интерестæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.